Дыццæджы, нæ горæты гимназ  «Рухс»-ы ахуырдзау фæсивæдæн райдыдтой ахуыртæ, дистанцион æгъдауæй ахуыры рæстæджы цы цухдзинæдтæ уыдис, уыдон аиуварс кæныны нысанæн, ома, программæ цæмæй баххæст уа, уый тыххæй. Ацы хъуыддагыл æхсызгонæй сæмбæлдысты куыд ныййарджытæ, афтæ ахуыргæнинæгтæ дæр æмæ ныр Мæскуыйаг микрорайоны алы бон дæр фенæн вæййы сывæллæттæ æд чингуыты хызынтæ хъæлдзæгæй куыд фæцæйуайынц сæ уарзон скъоламæ, уый.

Бæрæг куыд у, афтæмæй нæ республикæйы дæр æндæр бæстæты æмрæнхъ коронавирусон инфекци ма руадзыны тыххæй уалдзæджы райдианы ист æрцыдысты сæрмагонд мадзæлттæ. Фыццаг рады æхгæд æрцыдысты ахуырадон уагдæттæ æмæ уый та нæ республикæйы æппæт ныййарджыты дæр æппæрста катайы. Уæд, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады амындмæ гæсгæ, нæ бæстæйы скъоладзаутæ рахызтысты дистанцион ахуырмæ, кæцы, куыд рабæрæг, афтæмæй уыд зынвадат.

Гимназ «Рухс»-ы директоры хæдивæг Джиоты Алан нын куыд радзырдта, афтæмæй  ацы хæрзиуæгон хъуыддаг рацыдис ахуыргæнджытæн сæхицæй.  «Мах дистанцион ахуырмæ куы рахызтыстæм, уæд фæстæдæр рабæрæг, ахæм ахуыры системæмæ алчи цæттæ кæй нæ уыд, уый. Сывæллæттæ сæ ахуыры чысыл фæстейæ аззадысты æмæ, цæмæй сраст кæнæм уыцы хъуыддаг, уый тыххæй нæ ахуыргæнджыты бафæндыд, цæмæй ахуырдзау фæсивæдæн ауадзæм, дистанцион ахуыры рæстæджы цы цухдзинæдтæ æруагътам, уыдон баххæст кæныны тыххæй уæлæмхас ахуыртæ. Ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыры программæ куы нæ баххæст кæной, уæд сын ног программæмæ рахизын уыдзæнис зын æмæ къуыхцы кæндзысты фаг зонындзинæдтæ райсыны хъуыддаджы. Ахуыргæнджытæ аскъуыддзаг кодтой, зæгъгæ, улæфты рæстæджы дыууæкъуырион ахуыртæн ссардзыстæм рæстæг æмæ ныр райдыдтам кусын, уадзæм 20 минутон уроктæ. Раздæр азты дæр уагътам ахæм ахуыртæ. Кæд æмæ-иу къласы цалдæр ахуыргæнинаджы сæ программæйæ фæстейæ аззадысты, уæд-иу сын ахуыргæнджытæ сæрдыгон рæстæджы ауагътой уæлæмхас ахуыртæ. Зæгъын мæ фæнды уый æмæ ацы аз ахуыргæнинæгтæ се ‘ппæт дæр чысыл аззадысты фæстейæ æмæ уымæ гæсгæ хъæуы семæ бакусын. Ахуыртæ нæм райдыдтой 4-æм августы æмæ аххæсдзысты 14-æм августмæ. Ахуыргæнджытæ уый тыххæй не ‘рдомдтой куыстмызд дæр. Куыд нæ республикæйы æндæр скъолатæ, афтæ мах дæр ног ахуыры аз райдайдзыстæм 5-æм сентябрæй», – банысан кодта Джиоты Алан.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй гимназы ахæм ахуыртæ уагъд цæуынц бархийæ. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй ахуырмæ æрбацыдысты ахуыргæнинæгтæн сæ 90 проценты. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ алкæцы ныййарæг дæр кæй æмбары æмæ хынцы абоны уавæр æмæ стыр аргъ кæй кæнынц ахуыры хъуыддагæн.

ЦХУЫРБАТЫ  Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.