2008 азы 21 августы сыгъд æмæ пырх Цхинвалмæ легендарон маэстро Гергиты Валери Мариинаг театры коллективимæ куы æрцыд, уыцы боныл знон, къуырисæры сæххæст 15 азы.
Хуссар Ирыстоны нырыккон историмæ 2008 азы августы мæй бацыд куыд трагикон, афтæ хъысмæтскъуыддзаггæнæг мæйæ дæр. 8-æм августы Цхинвалыл гуырдзиаг авиаци калдта бомбæтæ, цæрæн кварталты комкоммæ æхстой алыгъуызон уæззау хæцæнгæрзтæй, уый фæстæ та горæтмæ бронетехникæйы æххуысæй цæуын райдыдта фистæг æфсад. Сæ фæндагыл уыдон мардтой алкæйы дæр æмæ пырх кодтой алцыдæр. Фæлæ агрессор нæ басаста рæстаг адæмы. Æвæццæгæн, дунейы  нæ разындзæн йæ хæдбардзинадыл чи тох кæны, уыцы адæмы чи басæтта, ахæм тых.

 

Уыцы уæззау бонты Хуссар Ирыстонмæ се ‘ххуысы къух бирæтæ фæдаргъ кодтой куыд материалон, афтæ моралон æгъдауæй дæр. 2008 азы 21-æм августы, хæстон архайдтыты фæстæ уайтагъд йæ адæмы фарсмæ балæууыд легендарон маэстро Гергиты Валери Мариинаг театры коллективимæ. Уый йе ‘рцыдæй егъау моралон æххуыс бакодта йæ хæствæллад Ирыстонæн. Уыцы изæр концертмæ æрбацыд тынг бирæ адæм.

Гергийы фырты гениалондзинад фадат радта ирон адæмы трагедийы тыххæй  дунейæн рæстдзинад фехъусын кæнынæн. Уымæн æмæ ныгуылæйнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ зыгъуыммæ инфор-маци лæвæрдтой Хуссар Ирыстоны цауты тыххæй. Маэстро та алыгъуызон трагикон цауты рæстæджы æнæ хъусдардæй нæ ныууадзы хъыгдардбаййафджыты. Куыд зæгъæм, 2004 азы Беслæны, 2008 азы Хуссар Ирыстоны, 2016 азы сирийаг Пальмирæйы амæттæгты фарсхæцынады концерттæ. Уымæй дарддæр ма Гергиты Валери æвæлмасæй нæ баззад Волгограды теракт, Венецийы тыхджын донивылдтытæ, Тайланды тæссаг цунами, Японы зæххæнкъуыст æмæ фæстаг ссæдз азы дæргъы æндæр трагикон цауты рæстæджы.

Фæлæ уæддæр Хуссар Ирыстоны концертæн ис уæлдай стырдæр нысаниуæг, уымæн æмæ Гергийы фырт фактон æгъдауæй рацыд объективон информаци зыгъуыммæ кæныны пропагандистон кампанийы ныхмæ. Уый тыххæй йæ бахъуыд Стырбританийы Лондоны симфонион оркестримæ йæ ралæуды фæдыл æрмæст йæ плæнттæ аивын нæ, фæлæ ма Мариинаг театры симфонион оркестры маршрут фæивын дæр – Эдинбургы фестивалы бæсты оркестр æрцыд Цхинвалмæ.

Уæд, 15 азы размæ, цыппар хæдтæхæджы Петербургæй Дзæу-джыхъæумæ æрластой 140 тоннæйы декорацитæ æмæ 60 музыканты. Уый фæстæ та сæ уæзласæн автотранспортыл æрхæццæ кодтой Цхинвалмæ. Стыр куыст бакодтой сапертæ дæр. Уыдон ссыгъдæг, кодтой, концерт ауадзыны бынаты чи не спырх, уыцы хæстон æрмæджытæ æмæ схъистæй.

