ГОМ ТУРНИР

Стъараполы уагъд æрцыд гом турнир «Спорт против наркотиков», зæгъгæ. Ерысты хайад райстой хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ дæр. Уыдонæн уыд хорз бæрæггæнæнтæ. Рамбылдтой æртæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ цыппар бронзæ майданы. Уæлахиздзаутæ систы Галуанты Арсæмæг, Собаты Сергей æмæ Пухаты Алан. Дыккаг бынатыл ацыдысты Пухаты Марат æмæ Бесаты Алан. Бронзæйон призертæ та систы Чилæхсаты Ибрагим, Цхуырбаты Дмитри, Галуанты Æхсæртæг æмæ Быценты Хетæг.

Спортсменты трненертæ сты Гæджиты Артур, Джиголаты Андрей æмæ Гæззаты Алан.

 

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 21-æм туры Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» 5:1 хыгъдæй рамбылдта чемпионаты лидертæй сæ иу – Мæскуыйы «Торпедо»-йы.

Ацы командæтæ ма ацы сезоны фембæлдысты 3-æм туры. Уæд 3:1 хыгъдæй уæлахиз бафтыд мæскуыйæгты къухты. Уый хынцгæйæ, алайнæгты фæндыд реванш райсын. Хъазты райдианæй йæ кæронмæ архайдтой активондæрæй. Стыр тыхтæй бырстой размæ. Уыцы тактикæйæн уыд хорз фæстиуджытæ. Хъазты фыццаг хай фæцис 3:0 хыгъдæй. Фыццаг пурти уал 24-æм минутыл бакъуырдта Хæдæрцаты Батраз. Чысыл фæстæдæр дыккаг бакъуырд пуртийы автор ссис Кобесты Давид. Дарддæр та 11-метрон цæфæй дубль сарæзта Хæдæрцаты Батраз. Фембæлды дыккаг æмбис дæр райдыдта алайнæгты атакæтæй. Бакъуырдтой ноджы дыууæ пуртийы. Расгуыхтысты Бутта Магомедов æмæ Ислам Машуков. Мæскуыйæгтæн бантыст æрмæстдæр иу пурти бакъуырын. Афтæмæй хъазт фæцис 5:1 хыгъдæй «Алани»-йы пайдайæн. Ацы уæлахизы фæрцы Ирыстоны сæйраг футболон командæ турнирон таблицæйы схызт 4-æм бынатмæ.

Радон туры 13-æм ноябры «Алани» Грознæйы фысымиуæг кæндзæн Красноярскы «Енисей»-æн.

 

ССИС ЕРЫСТЫ УÆЛАХИЗДЗАУ

Ирон богал Уалыты Чермен уæлахиздзау ссис 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ’хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Сербийы. Чермен хæцыд 74 кг уæзы категорийы. Финалмæ цæугæйæ уый фæуæлахиз Герман, Азербайджан, Македони æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттыл. Cæйраг тохы та йæ ныхмæлæууæг уыд ирайнаг хъæбысæйхæцæг Мохаммадсадех Фирузпурбандпея. Фембæлд рауад æндыгъд. Ирон спортсмен равдыста фидар удыхъæд æмæ йын бантыст 7:6 хыгъдæй рамбулын. Афтæмæй ссис ерысты уæлахиздзау.

Ирон богалтæй ма ноджы иу майдан рамбулын бантыст Хосонты Азæмæтæн. Уый иууыл уæззаудæр уæзы категорийы бацахста дыккаг бынат. Азæмæт хъахъхъæны Грецийы спортивон кад.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.