Ивгъуыд къуырийы Дзауы районы цалдæр ран брондæтты æрæхгæдтой профнастилæй æмæ сæ ныр фос нал пырх кæндзысты. Уыдон сты нырма   фыццаг ахæм æхгæд брондæттæ, ома, куыд фæлварæн афтæ æмæ кæд хъуыддагæн фæахъаз уой æмæ цæрджытæ райгондæй баззайой, уæд дзы районы иннæ 30 брондоны дæр æрæхгæндзысты.

Дзауы районы цæрджыты цардуагон уавæртæм йæ хъус чи дары æмæ сын сæ чи фæрогдæр кæны, стæй уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи бахæссы, уыдон нымæцмæ, фыццаджыдæр, хауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад. Уымæн йæ иузæрдион куысты руаджы хæрзарæзтдæр кæнынц хъæутæм фæндæгтæ, фæкусынц нуазыны дон æмæ æндæр ахæм ахсджиаг фарстытæ æрбæстон кæныныл. Цæвиттон, районы федералон трассæмæ хæстæг цы хъæутæ ис, уыдон цæрджытæ ныр цалдæр азы дæргъы зындзинад æвзарынц уынгты цы брондæттæ æвæрд æрцыдысты, уыдон рæстæгыл æфснайд кæй нæ цæуынц æмæ сæ фос кæй пырх кæнынц, уый тыххæй. Уыцы брондæттæ та æвæрд æрцыдысты цалдæр азы размæ æмæ йæ районы цæрджытæ дæр банымадтой хорз хъуыддагыл. Фæлæ цæрджыты тыхсын кæны, сæ фос брондæттæм кæй цæуынц кæй сæ змæнтынц æмæ кæй хæрынц уыцы алыгъуызон брæттæ, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый та æндавы фосы æнæниздзинадыл дæр æмæ уыдонæй цы продукци æркæнынц, уый гъæдыл дæр. Ацы хъуыддаджы фæдыл бирæ хъæстытæ цыдис куыд районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадмæ, афтæ админист-рацийы къухдариуæгадмæ дæр. Ныр цæмæй хъуыддаг æрбæстон кæной, уый тыххæй Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерлан æрæв-нæлдта брондæттыл æмбæндтæ аразынмæ.

Ацы фарсты фæдыл нæ йемæ ныхас кæнгæйæ, нын афтæ радзырдта:

– Ацы фарсты фæдыл нæм тынг арæх æрбацæуы хъæстытæ. Стæй район дæр стыр нæу æмæ нæ разы цы проблемæтæ ис, уыдон ма уынæм æмæ сæ ма скъуыддзаг кæнæм, уый раст нæу. Ацы проблемæ та цæрджытæн у ахсджиаг æмæ æнæмæнг скъуыддзаг кæнинаг. Æз ацы хъуыддагыл ахъуыды кодтон æмæ проблемæ аиуварс кæныны тыххæй æрæмысыдтæн брондæтты сæмбонд кæнын. Ныридæгæн уал дзы сарæзтам Хслебы хъæуы фæндаджы былыл æмæ ма поселочы дыууæ раны. Кæд нын администраци фæрæзтæ рахицæн кæна, уæд районы алы брондоны алыварс дæр сæмбонд кæндзыстæм. Нырма уал нæ зымæгон уазæлттæ хъыгдарынц, фæлæ сын уалдзæджы сæ бынтæ сбетон кæндзыстæм, цæмæй æнцонвадат уа цæрджытæн. Брондæттæ фылдæр сты Федералон трассæмæ хæстæг æмæ хъуамæ арæзт уой капиталон æгъдауæй æмæ æхцондзинад хæссой се ддаг бакастæй дæр, – загъта Цхуырбаты Тамерлан.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ дæлбаруæвæг куыстуаты кусджытæ ныридæгæн дæр кусынц дæрдтаг хъæутæм фæндæгтæ асыгъдæг кæныныл. Нырмæ уал куыстой Рукъы хъæуы хæдзæрттæм афæд кæныныл, стæй та Къусджытæ æмæ Едысы хъæутæм. Ацы бонты та хæдзарады кусджытæ сæ техникæйыл кусынц Ерманы хъæумæ фæндаг асыгъдæг кæныныл. Иудзырдæй, Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадæн зымæг дæр вæййы йæ фаг куыстытæ æмæ сæ фæкусынц сæ фадæттæм гæсгæ.

Цхуырбаты Ларисæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.