Горæт Цхинвалы милицийы хайады фæстаг дыууæ къуырийы срегистраци кодтой æртæ ахæм фыдракæнды, куыд æхца исын фæлитойдзинады хуызы. Горæт Цхинвалы цæрæг радзырдта милицийы кусджытæн, зæгъгæ, мæм «WhatsApp»-ы мессенджермæ фыссын райдыдтой æртхъирæнтæ уæрæсейаг телефоны номырæй. Фыдгæнджытæ дзы домынц, цæмæй сын сæ бангон картæйы нывæра иу милуан æмæ æрдæг сомы. Кæннод æй тæрсын кæнынц, ома, нæм дæ къамтæ ис æмæ сæ интернеты апарахат кæндзыстæм æмæ ныххудинаг уыдзынæ. Ам дзырд цæуы ахæм къамтыл, кæцыты нырыккон технологитæм гæсгæ ис монтажгæнæн æмæ вæййынц æцæг къамы хуызæн. Ацы факты фæдыл æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты прокуратурæмæ.

Цхинвалы милицийы хайады сæргълæууæг Гæбæраты Радион куыд æмбарын кæны, афтæмæй не ‘мбæстæгтæ арæх фæсайды вæййынц, интернеты руаджы  товар куы фелхæнынц æмæ йын йæ аргъ развæлгъау куы бафидынц, уæд.

«Махмæ хъаст кæнынмæ æрбацыд горæттаг цæрæг, ома, онлайнæй товар балхæдтон æмæ мæ фæсайдтой. Не ‘мбæстаг баууæндыд фыдгæнæгыл æмæ йын йæ бангон картæйы нывæрдта товары аргъ, фæлæ товар йæ хицаумæ не ‘рхæццæ ис. Фыдгæнджытæ саразынц мæнг веб-страницæтæ интернеты æмæ афтæмæй сайынц æууæндаг адæмы. Фертхъирæн ма кæнынц алыгъуызон компроматтæй, кæцыты фылдæр хай вæййы мæнгарæзт. Персоналон бæрæггæнæнтæ та сæ къухты бафтынц социалон хызæгтæй», – зæгъы Гæбæраты лæппу.

Радионы ныхæстæм гæсгæ информацион-коммуникацион технологитимæ баст фыдракæндтæ бæрæг фæфылдæр сты Уæрæсейы территорийыл. Куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй фыдгæнджытæ фылдæр хатт фæархайынц Украинæйы территорийæ æмæ уый фæстиуæгæн фыдракæнд раргом кæнын фæзын вæййы, æмæ ма фыдгæнæджы дæр бæрндзинадмæ не ‘ркæндзынæ.

Мидхъуыддæгты министрад сиды не ‘мбæстæгтæм, цæмæй сæхи бахизой фæ-литойтæй. Фыццаджыдæр никæмæн хъæуы дæттын бангон картæйы реквизиттæ, логинтæ, паролтæ, паспорты бæрæггæнæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Дæ мобилон телефон дæр æнæзонгæ адæймагмæ, гæнæнуæвгæйæ, ма хъуамæ радтай. Бангы кусджытæ, телефоны дзургæйæ, никуы фæкурынц ахæм информаци, нæдæр мессенджерты фæфыссынц – «WhatsApp», «Viber», «Telegram». Кæд æмæ дæм ахæм хуызы æртхъирæнтæ æрбацæуа, уæд фæдзурын хъæуы мæнæ ахæм номыртæм:

45-21-02,   +7 929 808 02 01

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.