Адæймаджы æнæниздзинад бирæ-бæрцæй баст у йæ психикон æууæлтыл. Ацы фарсты фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты «Æрдзон зонæдты æмæ психологи»-йы кафедрæйы деканы хæдивæг Гæззаты Мæдинæимæ æмæ се ‘хсæн ра-уад ахæм ныхас.

– Мæдинæ, уæ кафедрæ куы байгом, уæдæй рацыд авд азы, уе студентты психологон миниуджытыл дзургæйæ ца-хæм хатдзæгтæ саразис?

– Райдианы нæм къаддæр студенттæ цыд. Фæстаг азты ацы факультетмæ ис фылдæр цымыдисгæнджытæ æмæ азæй азмæ не студентты нымæц кæны фылдæр. Психологи цасдæрбæрцæй хицæн кæны иуæй иу предметтæй. Уымæн æмæ ацы зонад домы æрмæст йæ сахуыр кæнын нæ, фæлæ ма йæ уарзгæ дæр хъуамæ кæнай, адæймагмæ уа психологон æнкъарæнтæ. Афтæ куы нæ уа йæ фæстиуджытæ уы-дзысты мæгуыраудæр.

– Куыд хъуыды кæныс, цахæм æу-уæлтæ æндавынц тынгдæр, нæ абоны студентты психикон æнцойдзинадыл?

– Психологон æнцойдзинад нæ адæмæн, сæйраджыдæр фесæфт 1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны адæм цы уæззау уа-вæрты уыдысты, уыдон аххосæй. Уыцы аз-ты нæ адæм бирæ бавзæрстой æмæ федтой: куыд маст, зындзинæдтæ, афтæ ма тасдзинæдтæ дæр. Ахæм уавæртæй рахизын æнцон нæу, фæлæ дзы ис рахизæн. Сæйраджыдæр адæймаг хъуамæ архайа йæхй æрсабыр кæныныл, уавæр ма скарздæр кæныныл.  Хи æрсабыр кæныныл куы нæ архайæм, дохтырты фæдзæх-стытæ куы нæ æххæст кæнæм, уæд адæй-маджы уавæр хуыздæры бæсты кæндзæ-нис мæгуыраудæр.

–  Уе студенттæ ма сæ равзаргæ дæс-ныйад хорз базоныны уæлдай сæ хъус тынгдæр цæмæ фæдарынц?

– Ацы предмет хуыздæр сахуыр кæнын кæй фæнды, уыцы студенттæ нæ рауа-дзынц лекцитæ. Уымæй дарддæр ма фæ-кæсынц уæлæмхасæн литературæ, уарзынц сæ равзаргæ дæсныйадыл ныхас кæнын. Чидæртæ дзы къаннæг зонадон куыстытæ фыссыныл дæр фæлварынц. Бæстон цы нæ фембарынц уый тыххæй бафæрсынмæ никуы базивæг кæнынц. Студенттæн сæ иу хай сты, сæ бинонтæн психологон æххуыс кæмæн хъæуы, ахæмтæ. Фæнды сæ, цæмæй сæ бинонтæн æмæ сæ зонгæтæн сæ бон уа психологон æххуыс бакæнын. Уырны мæ, бирæтæн уыцы æнтыст сæ къухты кæй бафтдзæнис. Уы-мæн æмæ сæм ацы хъуыддаджы ис тырнындзинæдтæ.

– Фæстаг рæстæджы арæхæй арæх-дæр кæнынц, æввахс, кæрæдзийæн хион адæймæгты ‘хсæн æвирхъау ха-бæрттæ. Хæрз æрæджы Цæгат Ирыстоны дыууæ æвзонг æмкъайы трагикон цау, уымæн у ирд æвдисæн. Цы ис гæ-нæн ахæм æнамонд хъуыддæгтæ цæ-мæй ма цæуой, уый тыххæй саразæн?

– Цард афтæ дæргъвæтин дæр нæу æмæ ма хъуамæ аразиккам, цæрæнбонты немæ чи уа, нæ удты стыр тæригъæдæн кæй хæс-сæм, ахæм митæ. Æмæ, цæмæй афтæ ма уа, уый тыххæй ахсджиаг у уавæр ма карз-дæр кæнын, хи æрсабыр кæнын. Цы æна-монд цауы кой ракодтай, уыцы хабары ар-хайджытæ сæхицæн ахъуыды кæныны бар куы радтаиккой, сæхи куы æрсабыр кодтаиккой, уæд ахæм æнамонддзинад не ‘рцыдаид.

– Абоны кæстæртæй иуæй-иутæм сдзырд дæр кæй нал ис, уый æнæзонгæ не стæм. Зæгъ-ма, ахæм уавæрæн фæ-ивæн ис?

– Æз дис кæнын, Хуссар Ирыстоны адæм цы стыр зынтæ бавзæрстой, цы æна-монддзинæдтæ ныл æрцыд, уый фæстæ Ирыстоны арæзт æмæ конд куыднæ æрцыд психологон центр. Уый æнæмæнгхъæуæг уыд æмæ у. Йæ рæстæгыл нæм ахæм центр конд куы æрцыдаид уæд, мæн уырны, нуæрттæ æмæ нæм æндæр низтæй рынчынтæ уыдаид бирæ къаддæр. Нырæй фæстæмæ дæр ахадæн мадзæлттæ ист куы нæ æрцæуа, уæд ацы катайаг уавæрæй тагъд рæстæджы рахизынмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй.

– Афтæ мæм кæсы æмæ, кæд фæстаг цалдæр дæс азы Хуссар Ирыстоны адæм, æндæр бæстæты адæмтимæ абаргæйæ бавзæрстой стырдæр зындзинæдтæ, уæддæр нæ адæмы психикæ у нывылдæр. Ды та куыд хъуыды кæ-ныс?

– Æз дæр хъуыды кæнын афтæ, æмæ афтæ дæр у. Уымæн æмæ нæ адæммæ ис, æндæр адæмтæм чи нæй, ахæм, бирæ хорз миниуджытæ. Нæ адæмы ‘хсæн бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у кæрæдзийы фарсмæ балæууын, кæрæдзийæн аргъ кæнын. Æмæ уыцы миниуджыты фæрцы абон нæ адæмы психикæ ис хуыздæр уавæры.

  ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.