Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны боны цытæн горæты цы алыгъуызон мадзæлттæ уагъд æрцыдысты, уыдонæй иу уыд, горæты сфæлдыстадон коллективты æрыгон минæвæрттæ хайад кæм  райстой, уыцы концерт. Горæты Театралон фæзуатмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон цины æнкъарæнтимæ хъуыстой æмæ кастысты арфæйы ныхæстæм, æрыгон артистты кæфтытæ æмæ зарджытæм. Концерты хайадисджытæй нæ уыд рахъастгæнæн, алкæйы ралæуд дæр концертмæкæсджытæн хаста æхцондзинад, æрмæст… сценæйæ иунæг ирон зарæг дæр нæ райхъуыст. Уый у серьезон цухдзинад æмæ йæ дарддæр хъуамæ хынцой, ахæм концерттæ чи организаци кæной, уыдон.

Концерты фæстæ мадзалуадзджытæ, сабитæ æмæ сæ ныййарджытæ ацыдысты Хетæгкаты Къостайы уынгмæ. Ам сыл фембæлдысты Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады кус-джытæ. Уыдон сабитæн дзырдтой сæ хæсты тыххæй, афтæ сæ фæндиæгтæ дæр. Стæй сæм радтой хуызджын мелтæ æмæ райдыдтой асфальтыл нывтæ кæнын. Конкурсы хайад истой 60 сабийæ фылдæр æмæ сæ алкæцы дæр ныв кодта, йæхи цы фæндыд, йæ зæрдæмæ æввахсдæр цы лæууыд, уый. Кæд, раздæр азты, ахæм бæрæгбонон конкурсты, сабитæ арæхдæр ныв кодтой хæстон техникæ, хæст æвдисæг нывтæ, уæд ныр та сæ нывты ‘хсæн фылдæр уыдысты хур æмæ дидинджытæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы тырысаты нывтæ.

Дарддæр, сабитæм рахызтысты æмæ сын бæрæгбонон арфæтæ загътой Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйы сфæлдыстадон коллективы уæнгтæ Соколова Заринæ æмæ Курдюкова Аленæ. Уыдон ма сæ зонгæ кодтой, æндæр бæстæты адæмтæ, кæрæдзийыл амбæлгæйæ, салам куыд фæдæттынц, уыимæ.

Уый фæстæ сабиты æмæ сæ ныййарджыты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фæхуыдта кафе «Винченцо»-мæ.

Гаглойты Алан, Хицауады сæрдар Джуссойты Константин æмæ æфсымæрон республикæтæй æрцæуæг уазджытæ та бацыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театрмæ, цыран Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад банымайыны боны цытæн равæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы нывгæнджыты конд нывтæ. Ам уазджытыл фембæлдысты Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады минæвæрттæ. Уыдон уазджытæн лæмбынæг æрдзырдтой куыд нывты тыххæй, афтæ ма сæ авторты тыххæй дæр. Цы 20 нывы бæрц дзы равæрд æрцыдис, уыдоны автортæ  уыдысты РХИ-йы адæмон нывгæнджытæ Саулохты Мурат, Куымæридтаты Аркади, Цхуырбаты Тамерлан, Кæсойты Лаврент, сгуыхт нывгæнджытæ Харебаты Ацæмæз, æмæ Гобозты Владимир.  Афтæ ма Уæрæсейы зындгонд нывгæнджытæ Дмитрий Шагин, Александр Чурсин, Валентина Маркушина, Александр Гвоздю, Руслан Лавриненко æмæ æндæрты куыстытæ. Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Рада Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

                Гæззаты Иван                                                                                   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.