Кусæгон балцы æрцыдысты Абхазы Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ сæ министр Вальтер Бутбайы сæргълæудæй. Бынаты сыл сæмбæлд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери æмæ ма ведомствойы къухдариуæгад. Уазджытимæ ма уыд Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Ӕххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан.

Министр йæ арфæйы раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, нæ адæмты æфсымæрон æмахастытæн историйы ис арф уидæгтæ.

«Кæд æмæ Цæгат Ирыстонимæ иу адæм стæм, уæд абхазæгты та нымайæм æфсымæрон нацийыл. Картæмæ куы æркæсæм, уæд бæлвырд у, не ‘хсæн кæй нæй арæнтæ – дард стæм кæрæдзимæ. Фæлæ нæ рагæй фæстæмæ уæддæр цыдæр иу кæны æмæ уый та ирдæй рабæрæг 90-æм азты хæццæ дуджы. Бирæ азты дæргъы нын иу хъысмæт кæй ис, иугъуызон проблемæтимæ кæй æмбæлдыстæм, уый нæ ноджы æнгом кодта. Ирон бархион хæстонтæ активон хайад истой Абхазы хæдбардзинад бахъахъхъæныны рæстæджыты æмæ махæй дæр рох нæу, 2004 азы Хуссар Ирыстонмæ куы æрцыдысты абхазаг бархион хæстонтæ, уый. Стыр бузныг уын зæгъын, рæстæг кæй ссардтат æмæ кæй æрцыдыстут нæ республикæмæ. Мах æнæмæнг ссардзыстæм, цæуыл аныхас кæнæм, уый», – загъта Гæззаты Валери.

Вальтер Бутба дæр раарфæ кодта фысымтæн ахæм рæдау райсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, нæм ис ахæм хорз ахаст æмæ сæхи уазæгуаты дæр нæ хатынц.

«Нæхи æнкъарæм, цыма нæ хæрз æфсымæрты ‘хсæн стæм, афтæ. Ӕмæ нæм ацы хъуыддаг диссаг дæр нæ фæкастис. Нæ æрыгон республикæты историйы ирдæй зыны, зындзинæдты æппынæдзух кæрæдзийы фарсмæ кæй уыдыстæм. Абоны бон нæ сæйраг хæс у, цæмæй цы æмахастытæ аразæм нæ министрадты ‘хсæн, уымæй пайда хæссæм нæ республикæтæн», – зæгъы Вальтер Бутба.

Абхазаг делегаци – Хуссар Ирыстоны

Хæстон æфсымæрад кæй фидар кæнынц æмæ ма Мидхъуыддæгты министрады хæстæ æххæст кæныны хъуыддагмæ егъау хайбавæрд кæй хæссынц, уый фæдыл Абхазы делегацийы минæвæрттæ хорзæхджын æрцыдысты ведомствойон майдантæй «За боевое содружество» æмæ «100 лет экспертно-криминалистической службе МВД РЮО». Бакодтой ма кæрæдзийæн зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

Кæронбæттæны уазджытæ æмæ Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад дидинтæ сæвæрдтой Ирыстоны Хъахъхъæнджыты мемориалон комплексы.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.