Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны республикæты сæргълæуджытæ  фæуазæг сты Уæрæсейы Стыр театры гала-концертмæ, кæцы уагъд цыд цытджын балетмейстер-репетитор, Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстон – Аланийы адæмон артисткæ Адырхаты Светланæйы юбилейы  цытæн.

Стыр театры артисттæ сæ балетмейстеры цытæн равдыстой стыр концертон программæ.

Бибылты Анатоли æмæ Битарты Вячеслав, сценæмæ рахизгæйæ, раарфæ кодтой зындгонд балеринæйæн йæ юбилейы цытæн, загътой йын ног сфæлдыстадон бæрзæндтæм схизыны фæндиæгтæ. Хуссар Ирыстоны Президент Адырхаты Светланæйы схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй кафты аивады фадыджы йе стыр сгуыхтдзинæдты  æмæ адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæ фидар кæныны тыххæй.

Адырхаты Светланæ райгуырд 1938 азы 12 майы Цæгат Ирыстоны Хуымæллæджы хъæуы.

1955 азы каст фæцис Ленинграды хореографион  ахуыргæнæндон (А. Я. Вагановы номыл Уырыссаг балеты академи), цыран ахуыр кодта Варвара Меймæ æмæ Елена Ширипинамæ.

1955-1958 азты кафыд М. И. Глинкайы номыл оперæ æмæ балеты Челябинскы паддзахадон академион театры, цыран ын дебют уыд Одетта-Одиллийы (П. Чайковскийы «Лебединое озеро») партийæ, 1958-1960 азты та кафыд Оперæ æмæ балеты Одессæйы паддзахадон академион театры.

1960 азы тынг аив куы акафыд Мæскуыйы Цæгат Ирыстоны литературæ æмæ аивады декадæйы фæлгæтты, уæд æй фæхуыдтой Стыр театрмæ Одетта-Одиллийы парти сæх-хæст кæнынмæ.

1960 азæй 1988 азмæ уыд Стыр театры балетон труппæйы  солисткæ. Æххæст кодта сæйраг репертуар. Иууыл хуыздæр ын уадысты скæсæйнаг «колоритимæ» ролтæ, кæцытæ домдтой дырыс æххæст кæнынад.

1964 азы æххæст кодта Фея Дражейы парти (П. Чайковскийы «Щелкунчик», В. Вайнеры хореографи) Фестивалон балеты труппæйы спектаклты (Лондон). Гастролты уыд Япон, Итали, Англи æмæ Францийы, Египет æмæ Венгрийы, Кубæ æмæ Австрийы, Индийы, Бирмæ æмæ Югославийы, Мексикæ æмæ Румыны, Турк æмæ Сирийы, Хуссар Америкæ æмæ Африкæйы паддзахадты. 1980 азы каст фæцис А. В. Луначарскийы номыл Театралон аивады паддзахадон институты балетмейстерон хайад, цыран 1978-1981 азты уроктæ лæвæрдта классикон кафты методикæйæ.

1991-1996 азты  Адырхаты Светланæ уыд Балеты театры аивадон къухдариуæггæнæг.

2001 азæй у Стыр театры балетмейстер-репетитор.

2013 азæй – Стыр театры балетон труппæйы аивадон советы уæнг.

Адырхаты Светланæ у УСФСР, ССР Цæдисы, РХИ, æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ, хорзæхджын у Хуссар Ирыстоны Кады орденæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.