10 сентябрæй 16-æм сентябры онг Уæрæсе æмæ Белоруси  полигонты уагътой иумиаг æфсæддон ахуыртæ «Запад-2021». Ахуырты рæстæджы фыццаг хатт æвдыст æрцыдысты развæдсгарæн роботтæ «Уран-9» æмæ «Нерехта»,  хæстон машинæ Б-19 хæстон модул «Эпоха»-имæ æмæ æндæр хæстон техникæ. Уымæй дарддæр ма Ульяновскаг десантонтæ сфæлвæрдтой ног рог машинæтæ – багги «Сармат-2», æндæр  полигоны та спайда кодтой дистанцион роботон цæвæн комплекстæ «Платформа-М»-æй.

Хайад сæ  райстой 200 мин æфсæддонæй фылдæр, хæстон техникæйы 700 иуæджы, 80 хæдтæхæджы æмæ вертолеты. Ахуыртæ уагъд цыдысты Уæрæсейы фараст полигоны æмæ Белорусийы та – фондз полигоны.

Иуæй-иу объекттæ Евроцæдисы арæнтæм æввахс кæй сты, уый катайдзинад сæвзæрын кодта бæстæтæ-сыхæгтæм, уыцы нымæцы Украинæ æмæ Польшæмæ. Уый размæ УФ-йы Гарзджын тыхты Ге-нералон штабы хистæр инæлар-майор Виктор Гулевич зæрдыл æлæууын кодта, зæгъгæ, ахуыртæ «равдисдзысты ныгуылæйнаг бæстæтæн Белоруси æмæ Уæрæсеимæ тыхы позицийæ дзурыны æнæперспективондзинад».

Ахуыртæ «Запад» ныр уагъд цæуынц цыппæрæм хатт. «Уый у гарзджын тыхты ахсджиагдæр ахуырадон  мадзæлттæй иу, кæцы уагъд цæуы Белоруси æмæ Уæрæсейы ныхмæ Ныгуылæны дарддæры агрессийы фоныл», – фехъусын кодта Белорусийы президент Лукашенко. Уый размæ уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Белоруси план кæны иу миллиард долларæй уæрæсейаг хæцæнæгæрзтæ балхæнын, афтæ ма бадзырдтæ уадзы зенитон-ракетон комплекстæ С –  400 тыххæй дæр.

Ахуыртæ «Запад-2021» Дæллаг Новгороды областы фесты грандиозон «сæйраг этапæй» «Мулино»-йы полигоны танкæтимæ, уæлдæфон десант æмæ пиротехникæйæ УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы хайадистæй. Мулиномæ æрластой техникæимæ белорусаг мотоæхсджыты батальон 400 адæймаджы скондæй. Афтæ ма дзы хайад райстой Сомихстон, Инди, Казахстан, Хъыргъыстан æмæ Монголийы символикон контингенттæ. Узбекистан, Пакистан æмæ Шри-Ланкайы минæвæрттæ. Мулинойы уыд бирæ фыдыбæстæйон, æмæ фæсарæйнаг журналисттæ. Уыдис дзы алы æмæ алы бæстæты æфсæддон атташетæ. Фæлæ Мулиномæ нæ фæхуыдтой НАТО-йы бæстæты дипломатон корпусы минæвæртты. Æрмæстдæр хуынд æрцыдысты европæйаг «нейтралтæ» Австри, Серби, Финлянди, Швейцари æмæ Швецийæ.

Белорусийы президент Александр Лукашенко дæр базонгæ ис ахуыртимæ Брестаг полигоны.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.