Куы – фæдисхъæр кæнæм, куы – нæхимæ ныхъусæм, кæй сихсыдыстæм, нæ зонады, нæ аивады дæснытæн сæ хуыздæртæ уыцы дунемæ кæй аивгъуыдтой, уый тыххæй, фæлæ… Цыма «специалисттæй» нырæй бонкалддæр никуы уыдыстæм, афтæ уæм нæ кæсы!.. Зынгæ афтæ кæны: алчи дæр цыдæр хъуыддаджы дæсныйæ агæпп кодта – кæуылфæнды, цæуылфæндыдæр фыссынц, цæуыл кæнæ кæуыл фыссынц, уыдæттæн исты æмбарынц æви нæ, уымæй сæ ничи фæрсы…

Афтæмæй та нæ ивгъуыд дæр нырма мигъæмбæрзт у. Нæ разагътайы ахуыргæндтæй, аивады стыр дæснытæй йе ‘цæг дунемæ чи аивгъуыдта, уыдоныл нæ сæртæ хойæм, ныр ма куыд уыдзыстæм, ныр ма куыд кæндзыстæм… Рухс дзæ-нæты сæ бынат, уыдон нын куынæ уы-даиккой, уæд абон нæ истори æмæ нæ удварны хæзнаты бынтондæр нæ зоник-кам, фæлæ ма цæуылдæрты лæмбынæгдæр ахъуыды кæнæм: уынджы дыууæ лæджы куы æруромæм, æмæ сæ куы бафæрсæм, мæнæ ацы къуыри цы бæ-рæгбон нысан кæнæм, уый куыд хуыйны, цы бæрæгбон у, уымæй, уæд дын дыууæйæ æмхуызон дзуапп нæ ратдзысты, кæд радтой, уæд та – Джиуæргуыба… Æмæ нæхицæй дæр, нæ фыдæлтæй дæр æппæлæм! Афон нæма у æмæ иу лыг акæнæм, нæ сæйрагдæр, не ‘ппæтадæмондæр бæрæгбон куыд хъуамæ хонæм æмæ йæ куыд хъуамæ нысан кæнæм, уыцы фарст?..

Хуыцау бахизæд! Уыдæттæм кæй æв-дæлы – уæд ма кæрæдзи та кæд хæрдзыстæм!.. Иу æртæ азы размæ уыдаид – нæ республикон библиотекæ сорганизаци кодта тымбыл фынг ацы бæрæгбоны тыххæй. Фæсивæдæй чидæртæ бацымыдис кодтой, боныфæстагмæ, дам, Уастырджи æмæ Сыгъдæг Георги иу сты æви нæ?.. Цалдæр профессоры, цалдæр зонæдты кандидаты иу хъуыдымæ не ‘рцыдысты: иутæ дзырдтой, зæгъгæ, Уастырджи æмæ Сыгъдæг Георгийæн иумæйагæй ницы ис, иннæтæ ныиттæг сты сæ райстбавæрд  позицийыл: Уастырджи, дам, у Сыгъдæг Георги, се ‘хсæн, дам, бынтондæр ницы хицæндзинад ис…

Оу, мæнæ диссаг æрцыд… Кæд ма нæм хъуамæ бахъара, кæцы фæлтæр ма йæ хъуамæ бамбара: Уастырджи у уæларвон зæд, мифологон персонаж, Сыгъдæг Георги та уыд реалон, историон, зæххон адæймаг. Куыдфæнды нæ ма бафæнда, уæддæр чъребайаг «марды забортæ аразæг» æмæ уæларвон Куырдалæгонæн баиугæнæн, иу персонаж схонæн куыд ис?..

Дарддæр – ноджы фыддæр! Ирыстоны иу дзуар, иу кувæндоны (табу сæхицæн!) фæзынд æви равзæрды тыххæй дæр дыууæ адæймаджы æмхуызон хъуыды нæ зæгъдзысты. Сæ бынты схъомыл сты, сæхи базонынæй фæстæмæ сын кувынц, табу кæнынц, афтæмæй!.. Уымæн æмæ сыл ничи куыста æмæ ничи кусы, сæ фæзынд  æви сæ равзæрд æмæ нысаниуæг сын алчи дæр йæхирдыгонау цы раздух-баздух кæны, уымæй дарддæр. Иууылдæр пахуымпартæ, историктæ, этнографтæ фестадыстæм!

