Цæмæй адæймаг йæхи хата уæнгрог æмæ улæфтæй, уый тыххæй хъæуы æрмæстдæр æмбæ-лон рæстæг фынæй кæнын, – ахъуыды кæндзыстут сымах, фæлæ уый бынтон раст хъуыды нæу. Цæмæй дæ тыхтæ æрбамбырд кæнай, уый тыххæй æрмæст фынæй фаг нæу.

Махмæ арæх вæййы ахæм хъуыды, ома, куы бафынæй кæнæм, уæд нæ фæллад ссæудзæнис æмæ та ногæй нæхи фæхатдзыстæм рог. Ахæм фидар ныфс нæ хъуыдыйы хæссæм нæ цардвæндаджы дæргъы. Уый фæстиуæгæн нæ рауайы пайдаджын, æнтыстджын, фæлæ хроникон фæлладдзинадæй тыхст æмæ æдых адæймæгтæ. Раст зæгъ-гæйæ та тыхсæм улæфты дефицитæй, уымæн æмæ йын не ‘мбарæм йе ‘цæг мидис. Уымæ гæсгæ рахицæнгонд æрцыд фæллад уадзыны цалдæр хуызы:

 

  1. Физикон улæфт

Иртасæнтæ куыд уынын кæнынц, афтæмæй адæймаджы æнæмæнгдæр хъæуы фынæй кæнын бæрæг бæлвырд сахатты бæрц суткæйы мидæг, цæмæй уа æнæниз æмæ куыстхъом. Фæлæ реалонæй та махæй нæ фылдæр хъуагдзинад æййафы нормалон физикон улæфт æмæ фынæйæ.

 

  1. Психикон улæфт

Уæ сæрымагъзы алы уысм дæр зилдух кæнынц алыгъуызон хъуыдытæ æмæ ситуацитæ æмæ уын нæ дæттынц æнцойад? Ахæм уавæры уын æнæниз астсахатон фынæй дæр ницы феххуыс кæндзæн, кæд æмæ уæ бон не суа уе ‘ргом аздахын æндæр истæмæ, уæхи аирхæфсын кæнæ фæиппæрд кæнын уæ проблемæтæй æмæ æдзух тыхсут психологон зæрдæхсайдæй, уæд.

Сплан кæнут, цæмæй уæ боны куысты дæргъы цыбыр улæфтытæ аразат алы 2 сахаты фæстæ дæр. Ахæм цыбыр улæфтытæ уын фадат ратдзысты уæ фæллад суадзынæн. Афтæ ма уæ уаты дарут афыссæн чиныг дæр – ныффыссут-иу дзы уæ фæлмæцынгæнæг хъуыдытæ, кæцытæ уын фадат нæ дæттынц, цæмæй бафынæй кæнат æмæ уæ фæллад суадзат.

 

  1. Сенсорон улæфт

Уæ телефонты æмæ компьютерты экрантæм кæсгæйæ, æнæхъæн суткæ афтæ куы æрвитат уæ рæстæг, уæд сымах афтæмæй никуы суадздзыстут уæ фæллад. Фæлæ канд экрантæ не сты нæ фæллады аххосаг. Горæты цæргæйæ нæ æппынæдзух тыхсын кæнынц алыгъуызон хъæлæбатæ – дзæнгæрæгтæ, уынгты машинæты хъæлæба – æппæт уыдæттæ ахъаз кæнынц æппынæдзух сенсорон стимуляцийæн. Сыхгæнут уæ цæстытæ æмæ ба-фæлварут боны мидæг иучысыл æнæсымæй абадын.

 

  1. Сфæлдыстадон улæфт

Интернет тыгъдады бирæ ис бакæсæн уынаффæтæ креативон идейæтæн фæндаг радтынæн æмæ сæ царды среализаци кæнынæн. Фæлæ сфæлдыстады дæр хъæуы улæфын, паузæтæ аразын æмæ ма рох кæнын нæ хъæуы уый дæр, цахæм этаптæй арæзт у ацы процесс, уый дæр.

Архайут сфæлдыстады, фæлварут ахæм ныфсытæ иннæтæн дæр дæттын, разæнгард сæ кæнут сфæлдыстадон куыстмæ æмæ уæхицæн дæр фадат радтут æмæ рахицæн кæнут рæстæг, цæмæй райтынг кæнат уæхимæ уыцы сфæлдыстадон цайдагъдзинæдтæ.

 

  1. Эмоционалон улæфт

Уый та нысан кæны, кæй уын ис фаг рæстæг æмæ тыгъдад, цæмæй сæрибарæй æвдисат уе ‘нкъа-рæнтæ. Эмоционалон улæфт домы уæндондзинад, уымæн æмæ, цы дзурут, уый – æргом æмæ нæ тырнут уымæ, цæмæй уат зæрдæмæдзæугæ иннæты раз. Эмоционалон æгъдауæй улæфт адæймагæн йæ бон у ахæм фарстæн: «Куыдтæ дæ?» раст дзуапп радтын: «Хорз нæ дæн» æмæ анализ скæнын уыцы зындзинæдтæн, кæцытæ æндæр ситуациты баззадаиккой æнæзагъдгондæй.

Иртасджыты зонæнтæм гæсгæ, цæмæй уæхи бахизат хи æфхæрынæй æмæ фыргуыстæй, æгæр уæхи ма бафæллайын кæнат, уый тыхххæй æфсæнт-тæ кæнын нæ хъæуы, фæлæ фадат радтын хъæуы æнкъарæнтæ равдисынæн, цахæмфæнды æппæрццаг ма уой уе ‘нкъарæнтæ, уымæ нæ кæсгæйæ.

 

  1. 6. Социалон улæфт

Иуæй-иу адæймæгтæ уæ ифтонг кæнынц энергийæ, аннæтæ та уæ моралон æгъдауæй ихсийын кæнынц. Ахæм адæймæгтæй æнæмæнг хъуыдддаг у улæфын, хи сæ бахизын, максималон æгъдауæй та уæ бастдзинæдтæ семæ фæкъаддæр кæнут. Цас къаддæр æмхиц уат ахæмтæм, уыйас уыдзæн æхцондæр уæ удæн.

Алы адæймагæн дæр, цы диныл хæст у кæнæ атеист у, уымæ нæ кæсгæйæ сæ хъæуы цахæмдæр фылдæр, стырдæр бастдзинад дунеимæ. Ахæм æнкъарæнæн ис абарæн ахæм фырцины æнкъарæнимæ, кæцы бавзарынц космонавттæ, космосы тыгъдадæй Зæхмæ куы фæкæсынц, уæд, кæнæ ма йын абарæн ис ахæм цæимæдæр, кæцы нын æцæ-гæйдæр нæ уды цырын кæны æмæ нын зæрдæйыл базыртæ базайын кæны.

Иртасынæдты фæстиуджытæм гæсгæ зæгъæн ис, ахæм æвæрццаг эмоцитæ нын, æцæгæйдæр, кæй æххуыс кæнынц нæ катайаг хъуыдытæ фæкъаддæр кæнынæн æмæ нæхи фенкъарæм амондджын.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.