8 январы Бибылты Анатоли æмæ хицауады бæрнон кусджытæ фæуазæг сты Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы къордмæ, цыран уагъд æрцыд цытджын церемони автомашинæтæ «Тигр»-тæ сын раттыны тыххæй. Милицийы сæрмагонд дæлхайæн лæвæрд æрцыдысты дыууæ згъæрварс специалон автомашинæйы, кæцытæ сты Уæрæсейы Федерацийы уагъд æмæ ныры дуджы æнæмæнгхъæуæг сты æфсæддонтæн сæ разылæууæг алыгъуызон хæстæ æххæст кæнынæн. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй ацы техникæйы фæрцы Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы къорды кусджытæн сæ службæйон хæстæ æххæст кæнын бæрæг фенцондæр уыдзæнис.

«Фæстаг азты техникон ифтонггæрзтæй ифтонг кæнæм æрмæст милицийы нæ, фæлæ ма иннæ тыхон структурæты дæр. Ацы паддзахадон программæ йæ тыхы ис ныр дыууæ азы дæргъы æмæ дарддæр дæр æххæст цæудзæнис. Абоны бон ОМОН-ы кусджытæ ифтонг сты æнæмæнгхъæуæг техникæйæ æмæ сæ цæттæдзинад та ис бæрзонд æмвæзадыл. Фæлæ ацы ног автомашинæтæ ноджы фæахъаз уыдзысты, уæ разылæууæг хæстæ ноджы арæхстджындæрæй æххæст кæнынæн. Сымах æппынæдзух цæсгомджынæй хъахъхъæнут æхсæнадон фæтк æмæ уæ фæрцы алы æм-бæстаг дæр хаты йæхи æдасæй, æвæрынц уæ ныфс. Алы кусæг дæр йæ функционалон хæстæ хорз куы фæзоны, уæд рæдыдтытæ дæр бæрæг фæкъаддæр вæййынц æмæ сабырдзинад хъахъхъæнын æнцондæр вæййы», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ раныхасы ма Президент æрдзырдта ОМОН-ы сырæзты историйыл дæр æмæ сын федта сæ кусты уавæртæ дæр.

«Сымах дарддæр кæнут ОМОН-ы бындурæвæрджыты традицитæ. Къорды фыццаг командир Гæззаты Вадимæй райдайгæйæ тох кæнут фыдгæнджытимæ,нæ республикæйы территорийыл хъахъхъæнут сабырдзинад æмæ никæй уадзут фæтк халын. Алчи дæр æй зоны, милицийы кусæгæн закъоны сæрты ахизæн кæй нæй æмæ тыхст рæстæджы куы нæ зонай, дарддæр цы саразын хъæуы, уый, уæд æй хъуамæ саразай закъонмæ гæсгæ, закъоны фæлгæтты æмæ уæд нæ фæрæдидзынæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб дæр йæхирдыгæй бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы къухдариуæгадæн ахæм хъусдарды тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ милицийы кусджытæ æппæт техникон фæрæзтæй дæр пайда кæндзысты фыдгæнджыты ныхмæ, нæ республикæйы адæмы сабырад бахъахъхъæныны тыххæй.

Цытджын церемонийы рæстæджы Президент машинæты дæгъæлтæ радта сæ шофыртæн æмæ стæй басгæрста ног техникæйы. Æрæмбырд-уæвджытæн æрдзырдтой машинæты миниуджыты тыххæй, цавæр хотыхтæ йыл ис конд æмæ куыд цæттæ у, сæрмагонд операциты дзы куы æрхъавой спайда кæнынмæ, уæд. Ацы хуызы машинæйы ис 10 адæймаджы бынат æмæ уæз та ласы иу тоннæйæ фылдæр. Йе згъæр уромы автомат æмæ винтовкæйы нæмгуытæ æмæ ма бахъуыды рæстæджы минæтæн дæр фæразы. 

Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы Къорды кусджытæ уазджытæн равдыстой сæ арæхстдзинад – фенын сын кодтой, ног техникæимæ ныридæгæн кæй зонынц архайын арæхстджынæй æмæ йын кæй базонгæ сты йе ууæлтимæ. Кæд æмæ ахæм техникæйы хуызтæ нæ тыхон структурæтæм абоны онг никуыма уыдис, уæддæр ацы равдыстæй къорды кусджытæ банысан кодтой, кæй сты цæттæ «Тигр»-тæй нысанмæздæхтæй пайда кæнынмæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.