Æвæццæгæн, Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ баззад Стыр Фыдыбæстæйон хæст кæй фæрсты нæ ахызт. Хæст йæ дæрзæг къухæй бахоста алы хæдзармæ дæр, бирæтæн дзы стыр хъизæмæрттæ æмæ уды зиæнттæ æрхæсгæйæ.

Хæст сæ иувæрсты нæ ахызт Знауыры районы Принеуы комбæсты цæрджытæн дæр. Куыд Хуссар Ирыстоны æндæр хъæуты цæрджытау, афтæ ацы комæй дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ фæцыд бирæ æвзонг фæсивæд. Уыдонæй бирæтæ цæрæнбонтæм баззадысты хæсты быдыры, бирæтæ та дзы фæстæмæ æрæздæхтысты сахъатджынтæй. Принеуы комбæстæй ацы стыр хæстмæ чи ацыд, уыдоны нымæц ахызт 100 адæймагæй.

Мæ уацы мæ сæрмагондæй æрдзурын фæнды Знауыры районы Хуриты хъæуæй хæстмæ чи ацыд, фæстæмæ дзы сæрæгасæй чи æрæздæхт æмæ сæ сау гæххæтытæ кæмæн æрцыдысты, уыцы хæстонты тыххæй. Æз мæхæдæг дæр райгуырдтæн Хуриты хъæуы 1936 азы. Абон ацы хъæуы цæрæг нал ис, æндæр хъæутау федзæрæг. Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд мыл кæд æхсæз азы йедтæмæ нæ цыд, уæддæр тынг хорз бахъуыды кодтон нæ хъæубæсты ха-бæрттæ. Æдæппæтæй дзы цард 22 хæдзары. Ацы хъæуæй хæстмæ ацыд 22 хæстоны. Абоны онг дæр сæ хорз хъуыды кæнын, уыцы сагсур фæсивæдæй фæстæмæ сæрæгасæй чи æрæздæхт æмæ дзы хæсты быдыры хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны иууылдæр. Стыр хъыгагæн,  хæсты цæхæры йе взонг уд кæмæн аскъуыд æмæ цæрæнбонтæм хæсты быдыры чи баззад, уыдоны нымæц у фылдæр. Абон мæ фæнды, уыдоны рухс нæмттæ æрæмысын, науæд бынтон рохуаты аззадысты æмæ афтæмæй сæ ном фесæфдзæн.

Дыгъуызты фондз æфсымæры – Аршак, Яша, Гигуца, Кязо æмæ Карго хæсты райдианы ацыдысты фронтмæ. Ацы æфсымæртæй цыппар амондджын разындысты, æрæздæхтысты фæстæмæ – кæд цæфтæй, уæддæр. Гигуца баззад хæсты быдыры. Дыууæ æфсымæры  –  Дыгъуызты Герга æмæ Степаны дæр Стыр Хуыцау бахызта фыдбылызæй æмæ кæд цæфтæй, уæддæр сæ хæдзæрттыл сæмбæлдысты сæрæгасæй. Степан уыд танкист, æгæрыс-тæмæй, йемæ хæстæй æрхаста танкисты худ дæр. Тынг хорз æй хъуыды кæнын, мах сывæллæттæ, йæ алыварс куыд æрæмбырд стæм æмæ худмæ цымыдисæй куыд кастыстæм, уый дæр. Алкæйы дæр нæ фæндыд йæ сæрыл æй æркæнын. Дыгъуызты Местор дæр нал æрæздæхт тугкалæн хæстæй. Хуриты дыууæ æфсымæры Къоста æмæ Роман дæр фæцыдысты ацы стыр хæстмæ. Уыдонæй Къоста фæмард карз тохы рæстæджы. Хуриты æртæ æфсымæры – Джоджи, Митуша æмæ Миша йыл дæр сæ хъысмæт сайдæй разылд – нал æрæздæхтысты, фæмард сты хæсты быдыры. Æфсымæрты кæстæр Миша хæстмæ куы цыд, уæд махæн, сывæллæтæн баныфсæвæдта, зæгъгæ, уын æз Гитлеры сæр æрхæсдзынæн, фæлæ дзы йæхи сæр дæр нал æрхаста. Хуриты Уанкъа æмæ йæ фырт Иосеб дæр нал æрæздæхтысты.

Хуриты Гриша æмæ йе фсымæр Валодя дæр активон тох кодтой немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Валодя æрыздæхт иукъахыгæй, Гриша та хæсты быдыры баззад. Хуриты Доме æмæ Хуриты Дариспан дæр хъæбатырæй фæмард сты фронты, нал сын бантыст фæстæмæ æрæздæхын.

Болататы Никъала хæцгæ фæцыд суанг Берлинмæ, фæстаг фыстæг ма уырдыгæй æрæр-выста, стæй фæмард. Болататы Шаликъо дæр нал æрæздæхт хæстæй. Болататы Ясон хайад иста Керчы хæсты, æрыздæхт цæфтæй. Болататы Герас дæр сæрæгасæй сæмбæлд йæ бинонтыл. Болататы Филипп мæнæн уыд мæ хистæр æфсымæр. Уый фронтмæ акодтой 17 аздзыдæй. Абон дæр æй хорз хъуыды кæнын мæ мад йæ фæстæ кæугæ куыд лыгъд, уый. Фæстаг хатт ма фыстæг æрæрвыста Новороссийскæй, уый фæстæ дзы ницыуал æрæхъуыст æмæ абон дæр нымад у æбæрæгæй сæфтыл. Бахатыдтæн «Æнæмæлгæ полк»-ы организатортæм, зæгъын чизоны сæм исты зонæнтæ разына, фæлæ сæм, хъыгагæн ницы бæрæггæнæнтæ ис…

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ Принеуы æмæ йæ алыварс хъæутæй хæстмæ чи фæцыд, уыдонæн сæ фылдæр кæй нал æрæздæхтысты. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр æмæ мæ уацы цы хабæртты тыххæй радзырдтон, уыдон иууылдæр сты раст. Хорз уаид æмæ сын мæ уацы руаджы сæ нæмттæ куы æрымысиккой æмæ сын куы кад кæниккой ацы фарст кæмæ хауы, уыдон, науæд бынтондæр ферох сты.

Болататы Садул

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.