Алкæцы горæты дæр ис бынæттæ, цыран адæм сæ фæллад суадзынц, атезгъо кæнынц, сывæллæтты ракæнынц сæхи аирхæфсынмæ. Бирæ азты дæргъы нæ горæты уыд æрмæст иу ахæм бынат – Ногдзауты парк æмæ уый дæр 2008 азы хæсты фæстиуæгæн раууатмæ æрцыд. Хæсты фæстæ æрæвнæлдтой Цхинвалы уынгтæ æндидзын кæнынмæ, уыимæ ма иумæ парктæ, сквертæ, аллеятæ дæр цалцæггонд цæуынц. Фыццаг рады уал арæзт æрцыд Ногдзауты парк, кæцы абоны бон æхцондзинад хæссы цæрджытæн. Кæд æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ электронон фонартæ, кæнæ бронкалæнтæ æмæ бандæттæ  цъæл æрцæуынц, уæддæр та сæ горæты администрацийы кусджытæ сцалцæг кæнынц.

2015-æм азы кæрон та цалцæггонд æрцыд Октябры уынг, кæцы тынг рафидауын кодта æнæхъæн горæты æмæ абоны бон дæр бынæттон цæрджытæн у сæ фæллад суадзын æмæ атезгъо кæныны бынат. Уынджы дæргъ у иу километры æмæ æрдæгæй фылдæр, ис дзы бæлæстæ сагъд æмæ сæйраджыдæр та, – бæлццæттæн тезгъо кæнынæн сæрмагонд фæндаг. Арæзт дзы æрцыдис ног бандæттæ, бронкалæнтæ æмæ электронон цырæгътæ. 2018 азы та дзы конд æрцыдысты баннертæ алыгъуызон хъæугæ историон информациимæ, кæцытæ йæ ноджы тынгдæр рафидауын кодтой.

Фæлæ, хъыгагæн, уыцы уынгыл цæугæйæ, нал фендзынæ раздæры рæсугъддзинад. Электронон цырæгъты фылдæр хай сты цъæл æмæ ма дзы чи аззадис, уыдонæй та стæмты йедтæмæ никæцыуал судзы. Æгæрыстæмæй ма сæ цæджындзтæ дæр уым нал сты. Стæй ма бронкалæнтæ дæр сты æдзæллаг уавæры, бирæтæ дзы сæ бынæтты дæр нал сты. Баннертæн сæ кой дæр нал ис, – баззадысты ма æрмæстдæр сæ каркастæ.

Ахæм нывтæ фенгæйæ, адæймаг æрæнкъард вæййы, сæрмæ æрцæуы алыгъуызон хъуыдытæ, – «уæдæ махæй æнæхафтдæр адæм нæй?». Фæлæ æндæр горæттæм куы акæсæм, уæд уым дæр хуыздæр уавæры не сты. Алы ран дæр хулигантæ сæ кæнон кæнынц æмæ стыр зиæнттæ æрхæссынц. Вандалтимæ æнæрлæугæйæ тох цæуы, фæлæ сын фылдæр хæттыты басæттæн нæ вæййы. Уымæ гæсгæ, фадат кæмæн ис, уыдон æнæмæнгæй сæвæрынц видеокамерæтæ æмæ уымæ гæсгæ бæрндзинадмæ æркæнынц фæткхалджыты.

Абоны бон видеокамерæ у иууыл эффективондæр метод вандалты ныхмæ тохы. Стæй ма архайын хъæуы, цæмæй электроны рухсытæ æмæ цæджындзтæ дæр уой фидар арæзт. Октябры уынгыл цалдæр видеокамерæ куы уыдаид æвæрд, уæд абон ахæм уавæры нæ уаид. Фæлæ алы хатт дæр ахæм фарстатæ аскъуыддзаг кæнын баст вæййы æхцайы фæрæзтимæ. Æмæ ныр къаддæр зиан баййæфтам?..

Фарон ма ноджы цалцæг æрцыд Хуыбылты Валерийы номыл парк, кæцыйы сцалцæг кæнынæн рахицæнгонд æрцыд дзæвгар æхцайы фæрæзтæ. Ацы паркмæ бацæугæйæ, адæймаджы зæрдæ барухс вæййы йæ рæсугъд арæзтæй, æхцондзинад хæссы алкæмæн дæр. Ног къахвæндæгтæ, аив арæзт бандæттæ æмæ бронкалæнтæ, стæй ма цалцæггонд æрцыд цад дæр. Йæ арæзтады гъæдмæ фау æрхæссæн нæй, фæлæ та ам дæр иу видеокамерæ дæр не ‘рцыд æвæрд. Горæты администрацийы куыд бамбарын кодтой, афтæмæй видеокамерæтæй парк сифтонг кæнынæн æхцайы фæрæзтæ  нæй  æмæ  уый та  мæгуырау  хъуыддаг у. Уымæн æмæ цалдæр азы фæстæ уыцы парк дæр уыдзæн, абоны бон Октябры уынг цахæм уавæры ис, ахæм хуызы.

Бирæтæ ацы хъуыддаджы фæаххосджын кæнынц милицийы кусджыты, ома, «кæдæм кæсынц?». Фæлæ фæткхалæджы куы ничи фена, видеокамерæйы фыст куы нæ æрцæуа, уæд милицийы кусæг «йе оны кæсы»?

Æрæджы ма Путины уынгыл, раздæр «Универмаг» кæм уыдис, уыцы бынаты арæзт æрцыдис рæсугъд орнаменттимæ арæзт сквер фонтанимæ. Фæлæ та, хъыгагæн, ам дæр нæй видеокамерæ.

Горæты ма хæрзарæзт æрцыдысты бæлццæттæн æхсæнадон транспорты æр-лæууæндонтæ. Фарон октябры мæйы Путины уынгыл хулигантæ ахæм æрлæууæндоны авг ацъæл кодтой æмæ фæткхалджыты ссарынæн стыр ахъаз фæцис æввахс уæвæг дуканийы видеокамерæ. Уыцы видеокамерæ куы нæ уыдаид, уæд абоны бон фæткхалджытæ æфхæрд нæ баййæфтаиккой.

Уæдæ цард размæ цæуы æмæ нырыккон дуджы видеокамерæтæ æвæрд куы нæ цæуой, уæд нæм фæткхалæн цаутæ бæрæг фылдæр уыдзысты, стæй ма бархалджытæ бæрндзинадмæ конд нæ цæудзысты. Чизоны бонæй-бонмæ нæ фæсивæды уагахаст дæр хуыздæр кæна, тæрсой æфхæрд баййафынæй, тезгъогæнæн бынæтты мауал нуазой карз нозтытæ æмæ мауал æнад кæной æхсæнадон цард.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.