«АЛАНИ» ХЪУАМÆ РАЗДÆХА УÆРÆСЕЙАГ ФУТБОЛЫ ЭЛИТÆМÆ

РЦИ-Аланийы физикон культуæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир фехъусын кодта, зæгъгæ, Дзæуджыхъæуы «Спартак»-ы ном ивд æрцыд «Алани»-мæ. «Абон, æцæгæйдæр, æрцыд цины цау: «Мах презентаци кæнæм ног футболон клуб «Алани»-йы номимæ. Уый у хисæрмагонд клуб, кæцыйы бындурæвæрæг ссис Гуыриаты Данил. Уый у клубы иунæг хицау æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, финансон æгъдауæй дæр æй ифтонг кæндзæн йæхæдæг. Футболистты сæйраг хай сты,  ивгъуыд сезоны «Спартак»-ы сконды хъазджытæ. Афтæ ма командæйы фæтыхджындæр кæндзысты ног футболисттæй. Мах иууылдæр æнхъæлмæ кастыстæм Цæгат Ирыстоны ногæй «Алани» кæд фæзындзæн, уымæ. Ацы клуб иу кæны алкæйы дæр: Футбол уарзджыты, республикæйы, адæмы. Ныфс мæ ис, уый æхцондзинад кæй хæсдзæн спортуарзджытæн æмæ кæй æмбырд кæндзæн йедзаг трибунæтæ», – фехъусын кодта Гæбулты Владимир.

Уый ма фехъусын кодта, зæгъгæ, профессионалон уæрæсейаг футболмæ фæстæмæ здæхы «Алани». Æмбæлон документтæ ныридæгæн нымад æрцыдысты хорзыл æмæ ног сезонмæ респу-бликæйы сæйраг командæ цæуы зæронд ног номимæ. Гæбулты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, клубы бюджет уыдзæн фаг, цæмæй скъуыддзаг цæуой иууыл серьезондæр хæстæ дыккаг дивизионы. Пресс-конференцийы журналисттæн базонгæ кодтой «Алани»-йы ног хицауы. Гуыриаты Данил у Красноярскаг металлургион магнаты фырт.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ «Алани»-мæ æрбацыд æр-мæстдæр патриотизмы æнкъарæнтæм гæсгæ, уымæн æмæ, дам, мын зын уыд нæ клуб цы бынæттæ ахста, уымæ кæсын. Ног хицауы фыццаградон проектты нымæцы ис тренировкæгæнæн æмæ футболон фæзуæттæ сæндидзын кæнын. «Алани»-йы бынат ис уæрæсейаг футболы элитæйы. Сараздзыстæм, цы гæнæн ис, уый, фæлæ нын цы рæстæгмæ рауайдзæн, уый нырма зын зæгъæн у», – банысан кодта уый.

Гæбулты Владимир куыд загъта, уымæ гæсгæ цалдæр азы фæстæ премьер-лигæмæ йæ рахызт, командæ,  гæнæн ис, банысан кæна ног аренæйы. Дзæуджыхъæуы 20-22 мин адæймаджы кæм цæуа, ахæм стадионы арæзтады тыххæй дарддæр дæр цæуынц баныхæстæ.

ХАЙАД РАЙСДЗЫСТЫ ДУНЕОН КУБОКЫ

Хуссарирыстойнаг цыппар файтеры хайад райсдзысты æмхæццæ æмбуархæстæй дунейы кубокы финалон этапы. Анапайы уагъдцæуæг æвзарæн турниры рæстæджы ирон спортсментæ рамбылдтой æртæ æвзист æмæ иу бронзæ майданы.  Александр Чеботарев бацахста дыккаг бынат 30 кг онг уæзы категорийы 10-11 аздзыд спортсменты къорды. Ерысты ма æвзист майдантæ рамбылдтой Бестауты Ацæмæз (36 кг онг уæзы категорийы) æмæ Бесаты Андрей (48 кг онг уæзы категорийы) 12-13 æмæ 14-15 аздзыд спортсменты къордты. Ноджы ма иу хуссарирыстойнаг спортсмен Алан Генгеури рамбылдта бронзæ майдан 48 кг онг уæзы категорийы 14-15 аздзыд спортсменты ‘хсæн.

«Турниры сæ тохты фæстиуджытæм гæсгæ нæ лæппутæ балцæгтæ райстой дунейы кубокмæ, кæцы уагъд цæудзæн Анапайы сентябры мæйы», – загъта    спортсменты тренер Хъуылымбегты Мамед. Августы мæйæ йæ хъомылгæ-нинæгтæ сæхи цæттæ кæнын райдайдзысты фæтыхджындæргонд режимы. Тренер банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг спортсментæ турниры хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы спонсорон æххуысы фæрцы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.