ТÆМÆН КАЛДЗÆН СПОРТИВОН СКЪОЛА

Спорт нæ рæзгæ фæсивæды царды ахсджиаг бынат кæй ахсы, стæй дæр се ‘нæниздзинадæн стыр ахъаз кæй у, уый бахынцыдта нæ республикæйы разамынад æмæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй цалцæг æрцæуа спортивон скъола æмæ фæсивæд æнтысгæйæ архайой спорты æндæр æмæ æндæр хуызты. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы скъола рагæй нал уыд цалцæггонд, куыд йæ æдтейæ, афтæ мидæгæй дæр. Ныр, тагъд йæ хуыз скалдзæнис. Мидæгæй цалцæг æрцыдысты цалдæр кусæн хатæны. Æмбæлон уагмæ æркодтой уæззау атлетикæйы зал æмæ дзы адæймаг исы æхцондзинад. Скъолайы иннæ залтæ æмæ хатæнтæ дæр цалцæг æрцæудзысты цадæггай. Æппæт цалцæггæнæн куыстытæ дæр баконд æрцыдысты нæ республикæйы бюджеты фæрæзтæй.

Скъолайы директор Бибылты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй бæрæг æхцайы фæрæзтæ æрвылаз дæр хицæн цæудзысты республикæйы бюджеты фæрæзтæй æмæ та фидæн азы адарддæр кæндзысты цалцæггæнæн куыстытæ.

 

СКЪОЛА ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫ ЙÆ ФИДÆНЫ СТУДЕНТТÆМ

Нæ горæты Тугъанты Маахарбеджы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны райдыдтой исæн фæлварæнтæ. Ардæм ахуыр кæнынмæ  бацæуыны тыххæйсæ гæххæттытæ бавдыстой 16 абитуриенты.

Сколайы директор Зассеты Сæрмæт куыд зæгъы, афтæмæй, ахуыргæнæндонмæ бацæуыны тыххæй абитуриенттæ фæлварæнтæ дæтдзысты нывкæнынæй, уырыссаг æвзаг æмæ композицийæ. Ахуыр та кæндзысты ахæм факультетт, куыд дизаин, хъæдæй аив нывæфтыдтытæ аразын æмæ станкæйон нывкæнынад.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ам цы студенттæ сахуыр кæнынц, уыдонæн сæ зонындзинæдтæ вæййынц бæрзонд æмвæзадыл æмæ хайад фæисынц æндæр æмæ æндæр равдыстыты, конкурсты свæййынц дипломты, грамотæты хицæуттæ.

Ацы аз дæр дзы цы 8 рауагъдоны уыдис, уыдон се ‘ппæт дæр сæ дипломон куыстытæ фæлварæнисæн къамисы раз бахъахъхъæдтой æнтысгæйæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.