97 азы бацæугæйæ йæ цардæй ахицæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, Советон Гуырдзыстоны сгуыхт ахуыргæнæг Нарыкъаты Любæ.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ветераны бинонтæн мæсæллæйы ныхæстæ арвыста йæ амæ-лæты тыххæй.

«Стыр хъыгзæрдæимæ фехъуыстон Нарыкъаты Любовь Никъалайы чызг йæ цардæй кæй ахицæн, уый тыххæй. Хорз ахуыргæнæг, кæцы йæхи снывонд кодта сывæллæттæн лæггад кæнынмæ æмæ хорз адæймаг, кæцыйæн уыд æвидигæ оптимизм æмæ цардон энерги. Æппæт тыхтæй кусгæйæ, Любæ Никъалайы чызг стыр хайбавæрд бахаста ахуырад æмæ республикæйы культурон-æхсæнадон цардмæ. Иу мадзал дæр уагъд нæ цыд æнæ йæ хайадистæй.

Хицауады номæй мæсæллæйы ныхæстæ æрвитын Любæ Никъалайы чызджы бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн. Йæ рухс ном æнустæм баззайдзæн нæ зæрдæты», – дзырдæуы тæфæрфæс телы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.