Ивгъуыд къуыри Ленингоры поселокмæ цы сæйраг доны хæтæл цыд, уым æрцыд авари. Уый тыххæй фехъусын кодта Ленингоры районы администрацийы пресс-службæ. Районмæ дон цыд къуылымпытæй æмæ адæм тыхстысты.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æрæвнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй 2012 азæй фæстæмæ доны цъай æмæ дренажон системæ сыгъдæг никуы æрцыдысты, байдзаг сты бæласы сыфтæртæ æмæ хъуынайæ. Ныр цъаймæ æнæкъуылымпыйæ дон цæуын райдыдта æмæ цæрджытæ сулæфыдысты.

Коммуналон хæдзарады кусджытæ ма ивгъуыд къуыри куыстой Дзуглæууæнæй уæллаг Раздæхæнмæ доны хæтæл раивыныл. Суары доны хæтæл ивд æрцыд 800 метры бæрц. Раздæхæны хъæуы дæллаг фарсмæ арæзт цы доны цъай ис, уымæн та басыгъд йæ дон æнцъирæн. Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Иларионы оперативон куысты фæстиуæгæн æвæрд æрцыд ног донæнцъирæн æмæ ныр Раздæхæны хъæу æмткæй ифтонг æрцыд донæй.