ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ ЭНЕРГЕТИКОН ФАРСТЫТЫЛ

Италийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Энцо Моаверо Миланези фембæлд УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров æмæ сæудæджерадон базарады министрады сæргълæууæг Денис Мантуровимæ. Италиаг политикæн уый  у Уæрæсемæ йæ фыццаг балц бæстæйы ног хицауады скондмæ куы бахызт, уый фæстæ. Фембæлды рæстæджы уынаффæ кодтой бирæ фарстытыл, уыцы нымæцы дунеон энергетикон проектты Уæрæсе æмæ Италийы  экономикон æмгуыстады позитивон тенденцитыл. «Мах æруынаффæ кодтам «Северный поток-2»-йы алыварс уа-вæрыл, кæцы ныридæгæн æххæст цæуы, æмæ «Турецкий поток»-ы тыххæй», – банысан кодта Лавров. Уæрæсейаг министры хъуыдымæ гæсгæ, проекттæ сты коммерцион, фæлæ уыимæ дзуапп дæттынц европæйаг бæстæты интерестæн.

КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фембæлд йæ словакиаг коллегæ Мирослав Лайчакимæ. «Словакиимæ уæлдай æнгомдæр æмархайд саразын ахъаз кæны дыууæварсон бастдзинæдты рæзтæн. Министрты æмвæзадыл нæ абоны фембæлд бафидар кодта æддагполитикон къабазы нын æнгом æмархайд кæй ис, уый», – банысан кодта Сергей Лавров. Уыдон æруынаффæ кодтой Уæрæсе æмæ Европæйы æмгуыстад фæарфдæр кæныны фарстытыл дæр.

ÆРУЫНАФФÆ КОДТОЙ БЮДЖЕТЫ ПРОЕКТЫЛ

Уæрæсейы Федерацийы Советы æруынаффæ кодтой 2019 азæн федералон бюджеты параметртыл. Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ финансон документы хынцыд æрцыд ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны тыххæй хæрдзты рæзт. Уый æрсидт Нымайæн палатæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй фæтыхджындæр кæна бюджетон фæрæзты хардз кæныны фæдыл контроль.

 

ЙЕНС СТОЛТЕНБЕРГЫ ЦИНИКОН ХЪУСЫНГÆНИНАГ

НАТО-йы генералон секретерь Йенс Столтенберг сербаг телеканал RTS-æн йæ интервьюйы рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ,  1999 азы март-июны мæйты Югославийыл бомбæтæ æркалыны нысан уыд «æмбæстагон цæрджыты бахъахъхъæнын æмæ бæстæйы президент Слободан Милошевичы йæ бынатæй тагъддæр раппарын». Уыимæ НАТО-йы генералон секретарь йæ интервьюйы размæ лекци бакаст Белграды университеты филологон факультеты студенттæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæсын хъæуы ивгъуыдмæ нæ, фæлæ фидæнмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цæгататлантикон альянс хæцы Серби æмæ Косовойы ‘хсæн диалог æмæ бы-цæудзинæдтæ аиуварс кæныны æвварс.

СРÆМЫГЪД ЧЕРНИГОВОЙЫ ЦУР

Украинæйы Черниговойы  цур   æфсæддон æфтауцдоны æрцыд срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн райдыдта зынгсирвæзт æхсæвы æртæ сахатыл. Горæт Ичнямæ æввахс 10 мин цæрæджы эвакуаци æрцыдысты. Уæлвæткон уавæрмæ гæсгæ æхгæд æрцыд уæлдæфон тыгъдад, 20 километры радиусы урæд æрцыд поездты змæлд. Бынаты райтынг æрцыд  штаб.

