Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæ план кæнынц ахуырады фадыджы бадзырдыл къухтæ æрфыссын.

Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлды фæстæ РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Уый бансын кодта, зæгъгæ, ахуырады фадыджы æмгуыстад кæныны тыххæй Меморандумы къухты фыст æрцыд раздæр, æмæ ныр рæстæг æрцыд, цæмæй æххæстæй бадзырдыл æрфыссæм нæ къухтæ.

«Мах цымыдис кæны, цæмæй нæ сывæллæттæ Донецкы исой уæлдæр ахуырад. Ам ис тынг хорз базæ медицинон ахуырад райсынæн – куыд уæлдæр ахуырад, афтæ иннæ къæпхæнтæ – ординатурæ æмæ интернатурæйæн дæр. Æмæ ахсджиаг нысаниуæг ис, цæмæй Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон банымайой кæрæдзийы уæлдæр ахуырады дипломтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыдис æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ экономикæйы фадыджы æмгуысткæнынады дарддæры фæндæгтыл.

Журналистты фарстатæн дзуапп кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта Донецкы Адæмон Республикæйы рæзты зынгæ динамикæ.

«Æз 2014 азæй фæстæмæ Донецкмæ æрцæуын Республикæйы бон. Мæ бон у зæгъын, æрвылбонон æхстытæ кæй нæ хъыгдарынц, цæмæй республикæйы сабыр цард бæстон уа. Донецкы цæрджытæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Уый ууыл дзурæг у æмæ сæ сомбоныл кæй æууæндынц», – загъта Президент.

Фембæлды фæстæ Бибылты Анатоли æмæ Александр Захарченко украинаг агрессийы рæстæджы Донбассы сабыр цæрджытæй чи фæмард, уыдоны цыртыл сæвæрдтой ирон тырысайы хуызтæй конд венок.

Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Донецкы ис Республикæйы бон нысан кæныны сæраппонд.

Делегацийы сконды сты РХИ-йы Парламенты Æддагон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь, депутат Плиты Александр, РХИ-йы Президенты уынаффæгæнæг Гæззаты Давид.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.