Нæ фыдæлтыккон царды уавæрты ахсджиаг бынат ахсынц алыгъуызон æгъдæуттæ æмæ фæткæвæрдтæ. Нæ фыдæлты æгъдæуттæ ивгæ цæуынц  фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æмæ нæ ахуыргæндтæ сæ сæйрагдæр хæсыл нымайынц, æввахс рæстæджы адæмæн сæ ныры цардмæ цавæр æгъдæуттæ хæццæ кæндзысты, ногæй сæм цы ‘фтаудзысты, уый раиртасын.

Хæдзарвæндаг цæмæй рæза, мыггагскъуыд цæмæй ма фæуа, ууыл уыд адæмæн сæ  сæй-рагдæр сагъæс,  сæ цотæн бинонты хъуыддаг кæнгæйæ. Уый бæрæгæй зыны, дыууæ уды  сæ цард баиугæнгæйæ сын сæ хистæртæ  цы арфæтæ фæкæнынц, уыдоныл. Зæнæгджын сылгоймаджы нымадтой хуыцауырдыгæй арфæгондыл, æнæ зæнæджы та – хуыцауы раз тæригъæдджыныл. Уæлдай тæхудиагдæр æмæ бæллиццагдæр патриархалон царды æууæлтæм гæсгæ уыд лæппуйы райгуырд, чызджы райгуырдыл ма-иу хъынцъым дæр бакодтой.

Ивгъуыд рæстæджыты  нымадтой, зæгъгæ, дам, кæвдæсы цы саби райгуыры, уый æвзыгъддæр вæййы, йе ‘нæниздзинад та фидардæр, цæргæ дæр уæдæ фылдæр фæкæны. Стæй ма æнхъæлцау сылгоймагæн  бинонты мидæг æфсæрммæ гæсгæ  кæвдæсы йæхи иннæтæй фæсвæд кæнын æнцондæр уыд. Ахæм сылгоймагæн-иу хæстæджытæ æмæ сыхæгтæ хастой хуынтæ, лæвæрттæ. Лæвæртты ‘хсæн стыр ахадындзинад уыд дзаумæт-тæн, лæвæрттой йын æвзист æхца, нæмыг, карчы айк,  бæмбæджы тæпп. Алы дзаума дæр сабийы фидæны цардыл исчердæм хъуамæ сахадыдтаид. Зæгъæм, нæмыг амыдта лæгдзинад æмæ фидар ныфс, æвзист – сыгъдæгдзинад æмæ исбон, айк – бирæ цот,  бæмбæг – фæлмæн æмæ рог цардвæндаг.

Кæд-иу лæппу райгуырд, уæд-иу йæ фыд сæ хæдзары кæрты сывæллæттæн реуагæнæн сарæзта, сыхæгты гыццыл чызджытæ-иу ыл хъазыдысты æмæ-иу Мады Майрæмы цыты зарджытæ зарыдысты. Ивгъуыд æнусы кæрон дæр ма  уыд ахæм æгъ-дау, æвгъæды бадæг сылгоймаджы-иу чи бабæрæг кодта, уый-иу хъуамæ æртæ хатты реуайыл ахеры кодтаид Хуыцау æмæ Мады Майрæмыл зарджытæ заргæйæ – зæнæг чи дæтты, уыцы дзуæртты  кадæн арæзт зарджытæ.

Ӕртæ-цыппар боны фæстæ ноггуырд сабийæн арæзтой авдæнбæттæнтæ. Сывæллæттимæ баст æгъдæуттæн ацы бæрæгбон уыд сæ ахсджиагдæртæй. Хицæн та уымæй кодта, æмæ дзы æрмæстдæр сылгоймæгтæ кæй архайдтой, Уыцы бон-иу ныййарæг мады йе ‘фсин æмæ æвгъæдгæс сылгоймаг кæвдæсæй  хæдзармæ ракодтой, æмæ-иу уæд ноггуырды авдæны бабастой.  Кæд авдæнбæттæнты  уазджыты буц кодтой, уæддæр-иу уыдон бирæ нæ уыдысты, уымæн æмæ авдæнбæт-тæн тынгдæр бинонты æмæ хæстæгдæр хиуæтты циндзинадыл нымад уыд.