 

 Концерты фæрцы раргом рæстдзинад

Гергийы фырт тырныдта йæ ирон адæмы фарсмæ балæууынмæ æмæ мæнг информаци æруромынмæ, ирон зæххыл сабырдзинад сфидар кæнынæн баххуыс кæнынмæ. «Æз бирæ фæхъуыды кодтон, цæмæй республикæйы сабырдзинад æрлæууа, уый тыххæй цы саразын хъæуы, ууыл. Æмæ мæ ныр ныфс ис, адæм кæй базондзысты рæстдзинад 7-8 августы цауты тыххæй. Хæсты фыццаг бонты Герман, Стырбритани æмæ Швейцарийы дзыллон информацийы фæрæзты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ ахъуыды гæнæн уыд, цыма æрмæстдæр уырыссæгтæ рарвыстой сæ танкæтæ, æмæ гуырдзиæгтæ та сты ацы конфликты хъыгдардбаййафæг фарс. Цыма уыдон бынтондæр нæ хъавыдысты Цхинвалы зæххы уæлцъарæй фесафынмæ», – банысан кодта маэстро, Цхинвалмæ куы æрцыд, уæд.

Фæстæдæр йæ ралæуды фæдыл комментариты банысан кодта, «сыгъд Парламенты бæстыхайы асинтыл Мариинаг театры концерт бирæтæн байгом кодта сæ цæсты-тæ Хуссар Ирыстоны æцæгæйдæр цы æрцыд, уый тыххæй. Концерты фæстæ бафиппайдтон, европæйæгтæй бирæтæ æмæ, æгæрыстæмæй, иуæй-иу америкæйæгтæ дæр кæй фæлвæрдтой, æцæгæй цы æрцыд, уый базонынмæ». Ныгуылæйнаг дзыллон информацийы фæрæзты  реакцийæ бæрæг уыд, маэстройы ныхæстæ раст кæй уыдысты, уый. Зæгъæм, бритайнаг «Таймс» фидар кодта, зæгъгæ, «маэстро ацы концерты музыкæйæ сарæзта уæрæсейаг æддагон политикæйы инструмент». «Нью-Йорк таймс»-ы ‘рдыгæй та критикæ расайдта уыцы факт, зæгъгæ, Гуырдзыстоны фарсхæцынады тыххæй Эстонийы цы концерт уагъд æрцыд, уымæй «Хуссар Ирыстоны концертмæ æнæмбæлонæй аздæхтой фылдæр хъусдард». Англисаг «Гардиан» фыста, зæгъгæ, концерты симфони равзарыны зыны интригæ. «Шостакович  йæ симфони равдыста Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы, нацисттæ Ленинград бацахсынмæ куы бахъавыдысты, уæд. Ацы хатт та ирдæй разынд, нацистты ролы гуырдзиæгтæ кæй уыдысты, уый», – фыста уацы автор.

Блокадон Ленинградæн зынгæ композитор Шостакович йæ æвдæм симфони ацагъта 1942 азы 9-æм августы, ома, гермайнаг командкæнынад радон хатт Ленинграды штурмæй сисынмæ куы бахъавыд, уыцы бон. Фæлæ 2008 азы куыд Цхинвал, афтæ Ленинград дæр бафæрæзта. Симфони у дунейæн зæрдыл æрлæууын кæнынæн, зæгъгæ, Ленинграды блокадæйы тæссагдзинад фæлхатт мауал хъуамæ æрцæуа. «Ацы концертæй бафæлвæрдтон хуссарирыстойнаг адæмы маст иуцъус фæрогдæр кæнынмæ. 7-æм симфони у æнæ-аххос адæймæгты марыны ныхмæ протест. Цхинвалы дæр æрцыд ахæм трагеди. Чысыл горæт. Æхсæвы иууылдæр фынæй кæнынц. Афтæмæй горæтмæ бацыдысты гуырдзиаг танкæтæ, Цхинвал бахаудта егъаукалиброн хæцæнгæрзты æхстыты бын», – банысан кодта маэстро.

Гергиты Валерийы концерт Цхинвалы: аивад – мæнгдзинадæй тыхджындæр

«Вам – живым и погибшим. Тебе – Южная Осетия»

Ахæм фыстимæ баннерты бын 2008 азы 21 августы Парламенты пырхæнты раз ралæууыд Мариинаг театры коллектив. Цалынмæ концерт нæ райдыдта, уæдмæ æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Гергийы фырт уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл. Йæ алы ныхасы дæр æнкъардæуыд йæ адæмы рыст. Хъусджыты рустыл та æруадысты судзгæ цæссыгтæ, уыдон уыдысты масты, æмæ уыцы иурæстæджы, ныфсы цæссыгтæ дæр. Шостаковичы 7-æм симфонимæ хъусгæйæ, цхинвайлæгты цæстыты раз ногæй сыстадысты цалдæр боны размæйы бавзаргæ тæссаг хæстон цаутæ. Афтæ сæм каст, цыма музыкæ дзуапп кæны рыствæллад адæмы фарстатæн. Уыдон та уыдысты ахæм: кæд æрцæудзæн кæрон гуырдзиаг агрессийæн?.. Цас ма хъуамæ тох кæнæм нæ хæдбардзинады сæрыл?..

