Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзтыл сæххæст 25 азы

Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзтыл сæххæст 25 азы. Ацы юбилейон бон цытджын уавæры нысан æрцыд киноконцертон зал «Чермен»-ы. Мадзалмæ арфæ кæнынмæ æрбацыдысты бæстæйы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Хицауад æмæ Парламенты минæвæрттæ, милицийы къорды ветерантæ.

Цытджын уавæры къорды уæнгтæ сценæмæ бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса æмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды Хæстон тырыса. Милицийы къордæн Хæстон тырыса лæвæрд æрцыд Президенты Барамындмæ гæсгæ, Фыдыбæстæйы раз стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæгæнджытæн сæ юбилейы цытæн раарфæ кодта Мидхъуыддæгты министр инæлар-майор Лæууойты Æхсар. Банысан кодта, зæгъгæ, Мидхъуыддæгты министрады дæлхæйттæй ацы къорд у иууыл раззагондæр, кæцы арæзт æрцыд гуырдзиаг-ирон ныхмæлæууынады рæстæджы.

«Милицийы къорд рацыд уæззау фæлварæнты сæрты, хæстон хæццæ рæстæджы æддагон знагимæ æмæ химид фыдракæдтимæ тох кæнын куы хъуыд, уæд. Уыцы азты ацы къорд уыд иунæг организацигонд æфсæддон иуæг, кæцы уæд йæхимæ райста, горæт æмæ районты барвæтк ифтонг кæныны уæззау уаргъ.

Блокадон горæтмæ адæмæн цардуагон уæзтæ ласынæн æххуыс кодтой сæ цардæн тæссаг уавæрты», — дзырдта министр.

Банысан кодта, æвзонг æмæ чысылнымæц къордæй, афтидармæй кæй райдыдтой сæ куыст. Афтæмæй сæ, зæгъгæ, æрæмбырд кодта фæлтæрдджын хистæр, йæ аразæг, абон кæй ном хæссы, уый — дзæнæттаг Гæззаты Вадим.

Дарддæр хъусдард аздæхта къорды уæды материалон-техникон базæмæ, зæгъгæ, кæд сын уый æппындæр нæ уыд, уæддæр сын Фыдыбæстæмæ уарзондзинад алы ныхдурты сæрты хизыны ныфс лæвæрдта æмæ лæгæрстой размæ. Бæстæйыл иузæрдиондзинад æмæ принципиалондзинадæй сбæлвырд кодтой, хорз фидæны тыххæй æппæт зындзинæдтæ дæр кæй сфæраздзысты.

Лæууойты Æхсар банысан кодта, къорды хæстонтæй бирæтæ куыд гуырдзиаг фашизмимæ тохы, афтæ мидæггаг знагимæ дæр, бæстæйы сабырад æмæ æнцойады сæрыл басгуыхтысты, сæ цард нывондæн æрхæсгæйæ. Уыдоны нымæцы сты Гæззаты Вадим, Сиукъаты Таймураз, Санахъоты Гришик, Гæбæраты Станислав, Дзабиты Геннади, Гуыбаты Зураб, Зæгъойты Анатоли, Тедеты Таймураз, Михайленко Александр æмæ æндæртæ. Сæ нæмттæ, зæгъгæ, нæ мысынады баззайдзысты æцæг патриоттæй, хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинады цæвиттонтæй. Бæстæйы сæрибардзинад, закъоны уæлиондзинад æмæ барвæткы тыххæй ацы къорды кусджытæй бирæтæ сæхи æрхастой нывондæн, бирæтæ та цæрæнбонтæм баззадысты сахъатджынтæй.

Ныхасгæнæг ма дзырдта, 2008 азы августы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы цаутыл дæр, зæгъгæ, фæразондзинад æмæ æхсардзинады дæнцæг равдыстой милицийы къорды кусджытæ.

«Се ’взонг цардыл æнауæрдгæйæ, уыдон слæууыдысты агрессоры ныхмæ. Уыцы æнæмсæр знагимæ тохы фæмард сты Дзæххойты Валери, Быценты Гайоз, Къæбысты Алан, Мæлдзыгаты Сослан, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан. Уыдонæн сæ нæмттæ уыдзысты æнусон», — загъта Лæууойты Æхсар.

Ныртæккæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны фæлтæрд кусджытимæ иумæ службæ кæнынц æвзонг хæстонтæ æмæ кад кæнынц, ацы дæлхай йæ сæвзæрдæй фæстæмæ цы кадджын традицитæ хæссы, уыдонæн. Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы милицийы къорд сæ фæндвидар архайдæй хъайтардзинад æмæ æхсардзинад кæй æвдыстой, уый тыххæй хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй.

Мидхъуыддæгты министр куыд дзырдта, уымæ гæсгæ паддзахадон уæлдæр хорзæх — орден «Уацамонгæ»-йæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæй хорзæхджын æрцыдысты 14, хъыгагæн, æхсæзæй — сæ амæлæты фæстæ.

