Зымæгон улæфты фæстæ райдыдта Национ футболон къорды чемпионат. Дзæуджыхъæуы командæ «Алани» уазæгуаты хъазыд Ивановойы «Текстильщик»-имæ. Алайнæгтæн бантыст стыр хыгъдæй рамбулын – 4:0. Хыгъд байгом фысымты хъазæджы автоголæй. Дарддæр расгуыхтысты Гуырцъыты Батраз, Хæдæрцаты Батраз æмæ Ислам Машуков.

Ацы уæлахизы фæстæ «Алани» æрæмбырд кодта 46 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ис цыппæрæм бынаты. Радон хъазт Ирыстоны сæйраг футболон командæ акæндзæн 12-æм марты «Олимп-Долгопрудный»-имæ.

***

Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг Хъамболаты Рус-лан йе спортивон карьерæ адарддæр кæндзæн командæ «Актобе»-йы. Уый тыххæй хъусын кæны казахстайнаг клубы пресс-службæ. Русланы раздæры командæ уыд Тулайы «Арсенал». Йæ карьерæйы рæстæджы уый хъазыд «Рубин», «Краснодар», «Локомотив», «Волгарь», «Нефтехимик» æмæ «Нижний Новгород»-ы. Фæхуыдтой-иу æй  Уæрæсейы æмбырдгонд командæмæ дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.