Нæ зæрдыл лæууы, концерты фæстæ маэстро цыбыр интервью радта журналисттæн: «Бахатыр кæнут, æз нырма дæн, цы диссæгтæ федтон,  уыцы тæлмæнты бын. Уый æнхъæл нæ уыдтæн… Уый æбуалгъдзинад æмæ стыр фыдракæнд у… Махæн нæ бон у æнæ-хъæн дунейæн зæгъын, зæгъгæ, Цхинвал у горæт-хъайтар. Цхинвал дыккаг Сталинград у… Ам алцыдæр пырх æрцыд… Беслæн æмæ Цхинвал… – мæ адæмы дыууæ трагикон моменты. Уæ рыст уын дих кæнæм æз дæр æмæ мæ коллегæтæ дæр.  Уæ фæстæ ис стыр бæстæ, сымахимæ сты æппæт планетæйы растхъуыдыгæнæг адæм, æмæ нæ ныфс ис, ацы зæхх дидин кæй æфтаудзæн, уымæй. Цхинвал, æнæмæнгæй, æндидзыд æрцæудзæн æмæ ам уыдзæн цард. Æз сымахимæ дæн, мæ зынаргъ цхинвайлæгтæ…».

Куыд музыкант, афтæ йæ уырны,  адæймаджы царды иууыл трагикондæр рæстæджыты музыкæ адæмæн тых кæй дæтты: «Растдæр музыкæйæн ис æгæрон фадæттæ адæймагæн дзыхы ныхæстæй йæ бон зæгъын цы нæ у, уый равдисынæн».

 

Разуацхæссæг концерт

Ацы концерт æрмæст царды ныфс нæ радта хæстæфхæрд хуссарирыстойнаг адæмæн, фæлæ ма уый ссис нæ хæдбардзинад нын банымайыны разуацхæссæг дæр. Хорз къах æрхаста. Фондз боны фæстæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад… Æмæ уыцы æхсæв  мысынады  цырæгътæ цы асиныл сыгъдысты, уый уæдæй фæстæмæ хонынц Гергийы фырты асин. Маэстро у фидауын-гæнæг, уый нæ тæрсы рæстдзинады ныхас æхсæнадмæ фæхæццæ кæнынæй, кæд æй бирæтæ нæ бамбарынц, уæддæр. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ æнæн-хъæлæджы нæ райдыдта Гергийы фырты ныхмæ кампани. Æвæццæгæн, тæрсынц цхинвайлаг кæнæ пальмирæйаг æнгæс концерттæ фенынæй. Уымæ гæсгæ европæйаг цалдæр театры къухдариуæгад нал æмгуыстад кæнынц маэстроимæ. Уыцы нымæцы Мюнхены æмæ Гамбургы филармонитæ æмæ æндæртæ.

Гергиты Валерийы фæстæ бирæ уæрæсейаг артисттæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ, бирæтæ хъæлдзæг кодтой хæствæллад цхинвайлæгты зæрдæтæ. Æнæхъæн мæйы дæргъы горæты цыд фестиваль «Уазæгуаты Гергиты Ларисæмæ», уый фæстæ та  Приднестроваг-Молдоваг Республикæйы аз сæхгæныны фæлгæтты Хуссар Ирыстонмæ æрцыд ПМР-йы симфонион оркестр. Цхинвалы ма уыдысты зынгæ уæрæсейаг актертæ æмæ зарæггæнджытæ: Олег Газманов, Иосиф Кобзон, Леонид Якубович, Александр Михайлов æмæ бирæ æндæртæ.

Абон Уæрæсейы фæрцы рæзы Хуссар Ирыстон. Уырны нæ, Ирыстон хæст кæй никуы уал фендзæн, уый. Хуыцау зæгъæд!

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.