18-æм ноябры Гуырдзыстоны райдыдтой бирæнацион ахуыртæ Maple Arch 2021. Ахуырты хайад исынц Гуырдзыстон, Турк, Канадæ, Литвæ, Украинæ æмæ Польшæйы æфсæддон службæгæнджытæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ахуыртæ кæй сорганизаци кодта Канадæйы хъахъхъæнынады министрад. Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ сæ бæстæйы фыццаг хатт уагъд цæуынц ахæм æфсæддон ахуыртæ. «Ахуырты нысан у бæстæтæ-хайадисджыты ‘хсæн æфсæддон оперативондзинад фæбæрзонддæр кæнын, бæстæтæ-партнерты ‘хсæн хъахъхъæнынадон бастдзинæдтæ сфидардæр кæнын, сабырдзинад бахъахъхъæныны фæдыл операцитæ план кæныны æмæ уадзыны рæстæджы  сæ НАТО-йы стандарттæм æрбаввахсдæр кæнын, афтæ ма фæлтæрддзинад рæзын кæныны æнæмæнгхъæуæг эффективон архайдтытæ æмæ уынаффæтæ исыны тыххæй», – дзырдæуы хъахъхъæнынады ведомствойы хъусынгæнинаджы. Уый та нысан кæны афтæ, æмæ НАТО-йы кæцыфæнды бæстæйæн дæр йæ бон у Гуырдзыстоны территорийыл цахæмфæнды ахуыртæ дæр сорганизаци кæнын æмæ уадзын æмæ афтæмæй Гуырдзыстоны формалон хицауады бахъæудзæн ныгуылæн колонизаторты цыфæнды капризимæ сразы уæвын дæр. Ацы ахуыртæ байгом кæныны церемони цалдæр боны размæ уагъд æрцыд бæстæйы столицæ Тби-лисмæ æввахс НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуырадон-аргъгæнæн центры полигоны. Гуырдзыстоны генералон штабы хистæры хæдивæг Иракли Чичинадзе церемонийы ныхас кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, ацы ахуыртæ ноджы тынгдæр сфидар кæндзысты бæстæтæ-хайадисджыты ‘хсæн æфсæддон æмгуыстад. Куыд уынæм, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны номхуындæй  кæнынц НАТО-йы æфсæддон инфраструктурæмæ формалон уæнгæй йæ нæ райстой, афтæмæй. Уый та фадат дæт-ты АИШ-æн, европæйаг «партнертæн» дзуапп ма радтынæн, кæцыты нæ фæнды Альянсы уынын, ахæм æнæстабилон партнеры, куыд Гуырдзыстон.

Æфсæддон ахуыртæ уагъд цæудзысты дыууæ къуырийы дæргъы. Ацы æфсæддон ахуыртæ уагъд фæцæуынц æрвылаз дæр алы æмæ алы бæстæты. Гуырдзыстон ахуырты хайад исы 2018 азæй фæстæмæ. Гуырдзыстон Уæрæсейæ фылдæр лæггæдтæ зоны, фæлæ йыл критикон рæстæджы гадзрахатæй рацыд æмæ йын йе знæгты æвварс рахæцыд. Уæдæ афтæмæй НАТО-йы Гуырдзыстоныл æууæндынц? Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.