Ныры дуджы адæмы æрвылбонон царды уыйбæрц ногдзинæдтæ фæзындис æмæ алкæмæн йæ бон нæу семæ æмдзу кæнын. Ӕрмæст ног терминты нымæцæй дæр саразæн ис хицæн чиныг æмæ ма адæймагы бахъæуы пайда кæнын уыцы дзырдтæй, ног фæзынгæ техникон дзаумæттæй – уавæр дæ домы. Интернеты фæрцы ныр бирæ хъуыддæгтæн ис саразæн, – дæ бынатæй фезмæлын дæр дæ нæ хъæуы, афтæмæй балхæндзынæ цыфæнды уæййаг дæр, бафиддзынæ кредит, райсдзынæ курсытæ æмæ афтæ дарддæр. Технологон прогресс рог кæны адæмы цард, дæтты сын удæнцойдзинад, уæнгдыхæй сæ фæллайын нæ уадзы. Куы ахъуыды кæнæм, уæд саразæн ис ахæм хатдзæг, – цæр дæ зæрдæйы дзæбæхæн. Фæлæ бынтон афтæ нæу.

Цард æй куыд æвдисы, афтæмæй алы ногдзинад дæр йемæ хæссы тæссагдзинад, фыдбылыз. Уый фæдыл нæм абоны бон фæзындис ахæм ног хуызы фыдракæндтæ, куыд интернеты фæрцы фæлывд митæ кæнын. Æмæ йæ амæттаг бавæййынц тынг бирæ адæм, уæлдайдæр та интернетæй арæхдæр кæм пайда кæнынц, уыцы бæстæты. Махмæ дæр хæццæ кæнын райдыта ацы уавæр ситуаци æмæ ныридæгæн не ‘мбæстæгтæй бирæтæ баййæфтой зиан – цæстфæлдахджытæ сын асайдтой се ‘хцайы фæрæзтæ. Кæд æмæ абоны бон ахæм хабæрттæ нырма арæх не сты нæ республикæйы, уæддæр бонæй бонмæ ахæм хуызы фыдракæндтæ кæндзысты фылдæр – æппæт дунейы бæстæты тенденци у ахæм.

Ацы хъуыддагæн дæр интернеты тыгъдады æнцонтæй ис саразæн – дистанцион хуызы базонæн ис хъæугæ информаци, кæыйы фæрцы райсдзынæ ног зонындзинæдтæ æмæ дæхи бахиздзынæ фыдбылызæй.

Нæ республикæйы азы райдианæй фæстæмæ цæстфæлдахджытæ фæсайдтой æхсæз адæймаджы интернеты, фæлæ сæ нымæц, æвæццæгæн, фылдæр уыдзæнис. Бирæтæ чысыл суммæты тыххæй нæ фехъусын кæнынц барадхъахъхъæнæг органтæм. Фылдæр хатт фæсайды вæййынц исты товар балхæнын, кæнæ ауæй кæныны рæстæджы. Ацы хабарæн йæ сæйраг аххосаг уый у æмæ не мбæстæгтæй бирæтæ æгæр тынг æууæндынц æнæзонгæ гоймæгтыл. Диссаг мæм уый кæсы æмæ кæй фæсайынц, уыдонæй искæмæ æхца курæг куы бацæуай хæс радтыныл, уæд дыл нæ баууæнддзæнис, фæлæ йæ фæллой цæстфæлдахджыты разæй скæндзæ-нис.

Ацы сферæйы специалисттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй макуы хъуамæ схъæр кæнай дæ бангы картæйы, кæнæ хыгъды зонæнтæ, уæлдайдæр та æнæзонгæтæн. Ахæм хуызы фыдракæндтæн сæ фылдæр хай æрцæуынц, адæймаг барвæндæй куы раргом кæны йæ сæрмагонд информаци, уæд. Уый фæдыл нæ хъæуы никæмæ хъусын, – фæлитойтæ дæ алы амæлттæй дæ разæнгард кæндзысты, хæсдзысты дын алыгъуызон уырнинаг факттæ, дæ реакцимæ дын сæ хъус дардзысты, æдзух дæ контроль кæндзысты. Ахæмты бынтондæр мацæмæ хъуамæ дарай æмæ йæ куы базона, сайын ын нæ комыс, уæд дæ ныууадзæнис. Кæд æмæ дæм исчи æрдхъирæн кæна, кæнæ дæ фæсайдтой, уæд æнæмæнгæй хъуамæ фехъусын кæнай барадхъахъхъæнæг органтæм. Ам дзырд стыр суммæ фесафыныл нæ цæуы, фæлæ ды дæ ацы къахдзæфæй бахиздзынæ æндæр адæймæгты дæр фыдгæнджытæй.

Интернеты тыгъдады иууыл арæхдæр фæсайынц ахæм хуызы, ома, автомашинæ кæнæ æндæр зынаргъ приз рамбылдтай æмæ ма дæ хъæуы цыдæр чысыл суммæ бафидын хъалон, кæнæ транспортировкæйы хардз, кæнæ таможнæйы фиддон. Ахæм хъусынгæнинаг дæм куы æрбацæуа, уæд хъуамæ дзæбæх ахъуыды кæнай, искуы исты лотерейæйы, гъе-та рамбулæны хайад райстай? Зонгæ дæ уыцы организациимæ?

Иннæ хуызы сайд та у интернет-дуканиты исты æлхæнынимæ. Ам дæр адæймаг баууæнды æнæзонгæ гоймæгтыл, бафиды уæййагы аргъ, фæлæ йæ товар йæ къухты нæ бафты, кæнæ та – товары гъæд вæййы æвзæрдæр, бынтон æндæрхуызон. Ам дæр хъуамæ уай цырддзаст, – развæлгъау информаци ссарын хъæуы, кæмæй æлхæныс, уый тыххæй. Ӕмæ ма бынтон аслам аргъмæ дæр нæ хъæуы кæсын – уый фæрцы сæхимæ æрбасайынц фылдæр адæмы.

Интернеты тыгъдады цыдæриддæр фæлывд митæ цæуы, уыдонæй хи бахизын у æнцон, – æрмæстдæр ма ууæнд æнæзонгæ, дызæрдыг кæуыл кæнай, ахæмтыл. Макæмæн дæтт дæ хисæрмагонд кодтæ, номыртæ. Ӕппæт адæттæ куы æххæст кæнай, уæд сайды амæттаг никуы бауыдзынæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.