Бибылты Анатоли Республикæ Абхазмæ йæ балцы райдианы дидинджытæ сæвæрдта 1992-1993 азты Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты Хуссар Ирыстонæй фæмардуæвæг бархионты цыртыл.

Дидинджытæ сæвæрыны церемонийы ма хайад райстой Хуссар Ирыстоны делегацийы уæнгтæ, Республикæ Абхазы вице-президент Бадра Гунба, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Кове, Хуссар Ирыстонæй ветерантæ-бархионтæ.

Абхазаг-хуссарирыстойнаг ахастыты тыххæй, абхазаг журналистты фарстатæн дзуапп кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, бархионты сгуыхтдзинад, сæрибардзинады сæрыл иумæйаг тох дыууæ республикæйы ныры фæлтæрты хæсджын кæны кæрæдзийæн æххуыс кæнын, æппæт фадгуыты дæр ахастытæ аразыны фæдыл.

ФЫЦЦАГРАДОН ХÆС – ХЪАЙТАРТЫ НОМ ССАРЫН

РХИ-йы делегаци Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй Республикæ Абхазмæ æрцыд визитимæ Уæлахизы боны æмæ хæдбардзинады бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны тыххæй.

Визиты фæлгæтты план цæуынц Абхазы президентимæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы бадзырдтæ, афтæ ма дыууæ бæстæйы хицауадты уæнгты хайадистæй рауæрæхгонд сконды бадзырдтæ дæр.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды сты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим, Президенты уынаффæгæнæг Дмитрий Атрощенко.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.