Адæймаджы дохтыры сæр куыд хъæуы, афтæ йæ сæр хъæуы фосы дæр. Фосдард та хъæууон хæдзарады сæйрагдæр къабаз у. Æнæ фосдарды продукттæй нæ фынг нæ рафидаудзæн, нæ организм та нæ исдзæн, афтæ тынг æй чи хъæуынц, уыцы буарадты. Æмæ уыдон та цæмæй гъæдджын уой, нæ организмæн зиан нæ, фæлæ пайда хæссой, уый комкоммæ баст у, цы фос дарæм, уыдоны æнæ-низдзинадыл. Уымæн æмæ куыд адæймаг, афтæ фосмæ дæр æмхиц сты алыгъуызон низтæ æмæ сын фæхъæуы хос кæнын. Уымæ гæсгæ фæстаг рæстæджы хъæууон администрациты арæзт æрцыдысты ветеринарон фадгуытæ æмæ дзы цы ветеринарон дохтыртæ, фельдшертæ кусынц, уыдон зæрдæбынæй лæггад кæнынц канд фермерон хæдзарадты фосæн нæ, фæлæ цæрджыты фосæн дæр. Адæмы ‘хсæн ма баззадис ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ, медицинæ хос кæны адæймагадæн, ветеринар та хъахъхъæны адæймагады. Æмæ уæдæ æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, ветеринари комкоммæ кæй æндавы фосдарды рæзтыл, ифтонг кæны фосдарды хæрзгъæд продукттæй фæлхасгæнджыты. Ветеринарийы кусджытæй кæнгæ у продуктты æдасдзинад æмæ уый та нысан кæны, чи сæ пайда кæны, уыцы адæмы æнæниздзинад.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ республикæйы ветеринарон службæйы куыст советон дуджы æвæрд уыд æмбæлон æмвæзадыл. Раздæры хъæууонхæдзарадон техникум цæттæ кодта ветеринарон фельдшерты, ветеринарон дохтыры дæсныйад нæ фæсивæдæй бирæтæ истой Советон Цæдисы æндæр æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ цæттæ специалисттæй здæхтысты фæстæмæ сæ райгуырæн зæхмæ. Ам ардтой сæхицæн куыст – зæгъæн ис, алы хъæуы дæр дардтой фосдарды фермæ, цæрджытæ сæхæдæг дæр дардтой фос.

Биазырты Валодя дæр у, куыд æхсæнадон, афтæ хисæрмагонд фосы æнæниздзинадыл чи тох кæны, уыцы ветеринарон кусджытæй сæ иу. Уый ныр 47 азы бæрц æххæст кæны ацы хæрзиуæгон куыст.

Куыд алы хъæуккон, хæххон лæппу, афтæ Валодя дæр хæрзæвзонгæй райдыдта фосмæ цæуын, хæххон уыгæрдæнты сын зымæгмæ холлаг цæттæ кæнын. Уыцы уæззау, зын куыстытæй дарддæр ма Валодя йæ ныййарджытæн æххуыс кодта колхозы алыгъуызон куыстыты дæр. Сæ хъæу Котантойы, сæйраджыдæр, тыдтой картоф, сæ иумæйаг хæдзарады фосæн карстой хос. Цæрджытæ сæхæдæг дæр бирæ фос дардтой. Валодяйы фыд Хъасбол дæр дардта ставдкъах æмæ лыстæг фос – сæгътæ, фыстæ, хуытæ, хæдзарон мæргътæ. Æмæ-иу сæ фосæй исчи куы фæрынчын, уæд сæ дохтыр агурыны сæр нӕ хъуыд, Хъасбол йæхæдæг аудыдта сæ фосы æнæниздзинадыл. Галтæн йæхæдæг сагъта цæфхад дæр. Æмæ-иу Хъасбол рынчын фосы куы сгæрста, уæд ын-иу Валодя æдзынæг каст йæ архайдмæ, æххуыс ын кодта хъыбылтæ æрдузыны рæс-тæджы дæр. Æмæ уæд Валодя фидарæй аскъуыддзаг кодта, æнæмæнг кæй суыдзæнис фосы дохтыр.

Хъасбол канд фосы низтæ нæ фæлгъуыдта, фæлæ ма сæрибарæй æвæрдта адæймаджы онгсаст стæджытæ дæр. Валодя кæд къаннæг уыд, уæддæр хорз бахъуыды кодта, йæ хо Аннæ, йæ цонг хъазгæ-хъазын куы асаста. Чысыл чызг кæуынæй йæхи мардта, йæ рыст ын нæ урæдта. Уæд æй Хъасбол Чеселтмæ акодта цы хъæууон хосгæнæг дзы уыд, уымæ. Уый йын йæ къухы саст сраст кодта æмæ йын æй фидар бабаста. Фæлæ Хъасболы зæрдæмæ нæ фæцыд йе ‘вæрд, тæссаг уыд, къух къæдзæй куы баззадаид, уымæй. Æмæ хæдзармæ куы ссыдысты, уæд æй ногæй сыхæлдта æмæ стæджытæ йæхæдæг сраст кодта, афтæмæй йæ фидар ныббаста. Къух куыд æмбæлд, афтæ байгас æмæ абон дæр нæ рох кæны уыцы цау Валодя.

