Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй сæ хъус дарынц Гуырдзыстоны цаутæм, уымæн æмæ сусæггаг нал сты Украинæ, АИШ æмæ, æмткæй сисгæйæ, Ныгуылæны домæнтæ, цæмæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ æрбабырса æмæ афтæмæй Уæрæсейы ныхмæ дыккаг фронт байгом кæна.

Нæ хуссайраг сыхæгты ныры разамынады нæ фæнды  сæ паддзахад æмæ адæмы фыдæбæтты хай фæкæнын æмæ нæ разы кæнынц ацы лæгхорты фæндтыл. Уæд АИШ бафæлвæрдтой гуырдзиаг адæмы руаджы паддзахадон фæфæлдæхт саразын æмæ Гуырдзыстоны закъонон æвзæрст хицауад фæсурын. Фæлæ сын нæ бантыст.

Нæ сыхæгты хицауады сæрдар Иракли Гарибашвили фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны Украинæйы хуызæн скæныны фæндон фехалын нын бантыст. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Киевы фæндыд Тбилисы хицауад фæсурын, Саакашвилийы ахæстонæй рауадзын æмæ йæ ногæй президентæй бауромын.

«Гуырдзыстоны хъæуы экономикон рæзт, сабырдзинад æмæ стабилондзинад», – загъта Гарибашвили. – Адоны ныхмæ лæууы бынтон, экстремистон оппозици. Фæлæ мах ифтонг кæнæм æмæ кæндзыстæм нæ паддзахады барад æмæ стабилондзинад, уымæн æмæ уый пайда у нæ адæмæн».

Æрæджы ацы паддзахады цы змæстытæ уыди, уыдон уый кæны Украинæйы разамы-нады аххос: «Нæ бæстæйæн тынг тæссаг у нæ ныхмæ арæзт сусæг бадзырд, ома, Украинæйы хуызæн нæ скæныны сæраппонд бадзырд», – загъта премьер-министр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Киевы Саакашвилийы раздахын уый тыххæй фæндыди, цæмæй уый батъысса Гуырдзыстоны Уæрæсейы ныхмæ хæсты цæхæры, 2008 азы Хуссар Ирыстоны куыд бакодта, афтæ.

Гарибашвили зæрдыл æрлæууын кодта Украинæйы национ æдасдзинады Советы нымæрдар Алексей Даниловы ныхæстæ, зæгъгæ, Украинæ фæнд кæны Уæрæсейы хъусдард «æндæрæрдæм аздахын».

 «Ацы хъуыддаджы сæраппонд оппозици спайда кодта «Фæсарæйнаг агентты тых-хæй» закъон райсынимæ баст цаутæй. Мæ зæрдæ фæрыст, куы федтон, ацы æнæбары политиктæ фæсивæдæй кæй фæпайда кодтой, кæй сæ сайдтой, зæгъгæ, уый «уырыссаг закон» у, – загъта газет «Взгляд»-æн Гуырдзыстоны президенты аппараты раздæры сæргълæууæг Петре Мамрадзе. – Ахæм закъон ныртæккæ цæттæ кæнынц Евроцæдисы дæр, Канадæйы дæр. Фæлæ уыдонæн бар ис, Гуырдзыстонæн та – нæй! Уыдон сты большевикты дывæр стандарттæ!»

Политологы ныхæстæм гæсгæ, оппозиционертæ æмгуыстад кæнынц фæсарæйнаг лоббисттимæ, архайынц, цæмæй сын сæ бæстæ Евроцæдисмæ кандидатæй дæр ма айсой. Уый банысан кодта, растады ног бафæлвæрдтытæ ма кæй уыдзæн.

Гуырдзиаг радикалтæ хицауады ныхмæ куы сызмæстой, уæд семæ уыд немыцаг сылгоймаг-политик, Европарламенты депу-тат «кæрдæгхуызты» партийæ – Виолæ фон Крамон-Таубадель.

«Виола фон Крамоны ахаст быхсинаг нæу», – фехъусын кодта разамонæг парти «Гуырдзиаг бæллиц»-ы сæрдар Ираклий Кобахидзе. Ацы партийы депутат Нино Цилосани та банысан кодта, зæгъгæ, европæйаг депутат лæууы анархистон, халæн позицитыл. Æндæр депутат Мариам Лашхи та загъта, зæгъгæ, фон Крамоны фæнды Гуырдзыстоны Майдан саразын, æмæ уый бынтондæр нæй гæнæн æруадзын.

Марты Тбилис чи сызмæста, уыцы протестгæнджыты æхсæн уыди чидæр ахæм, 21-аздзыд Лазаре Григориадис. Уый пъæлицæйы кусджытыл æхста судзгæ змис æмæ ма ноджы басыгъта барадхъахъхъæнджыты машинæ. Фон Крамон-Таубадель æрдомдта гуырдзиаг хицауадæй, цæмæй Лазарейы рауадзой, «цы сарæзта, уымæ нæ кæсгæйæ».

