Фæстаг рæстæджы популярондæр кæны дистанцион æгъдауæй товартæ æлхæнын, ома, уæйгæнæг æлхæнæджы зонгæ кæны куыд интернеты хызæджы, афтæ бастдзинады фæрæзты, каталогты, буклетты, къамты æмæ æндæр ахæмты руаджы.

Ахæм хуызы товар æлхæнын у тынг хæрзвадат. Æлхæнæгæн йæ бон у товарты уæрæх ассортиментæй хæдзарæй нæ рахизгæйæ равзара, чи йæ хъæуы, ахæм дзаума, куыд йæхицæн, афтæ бæрæгбонмæ лæвар кæнынæн дæр. Уæйгæнджытæн дæр дистанцион æгъдауæй базар кæнын сæ къух аразы уымæй æмæ сæ кусджыты штат дарын нæ хъæуы, нæ сæ хъæуы базар кæнынæн бынат арендæйы исын æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ, хъуыддаг уый мидæг ис æмæ æлхæнæг цы товар балхæны, уыимæ зонгæ кæны æрмæстдæр йæ райсыны рæстæджы. Æмæ хатт рауайы афтæ æмæ товар цахæм хъуамæ уа, ахæм нæ рауайы. “Æрæджы нæ комитетмæ æрбацыд сылгоймаг, цæмæй йын баххуыс кæнæм, инстаграммы сайты йæ зæрдæмæ цы костюм фæцыд, уый аргъ фæстæмæ раздахынæн. Хъуыддаг уый мидæг уыдис æмæ йын костюмы бæсты æрæрвыстой… бызгъуыртæ. Уый закъаз сарæзта, товар чи уæй кодта, уымæн йæ страничкæйыл амынд телефоны номырмæ гæсгæ. Уымæй дарддæр товары тыххæй ницы информаци уыдис. Куыд рабæрæг, афтæмæй закъаз арæзт æрцыд “иубонон” чи уыдысты, ахæм магазинтæй сæ иуы. Æмæ фæстæдæр, уыцы телефоны номыртæ дæр ахицæн кодтой. Ацы фæлхасгæнæгæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бон баххуыс кæнын ницæмæй бацис.

Цæмæй ахæм уавæры мачи бахауа, уый тыххæй дистанцион æгъдауæй товартæ чи æлхæнынц, уыцы фæлхасгæнджытæ сæ зæрдыл хъуамæ дарой, ахæм хуызы товартæ чи уæй кæнынц, уыцы юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджытæ хæсджын кæй сты, цæмæй товартыл уой фирмæйы ном æххæстæй фыст, афтæ ма индивидуалон амалиуæггæнæджы мыггаг, ном æмæ фыды ном, сæйраг паддзахадон регистрацион номыр, фирмæйы бынæттон адрес, посты электронон адрес æмæ телефоны номыр. Цæмæй ма фæсайды уай, уый тыххæй товар æлхæнын хъæуы, кæуыл æууæндыс, ахæм уæйгæнджытæй”, – зæгъы Хуссар Ирыстоны фæлхасадон хъусдарды комитеты фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны хъусдарды фæдыл управленийы хистæр Санахъоты Жаннæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй дистанцион æгъдауæй товар, паддзахадон регистрацион номыр кæмæ нæй, ахæм æмбæстæгтæй цы æлхæнæг балхæны, уый “Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны тыххæй” закъон нæ хъахъхъæны, уымæн æмæ ацы закъон бæстон кæны æрмæстдæр ахæм ахастытæ, кæцытæ фæзынынц фæлхасгæнджытæ æмæ организациты, (юридикон цæсгæмттæ кæнæ индивидуалон амалиуæггæнджыты) æхсæн.

Бадзырд саразыны агъоммæ уæйгæнæг хæсджын у, цæмæй æлхæнæгæн радта информаци, цы товар рекламæ кæны, уымæн йæ номы, йæ сæйрагдæр фæлхасадон миниуджыты, кæм æй сцæттæ кодтой, йæ хуыз, йæ асы, цы æрмæгæй конд у, цас бакусдзæнис уыцы æмгъуыды, гарантион æмгъуыды, бадзырд саразыны фæндыл, фæндæтты æмгъуыды тыххæй. Товары къам дæр у æнæмæнгхъæуæг.

Дистанцион æгъдауæй товар æлхæнын-уæйкæныны фæдыл бадзырд архайын райдайы, æлхæнæгæн æй уæйгæнæг куы ратты, уыцы рæстæгæй, цы ран  бæлвырд цæуы товары аргъ фыст кæй у. Уæйгæнæг хæсджын у, цæмæй базаргæнæгæн радта закъазы тыххæй бæлвырдгæнæн. Уым хъуамæ амынд уой закъазы номыр æмæ йæ сæххæст кæныны бон, товарытыххæй характеристикæ æмæ йæм æй фæхæццæ кæныны æмгъуыд. Фæлхасгæнæг куы фехъусын кæны товар балхæныны тыххæй йæ разыдзинад æмæ уæйгæнæг та куы бафидар кæны закъаз æххæст кæй æрцыд, уый фæстæ уæйгæнæгæн бар нал ис бадзырды уавæртæ фехалын. Дистанцион æгъдауæй æлхæд чи æрцыдис, уыцы товары фæлхасгæнæгмæ фæхæццæ кæнын хъæуы банысангонд адресмæ гæсгæ æмæ лæвæрд цæуы фæлхасгæнæгæн йæхимæ. Уый куынæ уа бынаты, уæд та ахæм адæймагмæ, кæцымæ уа информаци закъазы номыры тыххæй. Уыимæ иумæ бадзырды фæнысан кæнæн ис ахæм уавæр, зынаргъ товартæ раттæн кæй ис æрмæстдæр æлхæнæгмæ йæ паспорт фенын кæнгæйæ. Кæд æмæ товар фæхæццæ ис бадзырды снысангонд æмгъуыдмæ, фæлæ лæвæрд не ‘рцыдис æлхæнæгæн йæ аххосмæ гæсгæ, уæд æй дыккаг хатт фæхæццæ кæнынц ног æмгъуыдты бадзырды нысангонд уавæртæм гæсгæ.

Фауддзаг товары фæстæмæ здахгæйæ æлхæнæгмæ  йæ фæхæццæ кæныны тыххæй аргъ ист нæ цæуы. Ахæм товары æлхæнæгæн йæ бон у раздаха йæ райсынæй 7 боны æмгъуыдмæ. Кæд æмæ бадзырды, уый тыххæй нысан ницы ис, уæд раздахыны æмгъуыд фылдæр кæны æртæ мæймæ. Уыимæ йæ товарон хуыз хъуамæ бахъахъхъæд æрцæуа. Æлхæнæгæн йæ бон у æнæдызæрдыгæй раздахын техникон æгъдауæй вазыгджын товартæ (смартфонтæ, телевизортæ, ноутбуктæ, роботтæ, рыгцъирæнтæ…), транспортон фæрæзтæ, ювелирон дзаумæттæ.

Ацы темæйы фæдыл фарстытæ кæмæ фæзына, не`мбæстæгтæй, уыдонæй курæг стæм, цæмæй æрбацæуой Хуссар Ирыстоны фæлхасадон хъусдарды комитетмæ ахæм адресыл, горæт Цхинвал, Горькийы уынг 39, контактон телефонтæ: 45-22-09; 8929 806 50 30

      БЕСТАУТЫ Валя