Ацы бонты Ленингоры районы цæрджытыл æрцыдис æртæ хорзы: поселочы центры сабитæн арæзт æрцыд рæвдауæндон.

Цъинагары хъæуы капиталон цалцæг æрцыд клуб, Орчъосаны хъæуы та сырæзт астæуккаг скъола æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдон.

Сæ байгомкæныны церемонийы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали, профессор Битарты Зоя, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Фыццаг уал уыдон ацыдысты Ленингоры поселочы рæвдауæн-донмæ. Уый арæзт æрцыдис 100 сывæллонæн.

Рагæй фæстæмæ дæр Чысангом зындгонд у йæ уазæгуарзон адæмæй, сæ кæрдзындæттонæй æмæ ам уазджытыл сæмбæлдысты æртæ уæливых æмæ бæгæныйы куыссиимæ. Президент Бибылты Анатоли, фыццаджыдæр, бацымыдис кодта рæвдауæндоны цал сывæллоны ис æмæ дзы уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты сылгоймæгтæй искæйы куыстмæ райстой æви нæ, уымæ.

Рæвдауæндон байгом кæныны церемонийы хайад райстой сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ дæр.

Йæ раныхасы районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп банысан кодта, уыдон 1-æм июны кæй банысан кодтой сабиты бæрæгбон æмæ абон та кæй райстой ахæм стыр лæвар. Стыр бузныг загъта Стыр Уæрæсейæн йе ‘ххуысы тыххæй.

Зæрдæбынæй уыдысты Бибылты Анатолийы арфæтæ районы цæрджытæ æмæ сæ сывæллæттæн дæр. Йæ раныхасы уый банысан кодта, ацы рæсугъд бон  кæй бахъуыды кæндзысты сабитæ æмæ сæ ныййарджытæ дæр. Ныр сабитæн ам фадат уыдзæн, цæмæй сæм уа æмбæлон æркаст æмæ сæ цайдагъ кæндзысты зонындзинæдтыл. Сæ ныййарджытæн та фадат уыдзæн æдæрсгæйæ куыстмæ ацæуынæн æмæ уый дæр бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейæн йæ ахæм æххуысы тыххæй.

Сабитæн ма зæрдæбын арфæтæ ракодта РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Уый йæ раныхасы банысан кодта, ацы арæзтад фæстаг лæвар кæй нæ уыдзæнис Хуссар Ирыстоны адæмæн Уæрæсейæ, фæлæ сын дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзæнис. Сабитæн та йæ цæст бауарзта, цæмæй рæзой рæсугъд арвы бын.

Сабитæн ма арфæйы ныхæстæ загъта, Ленингоры районы рæсугъд къуымы чи райгуырд æмæ схъомыл, уыцы куырыхон сылгоймаг, профессор, Битарты Зоя. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта сабитæн æмæ загъта, абон стыр бæрæгбон кæй у Чысангомæн.

Ахуыргонд æрдзырдта, кæй бакуыстой ууыл, цæмæй сабитæ ахуыр кæной программæ «Малусæг»-мæ гæсгæ цы чингуытæ арæзт æрцыдысты, уыдонæй. Æмæ сын баныфсæвæрдта рохуаты сæ кæй нæ ныууадзæн,  уымæй.  «Ардыгæй хъуамæ хъуыса ирон дзырд, фысымиуæг дзы кæна ирон фарн», – загъта, уый.

Сабитæн ма зæрдæйыфæндиаг арфæтæ ракодтой РХИ-йы Ахуырады министр Гасситы Натали æмæ Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри.

Афтид армæй не ‘рцыдысты уазджытæ рæвдауæндонмæ. Президент сын балæвар кодта музыкалон центр, РХИ-йы Ахуырады министрад – принтер,  Битарты Зойæ та – ахуыргæнæн чингуытæ.

РАВДЫСТОЙ ДЗЫ ФЫЦЦАГ КОНЦЕРТ

Ленингоры райцентрæй Президент Бибылты Анатоли æмæ йе ‘мбæлццæттæ ацыдысты Цъинагары хъæумæ. Цъинагайрæгтæн сæ бæллицтæй иу уыд, цæмæй сын сцалцæг кæной сæ клуб æмæ та сын фадат уа, раздæр куыд уыд, афтæ, сæ сæрибар рæстæг культурон æгъдауæй æрвитынæн.