Америкæйы Иугонд Штатты зæрдæмæ нæ фæцыд, Гуырдзыстоны разамынад  æмбæлгæ мадзæлттæ кæй сарæзта йæ бæстæ æмæ йæ адæмы хæсты цæхæрæй фервæзын кæныны сæраппонд. Америкæйы разамынад раппæрстой «Гуырдзыстоны хæлар»-ы гамхуд æмæ афтæмæй Гуырдзыстон æмæ йæ адæммæ се ‘цæг ахаст раргом ис. АИШ-ы Паддзахадон департамент, ома, махæрдыгонау, фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, алæгæрста Гуырдзыстоны хицауиуæгады къабæзтæй сæ иуыл – Тæрхондонон къабазыл æмæ санкцитæ райста Гуырдзыстоны тæрхонгæнджытæй цыппары ныхмæ, «коррупцимæ æмхиц сты», зæгъгæ, уый æфсонæй. Афтæмæй та, сæ ацы азым бынтондæр ницавæр бæлвырдгæнæнтæй фидаргонд уыд.

Ираклий Кобахидзе ацы къахдзæф схуыдта «æбуалгъ». Уый загъта, зæгъгæ, АИШ-ы паддзахадон секретарь  Энтони Блинкен «дзуры коррупцийы тыххæй, фæлæ ам тæрхонгæнджыты ныхмæ санкцитæ бакæныны уынаффæ йæхæдæг у коррупцийы миниуæг».

 «Тынг хъыг мын у, Блинкены кæй фæрæдийын кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æхсæвæй-бонæй Гуырдзыстоныл нæ хъуыды кæны. Фæлæ йын кæд æрбахæссынц ахæм зыгъуыммæ документ æмæ йыл кæд йæ къух æрфыссы, уæд уый тынг уæззау ситуаци у – уымы коррупцийыл дзурæг, – загъта Кобахидзе. – Æндæр гæнæн мын нæй, æмæ тынг карз аргъ кæнын АИШ-ы райсгæ уынаффæйæн, уымæн æмæ нын нæ паддзахадæн аргъ нæ кæнынц».

Уый комкоммæ æрсидт АИШ-ы разамынадмæ, цæмæй сæ уагахаст фæивой: «Немæ куыд æмбæлы, афтæ дзурут. Уый у нæ карз домæн. Мах уæ разы нæ иу къахыл лæууынмæ нæ хъавæм. Мах хъахъхъæндзыстæм нæ паддзахадон суверенитет æппæт фездæхæнты. Уый у нæ фидар ныхас».

Гуырдзыстоны парламенты сæрдары хæдивæг Арчил Талаквадзе схуыдта АИШ-ы уынаффæ бынтон зыгъуыммæ æмæ æнæбыхсинаг.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Илья Дарчиашвили арвыста Энтони Блинкенмæ фыстæг, цыран АИШ-ы паддзахадон департаменты санкцитæ цыппар гуырдзиаг тæр-хонгæнæджы ныхмæ хоны «бынтон æнæмбаргæ æмæ æнæфæразон».

«Ныфс нæ ис, АИШ кæнæ бæлвырдгæнæнтæ кæй бавдисдзæн, кæнæ йæ уынаффæ кæй фæивдзæн. Афтæ куы нæ уа, уæд Гуырдзыстоны паддзахад æмæ гуырдзиаг адæм АИШ-ы митæм кæсдзысты, куыд хæдбар паддзахады тæрхондон æмæ йæ мидхъуыддæгты гуымир æгъдауæй хи хæццæ кæныны цаумæ, нымайдзысты уый тыхбахастыл, æмæ уый стыр зиан æрхæсдзæн Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы бирæазон хæларадон ахастытæн», – фидарæй дзырдæуы фыстæджы мидæг.

Царциаты диссæгтæ, æвæдза! Гуырдзыстон афтæ æргомæй АИШ-ы ныхмæ  рацæуа? Æнахуыр уæндон цымæ цæй ныфсæй фестадысты зноны коммæгæстæ?

Ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, сусæг бадзырд сын ис Уæрæсеимæ, цæмæй бахъуаджы сахат Уæрæсе Гуырдзыстоны АИШ-ы знагиуæгон архайдæй бахъахъхъæна. Фæлæ ацы конспирологон хъуыдыты мидæг исты апп ис æви нæ, уый зын зæгъæн у.

Факт та уый мидæг ис, æмæ Америкæ йæхи бынтон æнæфсарм æмæ æнæгъдауæй æвдисын райдыдта йе ‘ввахсдæр хæлæрттимæ. Зæгъæм, Гуырдзыстон Америкæимæ хорз ахастыты сæраппонд быныхæлд ныккодта æнусон æфсымæрон ахастытæ йе ‘ввахсдæр сыхæгтæ æмæ историон хæлæрттимæ – Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсеимæ. Америкæ та бузныджы бæсты Гуырдзыстонæй домы, цæмæй йæ хъæбулты – гуырдзиаг фæсивæды, цъыбыртты сыгъд бакæна Уæрæсейы ныхмæ тугуарæн хæсты. Æмæ йын куы нæ сразы ис, уæд та йын йæ тæрхонгæнджытыл цъыф бакалдта æмæ сæ ныхмæ санкцитæ райста.

Бæрзонд æмвæзадыл сты сæ ахастытæ ацы дыууæ æмцæдисонæн, æвæдза!

Плиты  Инал,

политолог

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.