Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи тох кодта æмæ сæрибардзинад чи æввахсдæр кодта, уыдон сты сæрыстыр кæмæй стæм, нæ уыцы цытджын ветерантæ. Уыдон фæрцы куынæг æрцыдис цыфыддæр знаг, уыдонæн сæ хъæбатыр тохы руаджы бабын гитлерон фашизм. Стыр хъыгагæн ихсийынц нæ ветеранты рæнхъытæ. Чи ма дзы ис сæрæгас, уыдоныл та цæуы дзæвгар азтæ æмæ сын хъæуы аккагæй лæггад кæнын. Уыдон стыр ныхæстæ не сты. Ахæм егъау æмæ тæссаг, йæ дзуринæгтæ абоны онг дæр дзырд кæмæн нæ фесты, нырма дæр истори ногдзинæдтæй чи æххæст кæны, ахæм хæсты хайад райсын чысыл хъуыддаг нæу, къаддæр уæз нæ цыдис, фæсчъылдым чи тох кодта знагимæ, уыдоныл дæр. Уымæ гæсгæ канд Уæлахизы бæрæгбоны нæ хъæуы буц кæнын ветеранты, фæлæ сæм хъусдард здахын хъæуы кæддæриддæр.
Ацы аз 1941-1945 азты стыр Фыдыбæстæйон хæсты Советон адæмы Уæлахизы боныл сæххæст 75 азы. Уæрæсейы Федераци уыцы юбилейон бон банысан кæнын кæд стыр æмæ дардыл хъавыд, уæддæр ын нæ бантыст зæрдæйы фæндиаг, æппæт дунейыл коронавирус кæй апарахат, уый аххосагæн. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы дæр уæрæхмасштабонæй не ‘рцыдис нысан бæрæгбон. Фæлæ нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы уынаффæмæ гæсгæ бæрæгбонон чысыл парадтæ организацигонд æрцыдысты сæрмагондæй алкæцы ветераны хæдзары раз дæр. Зæрдиаг арфæтимæ ма бæрæгбоны цытæн ветерантæ райстой фæйнæ 75 мин сомы лæвæрт-тимæ дæр.
Цæмæй ацы ахсджиаг бæрæгбонон мадзæлттæ нывыл ацыдаиккой, рохуаты дзы макæцы ветеран баззадаид, уый тыххæй æмбæлон организацитæ æмæ уагдæттæ бацархайдтой, сæ разы цы фарстытæ лæууыд, уыдон аскъуыддзаг кæныныл. Сæрмагондæй уыдоныл куыстой Ветеранты совет дæр. Нæ республикæйы столицæйæ дарддæр районты дæр уæвынад кæнынц ацы æхсæнадон уагдæт-тæ. Уыдонæн дæр ис кæуыл аудой æмæ кæй сбуц кæной, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ фæсчъылдымы ахæм ветерантæ.
Дзауы районы Ветеранты советы сæрдар Гатыгкоты Мананæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æрвылаз дæр йæ дæлбаруæвæг организацийæн 9-æм майы бæрæгбоны агъоммæ сæ куыст фæфылдæр вæййы, фæхъæуы сног кæнын ветеранты номхыгъдтæ æмæ документты æм-бæлон уагмæ æркæнын, развæлгъау бацæттæ кæнынц сæхи бæрæгбонмæ дæр. «Мæн районы ветеранты советы сæрдарæй снысан кодтой ивгъуыд аз июлы мæйы. Кæд организаци хъæугæ организаци у, уæддæр ын бæрæг аххосæгтæм гæсгæ йæхи сæрмагонд бынат нæ уыдис. Абон дæр ма мæ куыстытæ кæнын хæдзары. Куыст та дзы разындис фаг. Афтæ куыстой мæ размæ дзы чи уыд, уыдон дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, организаци у серьезон организаци æмæ домы хисæрмагонд кабинет кæнæ къуым, цæмæй æмбæлон æгъдауæй æмæ æмбæлон æмвæзадыл цæуа куыст. Уый хынцгæйæ, æз бахатыдтæн нæ районы администрацимæ, цæмæй мын бынатæн исты амал скодтаиккой. Администрацийы бæстыхайы бынат кæй нæй, уый мæхæдæг дæр федтон æмæ йæ æмбарын, фæлæ фарст куыддæрты хъуыдис скъуыддзаг кæнын. Уæд бахастон фæндон, цæмæй мын администраци раздæр цы вагæтты куыста, уыдонæй иу радтой æмæ йæ капиталонæй сцалцæг кæнæм. Мæ хъуыдыйыл мын дыууæ нæ загътой.
