Ацы бонты газет «Хурзæрин»-ы редакцимæ фыстæг æрбарвыстой Знауыры районы Балтайы хъæуы ахуыргæнджыты иу къорд. Фыстæджы дзырдæуы: Дæргъвæтин гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд æппæрццагæй бандæвдта не ‘взонг республикæйы æппæт фадгуыты куыстыл дæр. Æхгæд æрцыдысты, Советон Цæдисы рæстæджы ахсджиаг куыстуæттыл нымад чи уыдысты, уыдон. Хуссарирыстойнаг цæрджытæй бирæтæ аззадысты æгуыстæй æмæ сæ бахъуыд царды амæлттæ кæнын. Бирæты бахъуыд куыстмæ горæтæй республикæйы дæрддаг арæнгæрон хъæутæм ацæуыны сæр дæр. Афтæ у мах, æхсæз ахуыргæнæджы уавæр дæр, æрвылбон дæр нæ горæтæй Балтайы астæуккаг скъоламæ автобусыл цæуын бахъæуы  37 километры.

Ацы хъæууон скъола кæд гуырдзыйы арæнмæ æввахс ис, уæддæр дзы ахуырадон процесс никуы æрлæууыд, ахуыргæнджытæ сæ куыстмæ цæуынц æрвылбон дæр. Фæлæ, хъыгагæн, ахуыргæнджытæй бирæтæ сæ куыстмæ  афоныл нæ бахæццæ вæййынц иуæй-иу æдзæсгом æмæ æбæрн шофырты аххосæй. Зæгъæм, 2020 азы 24-æм январы Балтамæ куыста рейсон автобусы шофыр Къæбулты Инал, фæлæ Знауыры поселокмæ куы бацыд, уæд баурæдта æмæ скъолайы ахуыргæнджыты рахизын кодта автобусæй ахæм ныхæстимæ, зæгъгæ, дам, æз Балтамæ цæуæг нæ дæн æмæ уæ куыд фæнды афтæ кæнут уæхæдæг. Ахуыргæнджыты бахъуыд бынатмæ афоныл бацæуыны тыххæй уæлæмхас фæрæзтæй транспорт баххуырсыны сæр. Ахæм уавæры ма ахуыргæнджытæ бахаудысты 13-æм февралы дæр. Уæд та Балтамæ куыста æмæ сæ бынатмæ нæ баласта рейсон автобусы шофыр Санахъоты Ромик дæр.

Уый хыгъд стыр райгонд стæм шофыртæ Хъазиты Гоча, Æлборты Зураб, Тыбылты Валери æмæ Габатты Виталийæ. Ацы аз 14-æм февралы кæд  стыр мит æруарыд, фæндаг ныссалд æмæ йыл зын цæуæн уыд, уæддæр нæ Хъазиты лæппу кæронмæ бахæццæ кодта. Уый йæ сæрмæ не схаста сылгоймæгты уынджы къæйыл ныууадзын, кæд ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр бакатай кодтой фæндаджы уавæр фенгæйæ, уæддæр. Æгæрыстæмæй ма нын ныфсы ныхæстæ дæр загъта, зæгъгæ, тыхсгæ дæр мацæуыл кæнут, алцыдæр уыдзæн нывыл.

Зынаргъ редакци, уæ газеты фæрцы мах, Балтайы хъæуы астуæккаг скъолайы ахуыр-гæнджыты стыр бузныг зæгъын фæнды ацы дис-саджы хæларзæрдæ адæймагæн, афтæ ма бузныг зæгъæм шофыртæ Æлборты Зураб, Тыбылты Валери æмæ Габатты Виталикæн. Уыдон цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ куыст æмæ уæздан ахаст дарынц бæлццæттæм.

Бирæ азты дæргъы æнæнизæй æмæ фæрнæй лæггад кæнут уæ бæлццæттæн.

Балтайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджыты номæй

ХАРЕБАТЫ Венерæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.