Зæронд Ног аз нæ фыдæлтæ куыд нысан кодтой 14-æм январы, афтæ  йæ банысан кодтой Дменисы хъæуы цæрджытæ дæр.

Хъæуы Культурæйы хæдзармæ æрбацыд бирæ адæм, сабитæ бæрæгбонон фæлыстæй, афтæмæй. Дменисы клубы директор Икъаты Ануси раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ райзæрдæйæ фехъусын кодта, рагæй кæй нал федта хъæуы Культурæйы хæдзары уыйбæрц бирæ адæм: «Зæронд Ног азы хорзæх уæ уæд! Ног аз у иууыл уарзондæр бæрæгбон, уæлдай тынгдæр æм фенхъæлмæ кæсынц сабитæ. Мах, хистæр фæлтæр дæр нæ хуыздæр райдзаст фæндтæ Ног азимæ фæбæттæм. Хатдзæгтæ скæнæм ацæугæ азæн. Хуыцау зæгъæт, цæмæй алкæмæн дæр йæ рухс фæндтæ сæххæст уой! Ног аз алкæмæн дæр цин æмæ амондхæссæг уæд! Уадз, ацы Ног аз, куыд æппæт Ирыстонæн, афтæ Дменисы хъæуы цæрджытæн дæр иууыл амондджындæр уæд. Нæ бæркæдтæ уæлейæ исгæ бынийæ ахадгæ куыд уой. Сабыр, æнæмигъ  арвы бын куыд цæрой нæ рæзгæ фæлтæр».

Дарддæр сценæмæ рахызтысты Митын Дада æмæ Митын Чызг. Сабитæ сын дзырдтой, Ног азы цытæн цы æмдзæвгæтæ бацæттæ кодтой, уыдон.

Дменисы Культурæйы хæдзарæн ис йæхи хæдархайгæ аивадон къорд, кæцыйы къухдариуæггæнæг у зынгæ хореограф Козаты Родион. Уыдон сæххæст кодтой куыд ирон, афтæ æндæр адæмты кæфтытæ дæр. Ацы къордæн хорз æнтыстытæ вæййы, канд районы масштабы уагъд цы кæфтыты конкурстæ вæййы, уым нæ, фæлæ  республикæйы уагъдцæуæг мадзæлтты дæр. Бæрæгбонон мадзалы уагътой алыгъуызон хъæзтытæ æмæ конкурстæ. Чи-иу фæуæлахиз ис, уый та-иу райста ногазон лæвар.

Сабиты æмæ хъæуы цæрджыты зæрдæтæ иттæг барухс кодта ацы хъæуы цæрæг, зынгæ эстрадон зарæггæнæг Икъаты Ибрагим.

Йæ репертуары ис зарæг, кæцы ныффыста сæрмагондæй Дменисы хъæуыл. Уый уыд зæрдæмæхъаргæ æмæ æрæмбырдуæвджытæ къахыл слæугæйæ зарыдысты йемæ.

Бæрæгбонон мадзалмæ ногазон лæвæрттæ барвыста Парламенты депутат Къуезерты Арсен.

Мадзалы хайад райстой   Цхинвалы районы Культурæйы хайады минæвæрттæ дæр æмæ райгондæй баззадысты бæрæгбонон мадзалæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.