Уый размæ-иу æз амбæлдтæн ветерантимæ, аныхæстæ-иу кодтон семæ æмæ йæ куыд бамбæрстон, афтæмæй ветеранты сæхи дæр фæнды, цæмæй сæм цы фарстытæ æвзæра, уыдон фæдыл-иу æрбацæуой бынатмæ æмæ-иу сыл иумæ уынаффæ кæнæм. Ветерантæ сты пенсийы кары æмæ уыдоны дæр фæфæнды æдтæмæ рахизын, исты информаци фехъусын, зонгæтыл амбæлын, уыимæ иумæ сæхи аирхæфсын. Нæ районы ма ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты иунæг ветеран – Магкоты Соня, иннæтæ сты фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ, фæллойы æмæ æндæр категориты ветерантæ. Мæ ныхас ууыл у, æмæ уыдон куы фехъуыстой, зæгъгæ, сын 9-æм маймæ лæвæрд цæудзысты æхцайы фæрæзтæ, уæд сæ бахъуыдис сæ хъуыддæгты фæдыл азилын. Æз ацы куыстмæ куы æрбацыдтæн, уæд дзы нæдæр куысты план арæзт уыдис, нæдæр ветеранты номхыгъд æмæ афтæ дарддæр. Бар æнæбары мæ бахъуыдис кусын иуыл сæрæй. Сног сын кодтон сæ номхыгъдтæ, æрбæстон кодтон хъæуæг гæххæттытæ дæр, цæмæй сæ зонон. Куыддæр нæ вагон сырæза, афтæ æмбæлон уагмæ æркæндзынæн куысты хъуыддаг æмæ уæд мæхицæн дæр уыдзæн æнцондæр кусæн æмæ ветерантæ дæр райзæрдæйæ цæудзысты сæ хъуыддæгты фæдыл. Æнæуый мын нæ республикæйы Ветеранты совет радтой скъапп, стъол æмæ бандæттæ æмæ уал уыдонæй пайда кæндзыстæм. Вагон æвæрд ис нæ райцентры, Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъоламæ хæстæг. Вагонæн уал ивд æрцыдис ногæй йæ пол, сæвæрдтам ын ног дуар дæр, ныртæккæ та йæм хъуамæ бауадзæм рухс, уый тыххæй ивд цæуынц электрохæххытæ. Сцалцæг æй кæндзыстæм рæхджы, уыдзæнис рæсугъд æмæ райдзаст. Ацы карантин бандæвта вагон сцалцæг кæныны хъуыддагыл æмæ нын афæстиат. Фæлæ мæйы райдиантæм хъуамæ сцæттæ уа», – зæгъы Гатыгкоты чызг.
«Фæсчъылдымы ветерантæ нæм фылдæр уаид, сæ фæстæ зилæг куы уыдаид æмæ рæстæгыл сæ документтæ куы сарæзтаиккой, уæд. Куыд мын загътой, афтæмæй ныридæгæн дæр архивæй исынц документтæ æмæ архайынц сæ хъуыддæгтыл. Æз бадзырдтон архивы кусæгимæ, цæмæй кæ-мæндæриддæр сбæрæг уой æмæ сын стажтæ ис хæсты рæстæгæй, уыдон, райсой удостоверенитæ æмæ стæй махмæ хыгъды слæууой. Ахæмтæ нæм разынд цалдæр адæймаджы Хъорсеуæй, Къуайса æмæ ма æввахс хъæутæй дæр. Иудзырдæй, нæй афтæ зæгъæн æмæ дзы куыст нæ цæуы», – зæгъы Гатыгкоты Мананæ.
Гатыгкоты Мананæ ма куыд загъта, афтæмæй Уæлахизы бæрæгбонмæ ветерантæй алчидæр райста, цы æхцайы фæрæзтæ сын рахицæн кодтой, уыдон. Арфæйы ныхæстимæ сæ сæ хицæуттыл сæмбæлын кодтой Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы кусджытæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг ветерантæн уыдысты 75 мин сомы æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæн та – 50 мин сомтæ.
Ветерантæй алчидæр хорз зоны районы Ветеранты советы сæрдар чи у, кæм цæры, зонынц ын йæ телефоны номыртæ дæр æмæ сæ чи куыд сарæхсы, афтæ йæ ссарынц сæ хъуыддæгты тыххæй. Ветеранты советы сæрдары лæмбынæг хъусдарды бын нырæй фæстæмæ кæй уыдзысты районы ветерантæ, уый дызæрдыггаг нæу, уымæн æмæ куыстуарзаг сылгоймаг бындуронæй æрæвнæлдта уыдонæн сæ хъуыддæгты сæ фарсмæ æрбалæууынмæ. Йæхæдæг Мананæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ республикæйы Ветеранты советимæ архайдзæн, цæмæй фадæттæм гæсгæ иуварс цæуой районы ветеранты проблемæтæ.
Гатыгкоты Мананæ райгуырдис æмæ схъомыл ис Дзауы районы. Скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны педа-гогон институты филологон факультеты æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй. Институты фæстæ службæ кæнын райдыдта Дзауы районы мидхъуыддæгты хайады æмæ дзы фæкуыста 35 азы бæрц. У барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæг, мидхъуыддæгты министрады ветеран. 2013 азы ацыдис пенсийы. Ис ын кæстæртæ æмæ кæстæры кæстæртæ. Йæ раздæры хорз куысты тыххæй та 2019-æм азы æвзæрст æрцыдис Дзауы районы Ветеранты советы сæрдарæй.
Цхуырбаты Лариса
Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.