Тынг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой хуссарирыстойнаг спортсментæ ленк кæнынæй Казаны уагъдцæуæг æппæтуæрæсейон ерыстæ «Mad Wave Classic»-ы. Тренер Евгения Терлеевайы хъомылгæнинæгтæн бантыст 10 майданы рамбулын.
Турниры хайад райстой 527 спортсмены. Уыдон уыдысты Уæрæсейы 28 регионæй. Афтæ ма Хуссар Ирыстон, Монголи æмæ Катарæй.
2010-2011 азты гуырд чызджыты ‘хсæн 5 сыгъзæрин майдан рамбылдта Уалыты Даянæ. Уый фыццаг бынæттæ бацахста баттерфляйæ 50, 100 æмæ 200 метры, афтæ ма фæсонтыл ленк кæнынæй 100 æмæ 200 метры дистнацитæм.
Хорз йæхи равдыста Тасойты Арсен дæр. Уый та ерыс кодта 2008-09 азты гуырд спортсменты ‘хсæн. Дыккаг бынæттæ бацахста уæгъдибар стилæй 100, афтæ ма баттерфляйæ 50 æмæ 100 метры дистанцитæм. Уæгъдибар стилæй 200 метры дистанцимæ та ссис æртыккаг.
Хуссар Ирыстоны командæйы 10-æм майданы хицау та у Тыджыты Дианæ. Уый та фæсонтыл ленк кæнынæй 100 метры дистанцийы финишмæ æрбацыд æртыккаг.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ
Бакуйы уагъд æрцыд фæсивæды ‘хсæн Азербайджаны чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Тыджыты Сослан æмæ Чертхъоты Руслан. Сослан финалы фæуæлахиз Магомед-Тагир Ханиевыл. Руслан та сæйраг тохы тыхджындæр разынд Заур Умалатовæй.

БОКС
Боксæй профессионалон рингыл 12-æм уæлахиз йæ къухты бафтыд Дудиаты Фатимæйæн. Ныр та уый Майамийы боксы изæр «Boxing in the 305»-ы рамбылдта Америкæйы Ног Орлеанайы минæвар Индэй Смиты. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Фатимæ йæ тохы боны кæй нысан кодта йæ райгуырæн бон. Сæххæст ыл 28 азы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.