Мад-иу дзæбæхдæр хатын куы райдыдта йæхи, уæд-иу Мады Майрæмы кувæндонмæ ацыдысты æмæ-иу ноггуырды ууыл ныффæдзæхстой, арфæтæ-иу ын фæкодтой, афтæмæй. Сылгоймæгтæ семæ хастой ахæм хуынтæ: æртæ уæливыхы,  къуымæл кæнæ æхсыры къус, дзæрна. Ӕнæмæнг сæм хъуамæ уыдаид   бæмбæг, айк, æфсæнæй конд дзаумæттæ. Мады Майрæмы кувæндоны бæласы бын-иу æвгъæдгæс ныййарæджы къухæй хуынтæ райста,  скуывта-иу æмæ  иу сæ уым ныууагъта. Къуымæл кæнæ-иу æхсыр та бæласы зæнгыл ауагъта, цæмæй сабийы мад æхсырджын уа, дзуарæй уый кургæйæ. Уый охыл ма-иу  мад хъуамæ дзæрна дæр иунæгæй бахордтаид. Саби, зæгъæм, чызг куы уыдаид, уæд та дзуары бын уагътой, бæмбæг, æнцойаг цард-иу ын куырдтой, цæмæй фидæны цотджын уа, кувæндоны цытджын бæласау къабузджын куыд уа, афтæ. Лæппуйы номыл та-иу æфсæн дзаума ныууагътой мысайнагæн æмæ-иу бакуывтой, цæмæй йе знæгтимæ тохы быдыры æдзухдæр хотыхджын куыд уа, уымæ.

Ирон адæммæ сывæллæттимæ баст æгъдæуттæ   иннæ сыхаг адæмтæй хицæн кодтой иу бæрæгбонæй – Кæхцгæнæнтæй. Фыццаг заман æй кодтой мадырвадæлты хæдзарæй лæппуйы фыды хæдзары, фæлæ ма абон дæр мады хæдзарырдыгæй æмбæлы хуынтæ ‘рхæссын, фæлхасы стыр хай  сæхимæ айсын. Иры кæмтты хорз зындгонд у ацы бæрæгбон, æрмæст йæ циндзинад чысыл фæкъахыр. Усгур фæсивæд зарæггæнгæ хæдзари-хæдзар нал зилынц, фарны хъилтæ дæр нал æхсынц.

Фæсивæд хæдзари-хæдзар цæуой, уый Иры фыдæлтыккон царды уыд æрмæстдæр ахæм иумæ-йаг бæрæгбонты. Уыцы хъилтæ амыдтой “царддæттæг бæлас”, рæзт æмæ куыстдæттæг тых. Кæхцгæнæнты циндзинады ахъаззагдæр уыдысты “Сойгæнæны” æгъдæуттæ æмæ зарджытæ.

Лæппуйыл-иу  иу аз сæххæст, зæгъгæ, уæд ын кодтой  “Афæдзы гуыл”. Хæдзары-иу зæххыл нымæт байтыдтой æмæ-иу сабийы алыварс сæвæрдтой хæцæнгарз, кусæнгæрзтæ, æвзалыгонд æхсидавы къæртт, чиныг, кæрдзын æмæ а.д. Йæ къухмæ цы систаид саби, уымæ гæсгæ йын йæ хъысмæт бæрæг кодтой. Ӕппæт ныййарджыты дæр фæндыд, цæмæй лæппуйæн йѐ ‘ргом хæцæнгарзмæ здæхт фæуа, уый. Уæд, дам, хъæбатыр æмæ лæгдзинадæй хайджын уыдзæн. Хæринаг систа, зæгъгæ, уæд та – фидæны фæныкгуыз  æмæ гуыдынхъус. Куыдфæстагмæ уыцы нысаниуæг ивгæ цыд: хæцæнгарз амыдта æфсæддон лæг, хæринаг – зæхкусæг, чиныг – ахуыргонд…

