Ветеранты совет æруынаффæ кодта йæ бакæнгæ куыстыл æмæ равзæрста ног сæрдар

16 июны уагъд æрцыд Республикон æхсæнадон организаци «Хæсты (пенсиисджыты), фæллойы, Гарзджын тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг органты ветеранты совет (СВ). Конференцийы хайад райста Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ йæ хæдивæг Пухаты Эрик.

Ветеранты советы Сæрдар Бесаты Вячеслав йæ лæмбынæг раныхасы радзырдта, 4 азы дæргъы куыст цы фæдыздæхтыты цыд, снысангонд хæстæй къухы цы бафтыд, организацийы цы проблемæтæ ис, стæй рæгъмæ рахаста Ветеранты советы куыст фæхуыздæр кæныны сæраппонд фæндæттæ ветеранты номæй.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, мадзæлттæ уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны Ветеранты организацийы сырæзтыл 42 азы сæххæсты хæд-размæ, стæй ма радзырдта, Ветеранты советы организацион структурæ фæхуыздæр кæныны сæраппонд цы бакуыстæуыд, уый тыххæй.

«2015 азы 1 февралы уавæрмæ гæсгæ нæ ветеранты организацийы нæ уыд иу фыццагон организаци дæр. Бынæттон советтæ уыцы фæдыздæхты бакодтой бæлвырд куыст æмæ ныртæккæ уыдон баисты 42. Фыццагон организациты къухдариуæггæнджытæ кусынц стыр разæнгардæй, тырнынц ветеранты æппæт проблемæтыл аххæссынмæ», – загъта Бесаты Вячеслав.

Ветеранты фыццагон организациты къухдариуæггæнджыты активондæрты нымæцы сты Хуыгаты Илья, Харебаты Леонид, Бестауты Азæ, Уалыты Лидия, Дудайты Альберт, Пухаты Сергей æмæ æнд.

Бесаты Вячеслав йæ раныхасы рæстæджы бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн – хицауады æппæт къабæзты сæргълæуджытæн, республикæйы æхсæнадон организациты, 4-æм æфсæддон базæйы разамонджытæн се ‘ххуысы тыххæй, стæй уæлдай бузныджы ныхæстæ та загъта бæстæйы Президент Тыбылты Леонидæн.

«Ивгъуыд цыппар азы Хуссар Ирыстоны ветеранон змæлдæн уыдысты цаутæй семыдзаг æмæ вазыгджын, – загъта Бесаты Вячеслав.  Нæ бæстæйы адæм бирæ æппæрццаг фæстиуджыты сæрты ахизын бафæрæзтам, уыцы нымæцы ветеранон змæлд дæр, Президент Тыбылты Леонид æмæ йæ командæ республикæйы хорз размæцыдæн æмбæлон уавæртæ кæй сарæзтой, уый руаджы. Мах уынæм, Президенты куыст фыццаджыдæр здæхт кæй у социалон рæзты ‘рдæм, цæмæй Уæрæсейы æххуысыл æнцойгæнгæйæ, арæзт цæуа Хуссар Ирыстоны экономикон рæзтæн хорз уавæртæ… Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы президентты æхсæн сæвзæрд хæларадон ахастытæ, æмæ æппæт дæр арæзт цæуы уый тыххæй, цæмæй республикæ æвæстиатæй размæ цæуа æмæ нæ сæйраг стратегион партнер Уæрæсеимæ араза хорз ахастытæ. Уымæн æвдисæн уыд, нæ бæстæты æхсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд фидаргонд кæй æрцыд, уый».

Бесаты Вячеслав банысан кодта, уыцы æхсæнпаддзахадон бадзырдæн кæй дæтты стыр нысаниуæг, æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, ба-дзырды проектыл уынаффæгæнгæйæ Ветеранты совет бахаста фæндон, цæмæй Хуссар Ирыстоны ветерантæ хатыртæй пайда кæнгæйæ, æвæрд уой Уæрæсейы Федерацийы ветеранты æмвæза-дыл.

Хъуылымбегты Доменти куыд загъта, уымæ гæсгæ ныридæгæн ветеранты иуæй-иу категоритæн сæ бон уыдзæн хатыртæй спайда кæныны фадат, æмæ ацы фæдыздæхты куыст цæудзæн дарддæр дæр.

«Ветеранты советы æппæт фæндæттæ дæр мах бахынцдзыстæм, æркæсдзыстæм сæм æмæ сыл æруынаффæ кæндзыстæм нæ уæрæсейаг коллегæтимæ, цæмæй, гæнæн уæвгæйæ, нæ ветерантæн уа хатыртæй спайда кæныны фадат уæрæсейаг стандарттæ куыд амонынц, афтæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый иу боны хъуыддаг нæу», – загъта Хицауады Сæрдар.

Конференцийы рæстæджы дзырд цыди ветеранты хосгæнæн препараттæй сифтонг кæныныл дæр. Ацы ран нырма хатыртыл дзырд цыди æрмæст уыцы ветерантæн, кæцытæ хауынц рынчынты бæлвырд категоримæ. Рæстдзинады сæраппонд банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Цæгат Ирыстонимæ абаргæйæ хостæй лæвар ифтонггæнинаг рынчынты категориты нымæц нæ республикæйы у бæрæг фылдæр. Æмæ банысангонд куыд уыди, уымæ гæсгæ уыцы нысанæн афæдзы дæргъы хицæнгонд æрцæуы цæсты ахадгæ фæрæзтæ  120 милуан сомы бæрц.

Конференцийы делегаттæ ма уынаффæ кодтой ревизион къамисы докладыл, организацийы архайæг уагæвæрдмæ бахæссинаг барасткæнинæгтыл æмæ сæвзæрстой Республикон ветеранты советы сæрдары. Сæрдарæй æвзæрст æрцыд Бесаты Вячеслав.

Хицауады Сæрдар уымæн саргъ кодта, куыд, республикæйы къухдариуæгадмæ ветеранты организацийы риссаг фарстытæ фæхæццæ кæнынмæ чи рæхсы, ахæм бæрнджын æмæ арæхстджын разамонæг.

Конференцийы рæстæджы делегаттæ æмæ хуынд адæмæн уыд Хъуылымбегты Доментимæ сæ цымыдисаг фарстытæ раттыны фадат æмæ сын райстой дзуаппытæ.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы къухдариуæгад цæттæ сты Ветеранты организацийы фæндæттæм æркæсынмæ æмæ сын баххуыс кæнынмæ.

РХИ-йы Президент æмæ

 Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.