Фосмæ йæ уарзондзинад Валодяйæн кодта тыхджынæй тыхджындæр. Валодяйæн йæ фæнд скъуыддзаг уыд, кæй суыдзæнис фосы дохтыр, уый тыххæй. Йæ бæллиц та сæххæст, æфсады рæнхъыты баслужбæ кæныны фæстæ йæ ахуыр Цхинвалы хъæууон хæдзарады техникумы ветеринарон хайады куы адарддæр кодта, уæд. Райста ветеринар-фельдшеры дæсныйад æмæ уайтагъд кусын райдыдта Цъоны совхозы фадыгон фельдшерæй. Йæ бæрны цы хæххон хъæутæ уыдысты, уыдон кæд дæрддзæф уыдысты йæ райгуырæн хъæу Котантомæ, уæддæр зивæг никуы кодта æмæ зæфцы фыдæй куыд цæрджыты, афтæ æхсæнады фосыл дæр зиан никуы æрцыд. Фынддæс азы бæрц дзы бакуыста, стæй йæ куыст раивта Хъемултайы хъæусоветы-фельдшерон хайадмæ. Райгонд уыдис йæ куыстæй, райгонд дзы уыдысты, цы хъæуты цæрджыты фосы æнæниздзинадыл аудыдта, уыдон дæр. Фæлæ æрбалæууыдис уæззау дуг æмæ йӕ царды уавæртæ  фæкъуындæгдæр сты Валодяйæн дæр.

Бæргæ йӕ нæ фæндыд бирæ æндæр лæппутау йæ райгуырæн хъæу Котантойы ныууадзын, фæлæ дугивæнтæ кодта æмæ уыцы уылæнты бахауд уый дæр. Йæ кæстæртæ нырма æнахъом уыдысты æмæ сын йæ цардæмбал Цыбырты Риммæимæ фæзын фос дарын, хæдзары æппæт куыстытæ æххæст кæнын. Æрвыл хосгæрдæны дæр-иу ракодта зиу, æгæрыстæмæй-иу горæты цæрæг хиуæттæ, зонгæтæм дæр фæсидт, цæмæй-иу йе ‘нцой фæлæу-уыдаиккой æмæ йæ фосæн зымæгмæ фаг холлæгтæ æрцæттæ кодтаиккой.

Фæлæ фæстагмæ уæддæр Валодяйы бахъуыд йæ фыдæлты уæзæг ныууадзын æмæ æрцыд Цхинвалмæ. Йæ куыстыл йæ зæрдæ нæ ивта æмæ кусынмæ бацыд Цхинвалы районы ветеринарон хайадмæ кусынмæ. Ныртæккæ йæ бæрны сты Ортъеу, Чугут, Мармазет, Уанаты хъæуты цæрджыты фос. Арæх сæм ацæуы æмæ сын фæбæрæг кæны се ‘нæниздзинад. Бруцеллез хæцгæ низ кæй у, тæссаг кæй у адæймагæн дæр, уымæ гæсгæ сын сисы туджы анализтæ æмæ кæд йæ зæрдæ фехсайы, кæцыдæр стурмæ, уæд ын йæ хицæутты карзæй бафæдзæхсы.

Валодя куыд зæгъы, афтæмæй уыдон судзинтæ фосæн сарæзтой МКР, пастерелез, сыбыраг хæлмагниз, ящур, пироплазмос – джыбыты низы ныхмæ. Ацы аз тынг арæх уыдис ацы низ. Иу афæдзы размæ та тынг арæх уыдис дерматин, уый та ахæм низ у, æмæ фосы буар байдзаг вæййы бызычъитæй. Ацы низы аххосæй тынг бирæ зиæнттæ æрцыд фосы хицæуттыл.

«Ацы низ дæр тынг тæссаг у, фæлæ ветеринарон кусджытæ истой æппæт  мадзæлттæ дæр æмæ сын бантыст йе скуынæг кæнын. Фосы æнæниздзинадыл æнæмæнг хъæуы аудын, уымæн æмæ нæ адæм хъуамæ æдæрсгæйæ пайда кæной фосдарды продукттæй», – загъта йæ раныхасы кæрон Биазыры фырт.

Уæдæ йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ ауды Валодя фосы æнæниздзинадыл æмæ йæхæдæг дæр æнæнизæй цæрæд!

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.