2004 азы Цæгат Ирыстон-Аланийы горæт Беслæны 1-æм скъолайы фыццæгæм сентябры цытджын линейкæйы рæстæджы сырдон æгъдауæй террористтæ амынæты систой скъолайы ахуыргæнинæгты, ахуыргæнджыты æмæ сæ ныййарджыты. Ацы æбуалгъ ми æгас дунейы нымад æрцыд иууыл карздæр æмæ æгъатырдæр  террористон фыдракæндыл. Ацы трагеди ирон адæймаджы зæрдæйы ныууагъта егъау фæд, кæцы æнустæм дæр нæ байгас уыдзæн, уымæн æмæ знаг амынæты систа Ирыстоны æнахъом, рæзгæ кæстæрты, кæцытæн сæ фылдæр хай фыццаг хатт сæ къах бавæрдтой скъолайы кæртмæ, хъыгагæн, бирæтæн сæ  къахбавæрд скъолайы къæсæрæй уыцы бон ссис фæстаг къахдзæф.

 Куыд æрвылаз, афтæ ацы аз дæр Хуссар Ирыстоны  сентябры мæйы æрлæудимæ 3 боны дæргъы фæмысынц Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ, уагъд фæцæуынц мысæн мадзæлттæ, куыд горæты, афтæ нæ республикæйы районты дæр. Уымæ гæсгæ ацы аз дæр мысæн мадзæлттæ нæ республикæйы уагъд цæуынц фыццæгæм сентябрæй.

Нæ республикæйы культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Зассеты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй фыдохы мадзæлттæ уагъд цæудзысты куыд горæты библиотекæты,  афтæ районты культурон уагдæтты дæр, æвдыст æрцæудзысты трагедийыл дзурæг нывты равдыстытæ дæр.

«Ирыстоны адæм æмæ Уæрæсейы адæмы историмæ ацы бонтæ хаст æрцыдысты Зæды боныл. Куыд æй зонæм, афтæмæй 3 сентябры 2004 азы Беслæны горæты æрцыдис иууыл стырдæр æмæ æгъатырдæр террористон акт. Уыцы бонæй абоны онг Ирыстоны хуссар хайы дæр уагъд фæцæуынц фыдохы мадзæлттæ», – банысан кодта Зассеты Жаннæ. Уыцы мадзæлттæ иууыл-дæр уагъд  цæудзысты Театралон фæзуаты. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй мысæн ма-дзæлтты сæйраг хай уагъд æрцæудзæн 3 сентябры. Уыцы бынаты алы æмбæстагæн дæр уыдзæн фадат, террористон акты фæмардуæвджыты рухс ном арынæн.

Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ 334 метр хъуымацæй сараздзысты, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм цæугæ доны символ, кæцыйыл æвæрд æрцæудзысты, террористон акты рæстæджы чи фæмард, уыдоны  нывтæ.

«Мæн зæгъын фæнды уый, æмæ 3 сентябры фыдохы мадзалмæ не ‘мбæстæгтæй чи æрбацæуа, уыдонæй алчи дæр хъуамæ хъуыды кæна, ацы кæстæрты раз хæсджын кæй стæм, æмæ сæ рохгæнæн кæй нæй æнустæм», – загъта Зассеты Жаннæ.

1 сентябры нæ горæты Театралон фæзуаты изæры æвæрд æрцыдысты цырæгътæ, уырдæм чыртæ-чыртæй, æрхæндæгæй цыдысты нæ горæты æмбæстæгтæ æмæ фæмардуæвджыты рухс ном арыны цытæн сыгътой цырæгътæ. Уым не скъолаты ахуыргæнинæгтæ  лæууынц, æмæ  æрбацæуджыты зонгæ кæнынц æппæт террористон фыдракæнды историимæ. Уырдæм ма нæ горæты кæстæр фæлтæр хæссынц, йæ бон кæмæн цы у, уый, чи – дон, чи –  хъазæнтæ. Фенæн ис, ныридæгæн дæр дзы кæй ис хъазæнтæ æвæрд.

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.