Президентон æвзæрстыты рæстæджы Бибылты Анатоли федта, бæстыхай цы уавæры уыдис, уый.   Йæ президентон бартæ куы райста, уæд бахынцыдта цъинагайрæгты домæн æмæ сын капиталонæй сцалцæг кодтой сæ клуб. Ныр зæрдæ рухс кæны йæ уындæй. Хæрзарæзт æрцыдысты йæ астæрд, къултæ æмæ сценæ.

Клуб æрбакæныны церемонимæ æрбацыдысты хъæубæсты цæрджытæ æмæ райгондæй сæмбæлдысты Президент æмæ йе ‘мбæлццæттыл.

Президент цъинагайрæгтæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, æвзæрстыты агъоммæ клуб цы уавæры уыдис, уый. Æрымысыд, се ‘нæразыдзинад куыд æвдыстой æмæ æргомæй кæй дзырдтой, Цъинагар никæй хъæуы, зæгъгæ, хъусдард нæм нæй. Фæлæ уый афтæ нæу, – дзырдта Президент. Цъинагар рохуаты никуы уыдзæн. Здæхт æм æрцæудзæн алыфарсонæй дæр хъусдард, цæмæй дзы цы рæсугъд адæм цæрынц, уыдон амондджын уой, цæрынæн сын æмбæлон уавæртæ уа сæ фæси-вæдæн та фадат уа, сæ рæстæг æмбæлон æгъдауæй æрвитынæн, – дзырдта уый.

«Æмбарын, хъæуæн сæйраг дон кæй у. Сымах та дзы æййафут хъуагдзинад æмæ нæ зæрды ис, Монастъеры хъæуы цы дон ис, уым саразæм бассейн æмæ ардæм æввахс Орчъосан, Абреу, Гдулеты хъæуты цæрджытæ дæр ифтонг æрцæуой донæй». Цæрджытæн æхсызгон уыд уыцы ныхас фехъусын æмæ сæ циндзинад  равдыстой тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Президент цъинагайрæгтæн бамбарын кодта, æппæт дæр арæзт кæй цæуы Уæрæсейы æххуысæй æмæ Марат Кулахметовы номæй бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы адæмæн.

Кæронбæттæны ног цалцæг клубы концерт равдыстой нæ горæты аивæдты лицейы ахуыргæнинæгтæ. Сæ аив зардæй цъинагайрæгты сæхимæ æрыхъусын кодтой зындгонд артисттæ – зарæггæнджытæ Саппиаты Зæлинæ æмæ Гуыцмæзты Георги.

 

АРÆЗТ СЫН ÆРЦЫД СКЪОЛА-РÆВДАУÆНДОН

Орчъосаны хъæуы скъола-рæвдауæндон  арæзт æрцыдис Инвестицион программæйы фæлгæтты. Йæ иумæйаг фæзуат у 1889 квадратон метры бæрц. Скъола-рæвдауæндоны арæзтад дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн.

Ацы хъæумæ бацæугæйæ, Бибылты Анатоли æмæ йе ‘мбæлццæттæ сæхи цæстæй федтой скъолайы ног бæстыхайы.

Нæ паддзахады сæргълæууæг хъæуы цæрджытæн раарфæ кодта  ахæм рæсугъд ахуырадон уагдоны тыххæй æмæ банысан кодта, орчъосайнаг сывæллæттæ кæд нырмæ уæззау уавæрты ахуыр кодтой, уæд сын ныр та фадат кæй уыдзæн æмбæлон уавæрты ахуырдзинад райсынæн. Дзырд дæр ыл нæй, ныр ацы скъоламæ цингæнгæйæ кæй цæудзысты сывæллæттæ дæр æмæ ахуыргæнджытæ дæр.

Ахуыргæнинæгтæ æмæ ныййарджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Ахуырады министр Гасситы Натали дæр.

Скъоларæвдауæндонæн балæвар кодтой музыкалон центр.

Нæ сæ ферох кодта Битарты Зойæ дæр –  балæвар сын кодта ахуыргæнæн чингуытæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.