ФОНДЗ АЗЫ РАЗМÆ КЪУХТÆ ФЫСТ ÆРЦЫД  ПАДДЗАХАДОН АРÆНЫ ТЫХХÆЙ БАДЗЫРДЫЛ

2016 азы 29-æм сентябры Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста «Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны фæдыл Бадзырд сратификаци кæныны тыххæй» Федералон закъоныл. Федералон закъон райста УФ-йы Паддзахадон Думæ 2016 азы 15-æм апрелы æмæ йæ Федерацийы Совет хорзыл банымадта 2016 азы 20-æм апрелы.

Æхсæнпаддзахадон сразыдзинад  у базæйон документ, кæцы бæрæг кæны дыууæ бæстæйы ‘хсæн паддзахадон арæн, Уæрæсейы Федераци, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнтæ ныгуылæнæрдыгæй скæсæнæрдыгæй кæм иу кæнынц, æппæт йæ уыцы дæргъы.  Арæны бындурæн ист æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Советон Гуырдзыстоны ‘хсæн административон-территориалон арæн, кæцы уæвынад кодта, цалынмæ Советон Цæдис нæ ныппырх, уæдмæ, паддзахадон нормативон-барадон акттæ æмæ æмбæлон картографион æрмæджытæ бахынцгæйæ.

Паддзахадон арæн  паддзахадон нысанимæ

Дунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг Игорь Морозов уæд фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны тыххæй Бадзырд Паддзахадон Думæйы Уæлдæр палатæ кæй сратификаци кодта, уымæн ис стыр нысаниуæг æмæ йын саргъгæнæн ис, куыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æддагон знагæй бахъахъхъæнын, афтæ. «Сразыдзинад фадат ратдзæн республикæйы рæзтæн, йæ сыхæгты оккупацийæ нал тæрсдзысты, афтæмæй», – загъта сенатор.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.