Дзауы поселочы фæбæрæг сты РХИ-йы физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турниры уæлахиздзау æмæ призертæ. Ерыстæ, кæцытæ уагъд цыдысты 5 боны дæргъы, рауадысты тынг цымыдисон. Уæлдай æндыгъддæр æмæ цымыдисондæр рауад финалон хъазт. Уым фембæлдысты горæты дыууæ гимназы командæтæ – «Рухс» æмæ «Альбион». Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ «Альбион»-ы хъазджытæ финалмæ цæугæйæ сæ кулдуары иу пурти дæр кæй нæ бауагътой. Фембæлды райдианы «Альбион»-ы ахуырдзаутæн бантыст хыгъд 1:0 скæнын. Фæлæ уымæй бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ гимнази «Рухс»-ы хъазджытæн бантыст дзуаппон пурти бакъуырын. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон та «Альбион»-æн бантыст ногæй хыгъды размæ рацæуын.  Фæлæ фембæлды дыккаг æмбисы «Рухс»-ы командæйæн ногæй бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Уый фæстæ ноджы фылдæр атакæ кодтой «Альбион»-ы хъазджытæ. Хъавыдысты уæлахизы пурти бакъуырынмæ. Фæлæ уæдмæ хъазты рæстæг фæцис. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ командæты бахъуыд пенальтиты сери сæххæст кæнын. Ам спортивон амонд бахудт «Альбион»-ы хъазджытæм æмæ систы ерысты уæлахиздзаутæ. Гимназ «Рухс» та ацыд дыккаг бынатыл. Турниры æртыккаг бынатыл та ацыд фыццæгæм скъолайы командæ. Ерысты хайадисджытæн спортивон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. «Бузныг мæ фæнды зæгъын Дзауы районы къухдариуæгадæн ахæм турниртæ кæй уадзынц, уый тыххæй. Тынг æхсызгон мын у Бежанты Зелимы хуызæн аккаг адæймæгты кæй нæ рох кæнæм. Арфæ кæнын ерысты хайадисджытæн иууылдæр ацы спортивон бæрæгбоны цытæн», – загъта уый.

Ерысты хайадисджытæн  ма раарфæ кодта æмæ командæты чи бацæттæ кодта, уыдонæн бузныг загъта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Ерысты уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой кубоктæ, майдантæ æмæ кады грамотæтæй.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы ма хайад райстой Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб, йæ хæдивæг Тыджыты Геннадий, спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин, Парламенты депутаттæ Хуыджеты Солтан æмæ Кокойты Валери, «РХИ-йы футболы федераци»-йы президент Джиоты Алан æмæ Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик.

Ерысты уæлахиздзау командæйæн  Бежанты Зелимы бинонты номæй йæ фырт Алан балæвар кодта спортивон формæйы комплект.

Лæвæрттæ ма райстой турниры хуыздæр хъазджытæ: дуаргæс Александр Гогинов (гимназ «Альбион»), хъахъхъæнæг Багаты Барсæг (гимназ «Рухс»), æрдæгхъахъхъæнæг Джиоты Инал (11-æм скъола), размæбырсæг Бежанты Владислав (1-æм скъола), хуыздæр бомбардир Гатыгкоты Тимур (гимназ «Альбион») æмæ хуыздæр хъазæг Тасойты Арсен (гимназ «Альбион»).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.