Лæппуйæн-иу  йе ‘ртæ азы йæхи куы фесты, уæд ын кодтой  “Цæуæггаг”. Уыцы бонмæ-иу сабийæн бахуыдтой лæджы бæрæгбоны фæлыст къахæй сæрмæ, суанг ма-иу ын хъазæн хъама дæр сарæз-той. Хистæртæ-иу бæрæгбонарæзт лæппуты Мады Майрæмы кувæндонмæ  акодтой. Бирæ адæм æмбырд кодтой уырдæм. Лæппутæ-иу ам хæрзбон загътой Мады Майрæмæн æмæ ныр та сæхи фæдзæхстой  Уастырджийыл, лæгты, æфсæддонты æмæ бæлццæтты цытджын дзуарыл.  Куывды сæйрагдæр хъуыддæгтæ-иу цыдысты Уастырджийы дзуары цур. Лæппутæн, дзуармæ цæугæйæ, сæ къухты хъуамæ уыдаид уадздзæгтæй фæлыст фæттæ. Зындгон куыд у, афтæмæй фат амыдта рæстдзæвины нысан. Хистæр-иу йæ куывды раарфæ кодта лæппутæн, сæхи къахæй дзуары бынмæ цæуынхъом кæй фесты, уый фæдыл. Фæдзæхста сæ Уастырджийыл æмæ сын ныстуан кодта, хистæртæн сæрыстыры хос кæстæртæ куыд уой. Хистæрты куывды фæстæ-иу лæппутæн сæ худтæ стыр арфæтимæ систой æмæ-иу сын сæ сæртæ згъæр даст ныккодтой. Ӕрмæстдæр-иу уæд бавæрдтой фæттæ дзуары мидæг – уый хуынд æрхъуын кæнын. Нырæй фæстæмæ лæппутæ нымад цыдысты æхсæны цæрджытыл.

Уыцы бон-иу фыццаг хатт лæппутæн ацаходыны бар радтой бæгæныйæ. Ахæм æгъдауы мидис амыдта, зæгъгæ, сабийæ хъуамæ ферох уа йæ мады  ‘хсыры ад æмæ  барджынæй  лæгыл нымад æрцæуа.

14-15 азы кары лæппу нымад цыд æцæг хъомылыл, уымæн æмæ-иу уæдмæ лæджы куыстытæ æххæст кодта. Кæй бахъомыл, уый дæр сæрмагондæй бæрæггонд цыд. Уыцы кары-иу лæппу кæд фыццаг хатт хосгæрстмæ раст кодта, уæд-иу ын йæ циныл цин кодтой, йæ кадæн ын-иу сфыхтой гуыдын. Гуыдынæн ма æрæджы  дæр ахсджиаг семиотикон ахадындзинад уыд. Уыцы бæрæнгбонмæ ма-иу лæппуйæн бахуыдтой ног сæрмагонд фæлыст дæр.

Лæппу ныр лæджы бындзæфхад кæй у, уый ма-иу хъуамæ сбæлвырд уыдаид хос кæрдгæйæ дæр – чи сæ сæрæндæр æмæ æвзыгъддæр у, йæ уис сæ раздæр чи ахæццæ кæндзæн, ууыл ерысы. Кæнæ та сæ бæрæг рæстæгмæ чи фылдæр ныккарстаид, уымæй дæр сын сæ лæгдзинад æвзæрстой. Ахæм фæлварæнтæ сын арæзтой уæззау куысты уæлхъус. Кæд фесгуыхтæ, уæд æцæгæй дæр дæ ног кары аккаг.

Афтæ у цыбыртæй, сывæллæттимæ баст æгъдæутты мидис æмæ ахадындзинад Ирмæ. Кæд æппæт æгъдæуттæ  абон æххæстгонд нал цæуынц, уæддæр сæ иуæй-иу хуызтæ цæрæццагдæр разындысты. Цард куыд ивы, адæмы зондахаст дæр афтæ ивгæ цæуы, фæлæ æдзух рæстырдæм дæр кæм рауайы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.