Министрады ацы дæлхаймæ республикæйы къухдариуæгады ’рдыгæй ис лæмбынæг хъусдард, æппынæдзух ис сæ фарсмæ æмæ сын æххуыс кæны. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæрæг кæй фæхуыздæр йæ материалон-техникон ифтонгад дæр.

Йæ раныхасы кæрон ма Лæууойты Æхсар куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ милицийы къорд у хæстхъом æмæ дисциплинæджын дæлхæйттæй сæ иу, æххæст кæны йæ æвæджиаг хæстæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæнын æмæ æхсæнадон æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы.

Йæ рады бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид стыр бузныг загъта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæн сæ службæйы тыххæй.

«Æз ноджы æмæ ноджыдæр бузныг зæгъын сымахæн уæ æгæрон куысты тыххæй, кæцыимæ зонгæ дæн фыццаг бонтæй фæстæмæ. Ацы 25 азы дæргъы сымах æрмæстдæр хъуыды кодтат ууыл, цæмæй бахъахъхъæнат иууыл сæйрагдæр — нæ паддзахады æууæлтæ. Æмæ уыцы æвæджиаг хæстæ намысджынæй æххæст кæнут сымах. Уыцы хæстыл уымæн дзурын, æмæ махæй алчидæр хæсджын у нæ республикæ фидар кæнын, рæзын æмæ 90-æм уæззау азтæй фæстæмæ цы нысæнттæ сæвæрдтам, уыдон бахъахъхъæнын», — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордæн, зæгъгæ, нæ ног историйы ис сæрмагонд бынат. Уыцы истори нæ ферох кæндзæн уыцы лæппуты, кæцытæ уыдысты къорды сконды æмæ не ’хсæн нал сты. Тыбылты Леонид бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй сын, къахыл лæугæйæ, ссарой сæ рухс нæмттæ.

Дарддæр йæ раныхасы Тыбылты Леонид мадзалы хайадисджытæн радзырдта, æввахс рæстæджы кæй æрæвнæлдæуыдзæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ’хсæн сæйраг Бадзырд реализаци кæнынмæ.

«Мидхъуыддæгты министрады материалон-техникон базæ фæхуыздæр кæнын, этапгай кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын æмæ æндæр здæхтыты фæдыл уæлæмхас сразыдзинадыл куыст цæуы. Æнхъæлмæ кæсæм æмбæлон сигналмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Мæскуыйы ацы уæлæмхас сразыдзинадыл къух бафыссынмæ ацæуа. Уымæй ацы аз бæрæг хъуамæ фæхуыздæр уа материалон-техникон базæ æгас министрадæн», — банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Тыбылты Леонид ма куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ хицауад райста ахæм уынаффæ, цæмæй 2004 азæй 2008 азмæ нæ хъахъхъæнджыты иу азы службæ нымад æрцæуа æртæ азыл.

Бæстæйы сæргълæууæг йæ ныхасы кæрон арфæйы ныхæстæ дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, уыцы уæззау азты сымах сæвæрдтат бындур нæ бæстæйы бахъахъхъæнынæн.

Бæрæгбоны цытæн Президент Тыбылты Леониды Барамындмæ гæсгæ Цытджын ном Сгуыхт кусæг, майдантæ, Цытджын грамотæтæ, Арфæйы фыстæджытæ æмæ радон æфсæддон нæмттæ райстой бирæтæ бæстæйы сæргълæууæджы къухтæй.

Уый фæстæ Тыбылты Леонид азылд залыбадæг æнкъард ныййарджытыл. Уыдон Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл фесæфтой сæ зынаргъ хъæбулты, фæлæ сын уæддæр, æвæццæгæн, зынаргъ у ацы бæрæгбон. Кæд уæззау у, сæ хъæбултæ абон сæ хорз æмгæртты фарсмæ кæй нал сты, уæддæр æрбацыдысты арфæ кæнынмæ. Тыбылты Леонид сын бузныг загъта, ахæм хъæбатыр лæппуты кæй схъомыл кодтой.

Уыдоны номæй арфæ кæнынмæ сценæмæ рахызт дзæнæттаг, хъайтар Михайленко Александры мад Остъаты Хадизæт.

Нæ хъæбултæ, зæгъгæ, æвдыстой ныфсхастдзинад нæ бæстæйæн уæззау рæстæджыты æцæг патриоттау хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ. Бахатыд, цæмæй сæ зæрдыл дарой уыдоны сгуыхтдзинæдтæ.

«Ирон адæм æууæнкджын æмæ хæлар адæм сты. Уадз, æмæ æууæнкдзинад æмæ нæ фыдæлты фарн немæ уæд кæддæриддæр. Уарзут кæрæдзи, кæрæдзийыл уæлæхох макуы ут, уымæн æмæ уарзондзинад уæлиау кæны алы адæймаджы дæр», — дзырдта Хадизæт.

Цытджын мадзал адарддæр бæрæгбонон концертон программæйæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.