Æрвылаз дæр 22-æм марты нысан цæуы доны ресурсты дунеон бон. Бæрæгбонæн бындур æвæрд æрцыд æхсæнады хъусдард доны объектты уавæрмæ аздахыны æмæ сæ рационалонæй  спайда кæныны нысанæн. Æнæ донæй зæххыл цардæн гæнæн нæй. Дон у, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм элемент, кæцы не ‘рвылбонон царды ахсы иууыл сæйрагдæр бынат. Уæлдæфау дон дæр æнæмæнгхъæуæг у зайæгойты æмæ цæрæгойты дунейæн.

Статистикæмæ гæсгæ, доны ресурсты нуазыны доны иумæйаг гуырахсты фæсауæрцтæ сты æрмæстдæр 3,5 проценты. Бирæ паддзахадтæ, уæлдайдæр та африкæйаг континенты, æвзарынц доны карз дефицит. Æгæрыстæмæй, иуæй-иу размæдзыд паддзахадты ‘хсæн доны ресурсты тыххæй сæвзæры ныхмæлæудтытæ дæр.

Хуссар Ирыстон хъæздыг у доны ресурстæй. Уымæн ахъаз кæны, хæххон  æмæ хохрæбыны зонæйы кæй ис, уый. Республикæйы территорийыл ис цалдæр егъау цæугæдоны: Стыр Леуахи, Чысыл Леуахи, Чысандон, Джоджора, Лехура, Скæсæйнаг Проне, Ныгуылæн Проне, Астæуккаг Проне, Медзыда, Лопандон æмæ æндæртæ. Къозы æмæ Эрцойы хъæуты ис цæдтæ. Арæзт æрцыдысты Зонкъары æмæ Цъунары донæмбырдгæнæнтæ.

Республикæйы территорийыл алыран дæр парахат сты суадæттæ æмæ артезиайнаг дæттæ. РХИ-йы Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны доны фонды объектты иумæйаг фæзуат у республикæйы территорийы 15 проценты. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ нуазыны донæн ссарæн кæй ис практиконæй нæ республикæйы территорийы кæцыфæнды бынаты дæр.

Хуссар Ирыстонæн йæ бон у йæхицæй раппæла йæ минералон дæттæй дæр. РХИ-йы Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты сæргълæууæг Бестауты Балайы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы территорийыл бæрæг сты 150 егъау донгуырæны. Сæ сæйраг хай ис Дзауы районы. «Бæгъиаты комы ныббур кодтой 12 скважинæйы, уыимæ сæ алкæмæн дæр ис доны хицæн æмæ хицæн сконд. Лабораторон анализтæ бафидар кодтой минералон дæтты хосгæнæн миниуджытæ», – загъта Бестауты Бала.

Уыдон хъæздыг сты пайдайы компоненттæй, амонынц сæ зæрдæдадзинты системæйы, ахсæн-тъæнгты, цармы, æрхджыты æмæ æндæр органты низты ныхмæ тох кæнынæн. Паддзахадон куыстуат «Бæгъиаты» завод æмæ цалдæр хисæрмагонд фирмæйы архайынц нуазыны æмæ минералон дæттæ уадзыныл. Пайда сты нæ минералон дæттæ ваннæтæ исынæн дæр. Республикæйы гæнæн ис бальнеологи æмæ æндæр хосгæнæн-æнæнизгæнæн центртæ рæзын кæнынæн. Ахæм хосгæнæндæттæ  абон кусынц æрмæстдæр Знауыры районы Нагутнийы æмæ Дзауы районы Згъуыбиры хъæуты. Ныфс нæ ис, æввахс рæстæджы ма кæй скусдзæн донæй ноджы иу хосгæнæндон. Уый та ис Дзауы районы Къодибыны хъæуы. Советон Цæдисы рæстæджы ацы хосгæнæндонæн йæ ном хъуыст уыд дардыл. Цыдысты йæм Цæдисы алы къуымтæй æмæ-иу райгондæй аздæхтысты фæстæмæ.

Цæмæннæ фаг кæны нуазыны дон?

