1-æм августæй 8-æм августмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фондз фæндагон-транспор-тон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой дыууæ адæймаджы – иу дзы уыд æнахъом сывæллон.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 352 фæткхалæн цауы. Уыдонæй авд уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

4-æм августы нæ горæты 8-æм июны уынджы 60-аздзыд цæрæг фехъусын кодта милицимæ, зæгъгæ, йæ хисæрмагонд хæдзары уæлхæдзары ссардта тæссаг предметтæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй дзы уыд дыууæ гранаты æмæ сæдæйæ фылдæр та хæдæхсты нæмгуытæ.

5-æм августы бонæй рынчындонмæ бахаудта горæты 13-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй æнæххæст кары сывæллон фæхъæстæ медикаменттæй.

7-æм августы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы 42-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг спайда кодта наркотикон буарад «метадон»-æй.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурæдтой 31-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцы спайда кодта наркотикон буарад марихуанайæ. Ацы æмбæстаг ма ныры онг дыууæ хатты конд æрцыд бæрндзинадмæ наркотиктæй спайда кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.