ШОФЫРТÆ ДОМЫНЦ

Фæстаг азты нæ республикæйы дзæвгар фæфылдæр сты машинæты æртагæй ифтонггæнæн станцтæ, уыдон фæрцы шофырты нал бахъæуы бирæ рæстæг рады лæууын. Алчи дæр сæ æнæкъуылымпыйæ йæ хæдтулгæйы ныккæны æртаг. О, фæлæ станцтæн сæ фылдæры кассæтæ арæзт сты сау æвгтæй æмæ  шофыртæ нæ фæуынынц, кæимæ фæныхас кæнынц, уый. Стыр цухдзинад нæу, фæлæ уæддæр шофыртæ фæтыхсынц.

Хорз уаид, ацы фарстмæ куы æркæсиккой æмбæлон органтæ æмæ шофыртæ ахæм лыстæг цæуылдæрты куынæ тыхсиккой, уый.

ХОРЗ УАИД

Афтæ ничи зæгъдзæнис æмæ нæ республикæйы хистæр кары адæймæгтæ, йæ бон кусын кæмæн нал у, уыдонмæ нæй фаг хъусдард. Горæты ис, сæхи кæм аирхæфсой, шахматтæ æмæ шашкитæй кæм ахъазой, ахæм бынат. Хæрзæрæджы та сæ иутæн арæзт æрцыдис, цæрынæн иттæг хорз уавæртæ кæм ис, ахæм пансионат. Нæ хистæр кары æмбæстæгтæй бирæтæ цымыдис кæнынц куыд мидæггагон, афтæ æддагон политикæ, ахуырад æмæ зонады рæзт æмæ ногдзинæдтæм, культурæ æмæ спорты æнтыстытæм.

Хорз уаид, æмæ районты центрты дæр арæзт куы æрцæуид, ветерантæ-иу кæм амбырд уой, кæрæдзийæн сæ дзуринæгтæ кæм зæгъой, ахæм бынæттæ.

ДЖИОТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.