Нуазыны дон нæм бирæ кæй ис, уымæ нæ кæсгæйæ, республикæйы иуæй-иу цæрæн пунктты æнкъардæуы доны хъуагдзинад. Цхинвалы проблемæ хайгай скъуыддзаг æрцыд Уанат-Цхинвалы уæлæмхас донуадзæны фæрцы. Республикæмæ дон фылдæр цæуы Едысы хъæуæй. Йæ рæстæджы дзы иртасæнтæ чи арæзтой, уыцы уæрæсейаг специалисттæ йын скодтой стыр аргъ. Уанаты дон дæр нымад цæуы гъæдджыныл. Æрвылаз дæр куыст цæуы республикæйы районты донифтонгад фæхуыздæр кæныныл, арæзт цæуынц ног донуадзæн хæххытæ. Фæлæ уæддæр абоны онг дæр хъæутæй бирæтæ фаг ифтонг нæма сты нуазыны донæй. Ныфс нæ ис, ацы проблемæ дæр скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уымæй.

Хъæуы эффективон мадзæлттæ райсын

Бестауты Бала та радон хатт йæ катайдзинад равдыста, не ‘мбæстæгтæй бирæтæ республикæйы æрдзы лæвæрттæн кæй нæ аргъ кæнынц æмæ сæ алыгъуызон брæттæй кæй йедзаг кæнынц, уый тыххæй. «Уанелы хъæуæй иу километры бæрц рацæугæйæ, иуæй-иу æдзæсгом æмæ æнæмбаргæ адæймæгтæ доны ныккалдтой машинæйы цæлхытæ, кæцытæ нæ бацæудзысты дыууæ КАМАЗ-ыл дæр. Иумæйагæй Леуахийы былтыл цæрджытæ калынц алыгъуызон брæттæ æмæ сæрдыгон тæвд рæстæджыты доны найгæ нæ, фæлæ дзы  иу былæй иннæмæ адæймаг нал ахиздзæн, афтæ йæ байдзаг кодтой брæттæй. Уавæрæй пайда кæнгæйæ, ноджыдæр хатын нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй Леуахийы мауал калой сæ брæттæ, фæлæ сæ ласой æмбæлон бынæттæм», – банысан кодта Бестауты Бала.

Иннæ ахæм арæзтадон организацитæй бирæтæ хуыр, змис къахынц цæугæдæтты донвæдты, уыимæ æнæзакъонæй æмæ æнæ  проект саразгæйæ. Нæ хъахъхъæнынц æнæмæнгхъæуæг фæткойтæ дæр æмæ уый та æркæны доны æмвæзад фæныллæгдæр кæнынмæ. Адæймаджы ахæм архайд тынг æвзæр æндавы цæугæдæттыл. Комитет регулярон æгъдауæй уадзы рейдтæ, саразы акттæ барадхалынæдты тыххæй æмæ сæ радты барадхъахъхъæнæг органтæм. Фæлæ æмбæлон службæты хъæуы ацы здæхты куыст фæтыхджындæр кæнын. Специалист куыд банысан кодта, афтæмæй ис алыгъуызон варианттæ, кæцытæ фадат дæттынц экологийæн æнæ зианæй хуыр æмæ змис къахынæн. Æнæмæнгхъæуæг у, доны объектты чи чъизи кæны, уыдоны ныхмæ иууыл карздæр мадзæлттæ исын. Цæугæдæттæм калынц арæзтадон брæттæ дæр. Машинæтææхсæн бынæттæй чъизи дон марг буарадимæ бахауы Леуахимæ æмæ хæссынц стыр зиан экосистемæйæн. Систематикон æгъдауæй хъæуы цæрджытимæ æмбарынгæнæн куыст кæнын, афтæ ма тымбыл фынгтæ, тематикон конференцитæ организаци кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Доны фæсаурæцтæ, уыцы нымæцы нуазыны дон дæр, Хуссар Ирыстоны нырма фаг кæнынц, фæлæ йæ алчидæр хъуамæ æмбара, уыдон æгæрон кæй не сты, уый. Доны ресурстæм аудгæ ахаст дарын фадат ратдзæн сæ бахъахъхъæнынæн фидæны фæлтæртæн. Нæ хъæуы æнæхъуаджы доны крантæ гомæй уадзын. Ахæм нывтæн арæх фенæн ис нæ горæты бирæуæладзыгон корпусты рæзты, хисæрмагонд хæдзæртты кæртыты æмæ афтæмæй цæрджытæй та бирæтæн дон нæ фæфаг кæны. Популярон советон зарæджы куыд зардæуы: «Без воды и ни туды, и ни сюды». Цæй æмæ бахъахъхъæнæм æрдзы диссаджы лæвар, уымæн æмæ æнæ донæй цæрæн нæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.