Алкæй дæр уæ Лалисайы дзуары хорзæх уæд – ис Залдайы хъæуы æмæ у æрмæстдæр Гæбæраты мыггаджы дзуар. Æндæр дзы ницы зонæм. Зонæм ма дзы æрмæстдæр уый, æмæ тынг рагон кувæндон кæй у, стæй кувæндонæн йæ алыварс,  суанг комрæбынты онг цы стыр дуртæ калд ис, уыдонмæ гæсгæ бæрæг у, кæддæр кæй уыд нырæй бирæ егъаудæр, дардыл зылд галуан. Цымыдисаг сты уыцы дуртæ сæхæдæг: иуæй ахæм дуры мыггаг уымы æввæхсты хæснагæн дæр никуы ссардзынæ, иннæмæй та ахæм стыр дуртæ (иуæй-иуты дзы цалдæр цæды галтæ дæр нæ аласдзысты) уыцы бæрзонд ранмæ куыд, цы амалæй сæфтыдысты? Фæлæ, куы загътон, «специалисттæй» ныры хуызæн хъæздыг никуы уыдыстæм; газетты, журналты, æгæрыстæмæй, чингуыты дæр фыссынц, Лалисайы кувæндон, дам, цы дуртæй амад у, уыцы дурты, дам, бынатмæ фæхæццæ кодтой Тлиахъанайы рагъæй суанг Лалисайы кувæндоны онг лæгрæхыс саразгæйæ, къухæй-къухмæ дæтгæйæ…

Хуыцау мацы мын кæн!..

Æмæ Тлиахъанайы рагъмæ та кæцæй схаудысты?.. Кæд сæ нырма уырдæм схастой, уырдыгæй та – Лалисайы дзуармæ къухæй-къухмæ дæтгæйæ, уæд уыдон бынтон сæлхæртæ куы уыдысты, æмæ нæ уæд сæ арæзт дзуар дæр цæмæн хъæуы? Тлиахъанайы рагъ бæрзонддæр æмæ зынвадатдæр у, Лалисайы дзуар кæм ис, уыцы бынатæй…

Фæлæ афтæ: куы бынтондæр ницы аразæм, куы та нын æгæр фæвæййы!

Иннæ, ноджы ахсджиагдæр, цымыдисагдæр фарст: кæй зæгъын æй хъæуы, Залдайы алкæмæн дæр сæйрагдæр æмæ табуйагдæр  бæрæгбон у Лалисайы дзуары бон. Куыд æппæт ирон адæм, афтæ сæйрагдæр бæрæгбонтæй дыккагыл та нымайынц, куыдфæндыйæ дæр Джиуæргуыба кæй хонæм, уыцы стыр бон. Æмæ диссаг цы у: Джиуæргуыбайы бон алы хъæдзарвæндаг дæр сæхи фæдзæхсынмæ цæуынц сæхи, хицæн кувæндонмæ. Зæгъæм, нæ хæдзарвæндаг Бадилатæ сæхи фæдзæхсынмæ фæцæуынц Хæстæг дзуармæ, иннæтæ – Батыртæ, Ногъайтæ, Борхъотæ, Отатæ æмæ æндæр фыдыфырттæй та алчи дæр цæуы йæхи кувæндонмæ. Уый цæуыл дзурæг у, уый дæр цымыдисаг фарст у, фæлæ сæйраг цымыдисдзинад цы æвзæрын кæны: уыцы цалдæр фыдыфыртæй алкæй кувæн бынат дæр ис йæ хæдзарвæндаджы уæлмæрды цур… Мæхи базонынæй фæстæмæ мыггаджы хистæртæй алкæй дæр фарстон, уый цы нысан кæны, уымæй, фæлæ абоны онг дæр дзуапп нæ райстон… Чизоны йæ исчи сбæдта ирон æмбисондимæ, ома, мард æмæ дзуар иу сты, фæлæ уый æндæр цæуылдæр дзурæг у, кувæн-дон æмæ уæлмæрд иу ран уой, уымæ бынтондæр ницы бар дары.