ФÆМÆНГ КОДТА НЕЛЕГАЛТЫ АРХАЙД

Санкт-Петербург æмæ Петрозаводскы Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæ баурæдтой, сусæгæй хæцæнгарз чи арæзта, уыцы къорды хайадисджыты. Уыдонмæ разынд 36 хиаразгæ бомбæйы, æхсæн хæцæнгæрзты 19 иуæджы æмæ 1,3 килограммы рæмудзæн æрмæг. Афтæ ма ссардæуыд хæцæнгæрзтæ, цалцæггæнæн æмæ рæмудзæн æрмæджытæ аразыны фæдыл лаборатори. Ссардæуыд Макаровы пистолеттæ «Люгер», Мосины винтовкæ, гранатæтæ æмæ 1,4 мин гилдзы.

АИУВАРС КОДТОЙ ТЕРАКТТЫ

Æдасдзинады федералон службæ 2018 азы аиуварс кодта æхсæз теракты Уæрæсейы территорийыл, – уый тыххæй фехъусын кодта Æдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бортников. Æппæт теракттæ дæр цæттæ цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды. «Урæд æрцыдысты 63 бандиты æмæ 142 æххуысгæнæджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ноджы 50 боевикы та куынæг æрцыдысты, уыдоны ‘хсæн уыдысты Цæцæны æмæ Дагъыстаны архайæг террористон къордты сæргълæуджытæ. Бортников хъусдард аздæхта уымæ, æмæ дунеон террористон организациты хайадисджытæ ноджы арæхдæр кæй фæлварынц сæ къордтæм æнахъомты æрбакæныныл. 20 августы теракты фæстиуæгæн Цæцæны хъыгдард баййæфтой фондз полициаг æмæ дыууæ æмбæстаджы. Цыппар боевикы куынæг æрцыдысты. Террористтæй  цыппар уыдысты, 18 азы дæр кæуыл нæ цыд, ахæмтæ.

«ТУРЕЦКИЙ ПОТОК»-Ы ТЫХХÆЙ

УФ-йы Энергетикæйы министр Александр Новак фехъусын кодта, зæгъгæ, «Турецкий поток»-ы денджызон хайæн цæттæ у йæ 85 проценты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, газуадзæныл газ дæттын райдайдзысты 2019 азы кæрон. Газуадзæн «Турецкий поток»-ы денджызон фадыджы арæзтад «Газпром» райдыдта 2017 азы майы мæйы. Денджызон фадыг ацæудзæн Сау денджызы бынты Турчы донбылгæрæтты онг. Йæ дæргъ у 930 километры.

АХСТ ÆРЦЫД

Болгарийы полици буæрдæта болгайраг журналисткæ Виктория Мариновайы сырдон æгъдауæй амарынæй зæрдæ кæмæ фехсайдта, уыцы адæймаджы. Мариновайы коллегæтæ журналисты амæлæт бæттынц йæ профессионалон архайдимæ, кæцы куыста Скæсæйнаг Европæйы бæстæтæн рахицæнгонд Евроцæдисы фонды финансон фæрæзтæ давыны хъуыддаг раиртасыныл.

АГУРЫНЦ САУДОВАГ ЖУРНАЛИСТЫ

Ныр иу къуырийы дæргъы Стамбулы агурынц саудоваг журналист Джамал Хашоггийы. Саудоваг зынгæ журналисты фæстаг хатт федтой консулады территоримæ бахизгæйæ. Туркаг чиновниктæ æнхъæлынц, зæгъгæ, номхуындæй, уым амардтой Хашоггийы. Турчы президент Эрдоган загъта, зæгъгæ, уый сæрмагондæй йæ хъус дары уавæрмæ. Консулады журналист хъуамæ райстаид документтæ йæ раздæры цардæмбалимæ ахицæны æмæ ногæй чындзæхсæв скæныны тыххæй. Саудоваг чиновниктæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, уый уайтагъд ацыд консуладæй, фæлæ йæ уарзон чызг, кæцы йæм æнхъæлмæ каст æддейæ, загъта, зæгъгæ,  Джамал уырдыгæй нæ рахызт. Саудоваг дипломаттыл æууæндæн нæй, уымæн æмæ Хашогги зындгонд у йæ критикон æрмæджытæй Саудоваг Аравийы сæргълæуджыты тыххæй.

 

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.