Цхинвалы горæты ветеранты Совет æрæджы ауагъта хыгъдон æмбырд. Советы сæрдар Гобозты Æхсар куыд банысан кодта, афтæмæй иннæ азтау ацæугæ аз дæр Совет йæ куыст кодта развæлгъау саразгæ нывæстмæ гæсгæ, активон хайад истой, горæты скъолаты æмæ уагдæтты цы мадзæлттæ уагъд цыд, уыдоны.

Советы уæнгтæ æмæ ветерантæ хайад истой скъолаты æмæ фæсивæдон организациты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл 73-азы кæй сыххæст, уый сæраппонд цы мадзæлттæ уагътой, уым. Хайад райстой Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны цытæн цы мадзæлттæ ауагъдæуыд, уыдоны дæр. Докладгæнæг куыд загъта, афтæмæй ветеранты хыгъды ис 1252 ветераны, уыдонæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ сты 11 адæймаджы. Цы мадзæлттæ уагъд фæцæуы, уыдоны ветерантæ радзурынц сæ хæстон, фæллойадон архайды тыххæй, æвзонг фæсивæдæн уарзын кæнынц сæ райгуырæн зæхх, цайдагъ сæ кæнынц монон хæрзæгъдауыл, сæ зæрдыл сын æрлæууын кæнынц, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нæ фæсивæд цы хъæбатырдзинад æвдыстой, райгуырæн бæстæйы тыххæй сæ сæртæ бирæтæ нывондæн кæй æрхастой. Уымæй  ахъаз кæнынц, цæмæй сæ Ирыстоныл  уой æнувыд, хæст уой, хуыздæр æгъдæуттыл, бахъуыды рæстæджы балæууой тыхст адæймаджы фарсмæ,   æнæуаг митыл ма фæхæст уой.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады кусджытæ æмæ Арæнхъахъхъæнæг управленийы службæгæнджытæ Ветеранты советы кусджытимæ цыдысты хæсты хайадисджыты æмæ фæсчъылдымы хæсты ветеранты хæдзæрттæм æмæ, сæм радтой Уæрæсейы Федерацийы Президент Путины арфæйы фыстæджытæ Уæлахизы 73 азы цытæн æмæ ма зынаргъ лæвæрттæ дæр. Ветерантæ стыр райгондæй баззадысты Уæрæсейы ‘рдыгæй хъусдардæй æмæ сын арфæтæ фæкодтой.

Майы мæйы ма Уæлахизы цытæн нæ республикæмæ æрцыд Луганскы Адæмон Республикæйы Спортивон фонды Президент Измаилов Рауф, раарфæ кодта ветерантæн æмæ сын баххуыс кодта æхцайы фæрæзтæй. Хæсты хайадисджытæ æмæ фæсчъылдымы ветерантæ иннæ азтау хайад истой 9-æм майы Уæлахизы парады, трибунæйы республикæйы разамонджыты фарсмæ лæууыдысты цалдæрæй æмæ æхсызгонæй кастысты, æрыгон æфсæддонтæ парады куыд цыдысты, уымæ.

Гобозты Æхсар ма банысан кодта, фæстаг азты Ветеранты совет кæй бабæрæг кæны республикæйы районтæй хæсты хайад чи иста æмæ чи фæмард, уыдонæн сын сæ цыртыты раз дидинджытæ æрæвæрынц, сæ нæмттæ сын æрымысынц, бынаты фембæлынц районты сæргълæуджытимæ, скъоладзаутимæ. Сентябры мæйы ахæм балц уыд Цхинвалы районы хъæутæ Прис, Дменис æмæ Сатихъармæ. Уый размæ ахæм балц уыд ветерантæн Ленингор, Дзау æмæ Знауыры районтæм дæр.

Советы æмæ Президиумы уæнгтæн докладгæнæг сæ зæрдыл æрлæууын кодта, 2014 азы 3 декабры расидт кæй æрцыд Æбæрæг салдаты боныл. Уый охыл 3 декабры Анахарсисы номыл библиотекæйы уагъд æрцыд мадзал, цыран горæты скъолаты ахуырдзаутæ кастысты æмдзæвгæтæ, мысыдысты æбæрæг салдаты рухс ном. Хайад дзы истой РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, хæсты хайадисæг Дзеранты Шота, горæты ветеранты Советы сæрдар Гобозты Æхсар, йæ хæдивæг Козаты Павел.

Хыгъдон æмбырды ма загъдæуыд, фæстаг цалдæр азы ветерантæн балцæгтæ кæй  нæ цыд лæвæрд санатори кæнæ курорттæм. Ныр бузныг сты Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийæ, уыцы фарсты сын кæй баххуыс кодта æмæ ветерантæй бирæтæ сæхицæн кæй хос кодтой «Тамиск» æмæ «Нагутни»-йы. Ныфс сæ ис, 2019 азы дæр уыцы фарсты кæй барухс кæндзысты ветеранты зæрдæтæ.

Кæронбæттæны хыгъддæттæг банысан кодта, зæгъгæ, сæм иуæй-иу ветерантæ бахатынц, цæмæй сын баххуыс кæной сæ хæдзæрттæ бацалцæг кæныны, кæнæ æндæр фарстатæ аскъуыддзаг кæныны. Ветеранты Советы ахæм рæстæджы йæ бон у фехъусын кæна уыцы фарст кæмæ хауы, уыдонæн, Советæн йæхимæ нæй уыцы фæрæзтæ, цæмæй ахæм проблемæтæ аскъуыддзаг кæна.

Æмбырды хайадисджытæ горæты ветеранты куыст 2018 азæн банымадтой рæстæмбисыл.

КОЗАТЫ Павел,

Цхинвалы горæты Ветеранты

советы сæрдары хæдивæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.