АРÆЗТ ЦÆУЫ НОГ РÆВДАУÆНДОН

Скъолайы агъоммæйы кары сабитæн рæвдауæндæтты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уый зындзинад æвзарын кæны сабитæн, сæ хъомылгæнджытæ нæ мæ, сæйраджыдæр, та кусгæ чи кæнынц, уыцы ныййарджытæн. Уымæ гæсгæ æхсызгон цау у,бонæй бонмæ Вокзалгæрон уынджы цы рæвдауæндон арæзт цæуы, уый цырд темптæй кæй рæзы, уый.

Ацы рæвдауæндон дæр арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Уый проектмæ гæсгæ арæзт фæуыдзæн æмæ йæ дуæрттæ сабитæн æрбакæндзæн 2019 азы. Ныртæккæ объекты арæзтадыл кусынц 35 адæймаджы. Ифтонг сты аразæн æрмæджытæй, техникæйæ. Тындзынц кусджытæ сæ куыстæгтыл, цалынмæ хъарм бонтæ хæссы, уæдмæ. Уыдонæй иутæ кæнынц къулсæрдæн куыстытæ, иннæтæ æвæрынц керамикон плиткæтæ, монтаж цæуынц электрохæххытæ, арæзт дзы цæуы хъæрмад, мидæгæй арæзт цæуынц канализацион хæххытæ.

Кусджытæ кусынц æнæ улæфтбонтæй, уымæ гæсгæ фæразæй сты графикæй. Уый та у раппæлинаг хъуыддаг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ объекты сæргълæууæг Уалыты Владиславмæ кæй ис ацы хъуыддаджы стыр фæлтæрддзинад. Уый ма æнгæс рæвдауæндæттæ сарæзта Дменисы æмæ Ленингоры райцентрты дæр.

Вокзалгæрон уынджы рæвдауæндон уыдзæн дыууæуæладзыгон æмæ дзы бынæттæ уыдзæнис 100 сывæллонæн.

Рæвдауæндонæн йæ кæрт дæр æрцæудзæн хæрзарæзт. Ам алы къорды сабитæн дæр арæзт æрцæудзæн, кæм хъазой, ахæм хицæн æмæ хицæн фæзуæттæ. Уыдзæн дзы спортивон фæзуат дæр.

 

ТЫНДЗЫНЦ ФÆНДÆГТЫ ХÆРЗАРÆЗТАДЫЛ

Ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы фæндæгтæ арæзт цæуынц, уыдоны дæр æмызмæлд кæнынц кусджытæ. Тындзынц, цæмæй цалынмæ уазæлттæ, къæвдатæ нæ райдыдтой, уæдмæ бакæной æппæт куыстытæ дæр. Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ кæм æххæст цæуынц, уыдон сты Чиаты Иосифы, Аланты, Къуайсайы, Дмитровы, Руставелийы, Коцты Грийы, Нарты æмæ Джыгкайы фырты уынгтæ.

Ацы уынгтæ се ‘ппæты дæр баивд æрцыдысты коммуникацитæ, хæдзæрттæм уагъд æрцыдысты канализацион æмæ донуадзæн хæххытæ. Фæндæгтæн ист æрцыдис сæ уæлцъар. Ныккалдтой сыл хуыр æмæ ныр та цæуынц асфальтмæ сæ бацæттæгæнæн куыстытæ. Æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц сфидаргонд планмæ гæсгæ æмæ та тагъд ацы уынгтæ дæр суыдзысты нæ горæты фидауц.

 

ГОРÆТЫ АДМИНИСТРАЦИЙÆН – ЙÆХИ КУЛЬТУРÆЙЫ ХÆДЗАР

Цхинвалы горæты администрацийæн, куыд зонæм, афтæмæй нæ уыд йæхи Культурæйы хæдзар. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ горæты сфæлдыстадон коллективтæ архайдтой æндæр æмæ æндæр бынæтты. Ныр афтæ нал уыдзæн. Уынаффæ райстæуыд, цæмæй Профцæдисты хæдзары иу хай концертон зал лæвæрд æрцæуа горæты администрацийы ба-лансмæ. Нырмæ ам архайдта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры коллектив. Ацы коллективæн йæ раздæры бæстыхай кæй сырæзт æмæ байгом, ардæм кæй рацыдысты кусынмæ, уымæ гæсгæ ацы бынат ссæрибар æмæ дзы ныр пайда кæндзæнис горæты Культурæйы управлени. Уырдæм рахизгæйæ сæ уавæртæ бирæ фæхуыздæр уыдзысты горæты архайæг сфæлдыстадон коллективтæн. Сæ бон уыдзæнис алыгъуызон мадзæлттæ уадзын. Горæты администрацийы Культурæйы фæсивæды æмæ спорты управленийы хистæр Тасойты Игоры ныхæстæм гæсгæ, ныр уыдонæн фадат уыдзæн сывæллæттæ æмæ стыртæн дæр алыгъуызон кружоктæ бакæнынæн. Фæлæ уал æй, Игоры хъуыдымæ гæсгæ, нырма хъæуы рог цалцæг скæнын æмæ уый фæстæ та дарддæр сфæлдыстадон куыстмæ æрæвналын. Ам архайдзæн фольклорон ансамбль «Фарн» дæр. Сфæлдыстадон куыст кæнынæй дарддæр ам байгом уыдзæн горæты цæрджытæн кофе кæм бацымой, ахæм бынат дæр.

УЫДИС СЫН

ДЫВÆР БÆРÆГБОН

Горæты балансмæ ма лæвæрд æрцыд Битеты Павелы номыл музыкалон скъолайы бæстыхай. Ацы бæстыхайы раздæр уыдис арæзтадон-монтажгæнæн управлени. Музыкалон скъолайы коллективæн уый тыххæй фехъусын кодтой администрацийы минæвæрттæ, горæты мэр Коцты Аланы сæргълæудæй. Уыдон скъоламæ æрбацыдысты Ахуыргæнæджы боны æмæ коллективæн раарфæ кодтой бæрæгбоны цытæн.

Тасойты Игорь куыд банысан кодта, афтæмæй ацы бон уыдонæн у дывæр бæрæгбон. Ахуыргæнæджы бон дæр æмæ сæ бæстыхай горæты администрацийы ба-лансмæ лæвæрд кæй æрцыд, уый дæр. Уый ма куыд загъта,  афтæмæй скъолайы бæстыхай дæр рог цалцæг æрцæудзæн, цæмæй дзы ахуыры фадæттæ фæхуыздæр уой.

Бæстыхайæн йæ иу хай цалцæг æрцыдис ивгъуыд аз РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы бацамындмæ гæсгæ.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.