Абон йæ 50 азы юбилей нысан кӕны номдзыд ирон богал, Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командæйы сӕйраг тренер, Цӕгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутат Тедеты Дзамболат. Йӕ юбилеймӕ Уӕрӕсейæ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕудзӕнис бирӕ адӕм:  спортсментӕ,  политиктӕ, йӕ бирӕнымӕц ӕмбӕлттӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ.  Ӕз дӕр ын зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнын ӕмӕ йын лӕвар кӕнын ацы ӕмдзӕвгӕ.

Чел-Ӕхсӕртӕг

ТЕДЕТЫ ДЗАМБОЛАТЫ ЮБИЛЕЙМӔ

Ӕрдӕг ӕнус! Фӕндзай азы та азтӕй,

Дӕ фыдӕлтӕн йӕ уӕзӕгыл цӕрыс.

Фӕндзай азы лӕггад кӕныс дӕ Ирӕн

Сӕрбӕрзондӕй ИРОНы ном хӕссыс.

 

Сӕрӕнгуырд дӕ ӕнӕмӕнг ды, ДзамБОЛАТ!

Ирыстон дӕ мӕнгӕй сӕрыстыр нӕу.

Нӕртон БОЛАТ ды бавӕрдтай дӕ уды,

Дӕ номы кад хӕссы бӕрзӕндты дӕу.

 

Уыдис рӕстӕг,  хъӕбысӕйхӕст ӕрнымӕг,

Ирыстонмӕ уӕд хатджытӕ ӕрцыд.

Уырысӕн уӕд сӕйраг тренер фыццаг хатт

Нӕртон иронгуырд Цъорбисаг фӕзынд.

 

Рӕстдзӕвин тренер разындтӕ Мӕскуыйӕн,

Дӕсны богалтӕ гауызтыл фӕзынд.

Олимп ӕмӕ Дунейы уагъд турнирты

Уæрæсейы ном ногӕй фыст ӕрцыд.

 

Дӕ фӕрцы ныр ирон богалтӕ сгуыхынц,

Нӕ зӕрдӕты нын циндзинадмӕ хонынц.

Рӕмонты Сос чемпионы ном куы райста,

Ирон тырыса Дуне хи цӕстӕй уӕд федта.

 

Фыдызӕххыл уӕззау бонтӕ куы кодта,

Куы нӕм бырстой хъулгъа ӕмӕ гуырдзы

Нӕ бамбӕхстӕ, лӕгдзинад ды ӕвдыстай,

Дӕ хайбавӕрд уӕлахизӕн «ӕрвыстай».

 

Нӕ фӕсивӕд нӕ рох кӕнынц нырма

Ды гауызтӕ, хӕдтулгӕтӕ куы ‘рвыстай.

Фыццаг залтӕ куы гом кодтай Цхинвалы,

Нӕ кӕстӕртӕн ӕхцондзинад уӕд хастай.

 

Ныр абон та уӕззау дуджы дӕ хъуыдытӕ…

Дӕ зӕрдӕйӕн йӕ сагъӕссаг,  йӕ риссӕгтӕ…

Нӕ нацийӕн йӕ сӕрвӕлтау рӕстаг дзырдтӕ

Цӕгат Ирӕн йӕ Парламентӕй ракӕныс.

 

Кӕсыс, дӕ юбилейы дуне адӕм бадынц,

Нӕртон нуазӕнтӕ, гаджидаутӕ уадзынц.

Рӕстагзӕд, Уастырджимӕ хатынц,

Дӕ кӕстӕртӕн сӕ сомбоны фӕдзӕхсынц!

 

О, чи ныййардта ахӕм фырт нӕ Ирӕн,

Дӕ ныййарджытӕн стыр зӕрдӕйӕ кувынц !

Дӕуæн та, Джабо, рухсзæрдæйæ дзурынц,

Æнусыбӕрц нын нӕнизӕй цы цæрай!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.