Цæвиттон, цæмæн æрхастон мæхи райгуырæн хъæуæй?.. Уымæн æмæ афтæ у Ирыстоны алы хъæуы дæр, кæд алы – нæ, уæддæр сæ нæуæдз проценты… Æмæ цæмæн афтæ у, цы-иу зæгъæм нæ кæстæртæн, куы нæ бафæрсой, уæд? Цы хъуамæ зæгъæм, махæн цы нæ бацамыдтой, уый искæмæн куыд бацамондзыс-тæм?..

Фæлæ ма хицæн æмæ хицæн хъæуты кой цы кæнæм, нæ иумæйаг табуйаг кувæн-дæтты фарст аскъуыддзаг кæнынхъом куы нал стæм, уæд! Зæгъæм, Джеры дзуары тыххæй: Ирыстонæн йæ хуссар хайы цыдæриддæр дзуæрттæ, уаз кувæндæттæ ис, уыдон махæн сæйрагдæртæ æмæ фæрсагдæртыл дихгæнгæ не сты, уымæн æмæ мæнæн мæ фыдæлты кувæндон Лалисайы дзуар сæйраг куыд у, афтæ зæгъдзæн алчи дæр, фæлæ дзырд иумæйагдзинадыл куы цæуа, уæд нын Джеры дзуарæй сæйрагдæр кувæндон нæй. Æмæ цы уавæры ис абон? Нырыккон, европæйаг кафе дзы кæй сарæзтам, хуымæтæджы «къæбæрхæрд», гуырæнбонтæ нысан кæнын дæр дзы кæй райдыдтам, уый иу æнамонддзинад у, иннæ æнамонддзинад та, нæ фыдæлтыккон традицион кувæндонæй нын аргъуан кæй сарæзтой, уый у… Джеры дзуар, ома, Джеры Уастырджийы кувæндоны тыххæй бирæ таурæгътæ, легендæтæ æмæ историон æрмæджытæ баззад, фæлæ уыдоны чырыстон дины, аргъуаны кой никуы ис. Ныр та? Алыгъуызон бибитæ, муртаккаг, ирон традицион диныл хæст лæг уынгæ дæр кæй никуы фæкодта, ахæм иконæтæй йæ байдзаг кодтой…

Цы ныл æрцыд, цы хабар у, уæздан æмæ сæрыстыр ирон адæм – цытæ ныл цæуы, цæмæн нын исынц нæ удварны хæзнатæ?..

Æмбарæм æй, хорз дуг ныл не скодта, дугивæны хуыздæрырдæмы бæсты  æвыд-дывыдон фыдæвзарæнты бахаудтам. О, фæлæ… Гъа, Америкæйæн нæ бон ницы у, æрсыты хъæбысы мах дзылыцъиутæ стæм, фæлæ ам, нæхимæ уæддæр уæм «уæуу» зæгъынхъом…

Чырыстон дины, аргъуаны ныхмæ нæ дæн, фæлæ мæхи базонынæй фæстæмæ мæ къах аргъуаны къæсæрæй никуы бавæрдтон, уымæн æмæ аргъуанмæ мæ фыдæлтæй ничи цыд. Мæ фыдæлтæ куывтой Хуыцаумæ, Уастырджимæ, Лалисайы дзуармæ æмæ афтæ кæндзынæн æз дæр. Аргъуанмæ чи цæуы, уыдоны йæ хорзæх уæд, фæлæ мæнæн дæр, куыд иронæй райгуыргæ адæймагæн – Джеры дзуарæй мæхи хай ис. Бар мын ис ссæуон æм æмæ йын мæхи, мæ къабæзты, ирон адæмы бафæдзæхсон. Ирон адæм фыдæй фыртмæ куыд кодтой, афтæ!.. Мæн фæнды кувын Джеры дзуар, Джеры Уастырджийæн, чырыстон динмæ кувын кæй фæнды, уыдон æм аргъуанты, сæ хæдзæртты кувæнт, мæ дзуары хаймæ никæй ницы хъуыддаг ис, æмæ дзы йæ фындз мачи тъыссæд!!!…

ГÆБÆРАТЫ Юри

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.