Нæ горæты цæрджытæй бирæтæ хорз хъуыды кæнынц Советон Цæдисы рæстæджы, цалынмæ ирон адæмы ныхмæ гуырдзы хæст нæ расидтысты, уæдмæ нæ чысыл, уарзон Цхинвал куыд рæсугъд уыд, уый. Уалдзæджы æрбалæудимæ-иу Цхинвал цъæхвæлыст горæт фестад.

Фæлæ уал азы хæстон уавæрты цæргæйæ, нæ горæт бонæй-бон цауддæр кодта. Бæлæстæ дæр æвыдæй нæ аирвæзтысты зна-джы нæмыгæй, бирæтæ дзы, хъæдхъиутæй цасдæр фæлæууыны фæстæ, бахус сты. Горæты уынгты ма æвыдæй цы бæлæстæ баззадысты, уыдон та мæгуыргъуызтæй кастысты, раст цыма æнæмсæр хæсты фæмардуæвæг Ирыстоны æдзард зынгхуыст хъæбултыл хъынцъым кодтой, уыйау.

Нæ уарзон, хæстæфхæрд горæтæн гас кæнынц йæ уæззау хъæдгæмттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ горæты уынгты абоны уавæрæн абарæн нæй, фондз-æхсæз азы размæ дæр ма цы уавæры уыдысты, уыцы уавæримæ.

Ныр азæй-азмæ фылдæр кæны нæ горæты хæрзарæзт уынгты нымæц. Нæ уарзон, хæстфæхæрд горæт йæ хуыз ивы, рæсугъддæр кæны нæ цæстыты раз. Ивгъуыд азты цалцæг æрцыдысты бирæ уынгтæ. 2015 азы хæрз-арæзт æрцыд Октябры уынг дæр. Уынг афтæ тынг рафидыдта æмæ ссис нæ горæты цæр-джыты уарзондæр уынгтæй сæ иу. Куыд боныгон, афтæ изæрыгæтты дæр Октябры уынджы змæлы бирæ адæм, фæтезгъо дзы кæнынц  куыд æвзонг, афтæ хистæр кары адæймæгтæ дæр. РХИ-йы раздæры президент Тыбылты Леониды хорз хъуыддæгтæ ныр та дарддæр кæны Хуссар Ирыстоны ныры президент Бибылты Анатоли æмæ йын æнтысгæ дæр кæны.

О, фæлæ уынгтæ хæрзарæзт куы æрцæуынц, уæд та сæ фæхъæуы цъæхфæлыст скæнын, алыгъуызон декоративон бæлæстæ æмæ дзы дидинджытæ ныссадзын, цæмæй ноджы рæсугъддæр фидауой. Ацы хъуыддагмæ се стыр хайбавæрд хæссынц нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæх-вæлыстгæнæн хайад кусджытæ ландшафт-дизайнер Пæрæстаты Иринæйы сæргълæу-дæй. Ацы хайады кусджытæ цы стыр куыст кæнынц нæ горæты рæсугъддзинады тыххæй, уымæн аргъ кæнын хъæуы, уæлдайдæр та фондз æвзонг сылгоймагæн, кæцытæ нæ го-рæты уынгты тауынц алыгъуызон дидинджытæ, кæрдæг, æмæ садзынц декоративон къутæртæ.

«Нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ горæты афтæ срæсугъд кæнæм æмæ нæм æрцæугæ уазджытæ тæхуды куыд кæной, бынæттон цæрджытæ та уынгты уындæй æхцондзинад цы исой. Цæмæй нын фылдæр бантыса, уый тыххæй фæкусæм райсомы авд сахатæй изæрдалынгтæм, бакусæм улæфтбонты  дæр. Нæ горæты уынгтæ æмæ сквертæ хъуамæ æркæнæм æмбæлон хуызмæ», – загъта Пæрæсататы Иринæ.

Æмæ, æцæгæйдæр, хæрзарæзтады комбинаты кусджытæн улæфтбонтæ дæр нæй. Ныр сæ дыууæ  сабаты  фæд-фæдыл баййафын уынгты  кусгæ, чи сæ газонты мæр къахы, чи та сæ къутæртæ садзы.   Ацы бонты кусджытæ ландшафт-дизайнер Пæрæстаты Иринæйы сæргъ-лæудæй къутæртæ садзынц Хъайтарты уынджы астæуæй цы дихгæнæн уаццаг ис, уым. Уый размæ азты уым æрвылаз дæр сагътой алыгъуызон  дидинджытæ,  фæлæ  ныр аскъуыддзаг кодтой, декоративон къутæртæ дзы ныссадзын. «Мах аскъуыддзаг кодтам уым декоративон къутæртæ ныссадзын, уымæн æмæ  æрвылаз дидинджытæ садзын иуæй зынаргъ лæууыд, инæмæй та сыл цæрджытæ дæр нæ аудыдтой. Чидæртæ-иу дидинджытæй давгæ дæр акодтой, чи та-иу сыл къахæй балæгæрста уынджы иу фарсæй иннæмæ хизгæйæ. Стæй дзы декоративон къутæртæ ноджы рæсугъд-дæр рафидаудзысты. Ин-нæмæй та сæ æрвылаз садзын нæ хъæудзæн», – радзырдта Пæрæстаты Иринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы иурæстæджы кусдзысты 9-æм маймæ – Уæлахизы бонмæ Æнусон арты цур срæсугъд кæныныл дæр. «Уæдмæ нын æрласдзысты алыгъуызон дидинджытæ æмæ сæ ныссадзыстæм нæ го-рæты уынгты. Фыццаг рады Джиоты Аланы проспектыл æмæ Сталины уынджы. Уый фæстæ ахиздзыстæм  иннæ уынгтæм дæр. Иуæй-иу уынгты газонты та байтаудзыстæм кæрдæг. Иудзырдæй, тынг æнæвдæлон стæм, уымæн æмæ нын ис бирæ куыст. Тынг нæ фæнды нæ горæт срæсугъд кæнын æмæ ууыл зæрдæбы-нæй архайгæ дæр кæнæм, фæлæ нын цæр-джытæй бирæтæ нæ куыстæн бынтондæр нæ аргъ кæнынц. Æххуысы бæсты нын нæ куыстыл фыдаудæн кæнынц. Ноджыдæр мæ  иу хатт уæ газеты фæрцы фæнды цæрджытæм бахатын, цæмæй нын нæ архайдыл фыдаудæн ма кæ-ной, мах дæр сæ сымах тыххæй аразæм æмæ сыл аудут», – радзырдта  ландшафт-дизайнер.

Пæрæстаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ сын баххуыс кæнынц хæрзарæзтады кусджытæ- газонтæ къахынмæ сæм фæкæсынц.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.