Ныртӕккӕ махӕн, ирон адӕмӕн иууыл хъыгагдӕр хъуамӕ уаид, ирон адæм дунемæ куы фæзындысты, уæдæй абонмæ нæ ныхас кæрæдзийыл кæй нæ бады, нӕ бон иу хъуыдымæ æрцæуын кæй нæу, иу æгъдау дихтæ кæй кæнӕм, иу уагыл хӕст кæй не стӕм, уый. Куыдфӕстагмӕ бынтон ныггæлиртæ стæм, кæй куыд фæнды, кӕмӕн куыд ӕнцондӕр у, афтæ амонынц ӕмӕ æххæст кæнынц ирон ӕгъдæуттæ.

Нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕн бынтондӕр чи ницыуал зоны, ахӕмтӕн сӕ фылдӕр хай, сӕхи раст кӕныны охыл фӕдзурынц ӕмӕ фӕхъаст кӕнынц, нӕй нӕм ирон ӕгъдӕутты тыххӕй чингуытӕ, зӕгъгӕ. Афтӕмӕй та ӕгӕр бирӕ дӕр сты уыцы чингуытӕ, фӕрсгӕ ӕмӕ сӕ зонгӕ нӕ кӕнынц, уый йедтӕмӕ! Æниу уыцы чингуыты хсӕн ахӕмтӕ ис, кӕцытӕ ирон ӕгъдæуттӕ базонынӕн ахъаз кӕныны бӕсты сты къуылымпыйы хос. Уымӕн ӕмӕ сӕ алы автор дæр йæхирдыгонау иртасы, нӕ рагфыдӕлтӕй нӕм чи ӕрхӕццӕ, уыцы фӕрныг ӕгъдӕутты. Иу чиныджы фыст ис, циндзинады фынгы хистæр хъуамæ скува кусарты базыгæй, дыккаг хистæр — æртæ фæрскæй, æртыккаг хистæр та — раззаг хуылфыдзаумæттæй. Иннæ чиныджы та æндæр автор бынтон æндæрхуызы фыссы ацы æгъдау: фыццаг хистæр скувы раззаг хуылфыдзаумæттæй, дыккаг — фæрскфизонæгæй, æртыккаг — базыгæй. Куыд уынæм, афтæмæй иу æгъдау æххæст кæнынц алыхуызон фæткыл. Уымæй автортæ адæмы ноджы хӕццӕ кæнынц, æмæ ныссуйтæ, ныдздзæгъæлтæ сты, кæцы æгъдау æххæст кæной, уый нал æмбарынц. Фыдæлтæй нын ахæм фæтк баззад. Циндзинады хъуамæ алы æгъдау дæр æххæстгонд цæуа æнæкъайæ: æртæ кæрдзыны, æртæ нуазæны, æртæ фæрсчы, зианы та — къæйттæй: дыууæ кæрдзыны, дыууæ нуазæны, дыууæ фæрсчы. Иуæй-иу автортæ зианы фынгыл хистӕры раз æвæрын кæнынц æртæ кæрдзыны — цы не ’мбæлы, ахæм æгъдау.

Зианы фынгыл дæр æртæ кæрдзыны чи æвæрын кæны, уыдон ма дзуапп радтæд: уӕд ма нæ хистæртæ афтæ цæмæн фæкувынц, нæ дыууæ кæрдзыны æртæ кæрдзынæй куыд раивæм, зæгъгæ?

Чиныг зонындзинæдты суадон у, фæзæгъынц, суадон та у рæсугъд æмæ сыгъдæг. Чиныджы дæрзæг рæдыдтытæ фыст куы æрцæуы, уæд уый суадон нæу, фæлæ цъымарадон. Диссаг у, нæ буц фысджытæй иуæй-иутæ исты æгъдауы тыххæй куы фæфыссынц, уæд ыл рагагъоммæ цæуылнæ ахъуыды кæнынц, сæ архайд раст у æви нæ, адæмы зæрдæмæ фæцæудзæн æви нæ, ууыл? Иуæй-иу хистæртæ амонынц: æртæ кæрдзыны æвæрд цæуынц фынгыл, сæ уæллаг Хуыцауы номыл, дыккаг — Хуры тыххæй, æртыккаг — Зæххы номыл. Æмæ сæ афтæмæй æвæрын кæнынц зианы фынгыл дæр. Хистæр Хуыцауы ном куы ссары, уæд уæллаг кæрдзын сисынц æмæ йæ дæлдæр адæттынц. Стæй дыккаг рæгъæн хистæр ныххæлар кæны, цы дыууæ кæрдзыны ма дзы баззад, уыдон. Фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы уый, æмæ зианы фынгыл хистæр кувгæ нæ фæкæны, фæлæ фæдзæхсгæ. Кувгæ фæкæнынц æртæ кæрдзыны цины рæстæг, зианы та дыууæ кæрдзынæй хистæр бафæдзæхсы хæдзары бинонты, къабæзты, сыхбæсты Стыр Хуыцауыл, цæмæй сыл зиан мауал æрцæуа, уый тыххæй. Цы дыууæ кæрдзыны ныххæлар кæны хистæр, уыдонæй иу вæййы Хуры номыл æвæрд. Зианыл та йæ хур аныгуылд æмæ йæм ницыуал бар дары, уæд ма йын æй куыд хæлар кæнынц, цы ахъаз ын хъуамæ бакæна? Исчи зæгъдзæн, æртæ кæрдзынæй уæд айсæн ис астæуккаг, Хуры номыл кæй æвæрынц, уый. Æмæ уæд фынгыл баззайдзысты дыууæ кæрдзыны Хуыцау æмæ Зæххы номыл. Ам Хуыцауы номыл цы кæрдзын баззад, уый хæларгæнæн нæй, уый кувын хъæуы. Уымæ гæсгæ æртæ кæрдзыны зианы фынгыл æвæргæ не сты. Æркæсæм ма лæмбынæг иннæ вариантмæ, æртæ кæрдзыны Хур, Дон æмæ Зæххы номыл конд куы æрцæуынц, уæд. Адæймагыл адзалы бон куы акæны, уæд ыл йæ Хур аныгуылы æмæ йæ хъомысæй æнæхай фæвæййы. Баззайы ма Дон æмæ Зæххы æвджид. Уый тыххæй зианы фынгыл æвæрынц дыууæ кæрдзыны. Донæй мар-дæн хæлар кæнынц, зæхх та — фæлдисгæ. Ам алцыдæр йæ бынаты ис, ныхмæ æвæрдæй дзы ницы ис, æмæ хорз уаид, куы нал æй дзырддаг кæниккам.

Нæ фыдæлтæ кæд ахуырдзинадæй ифтонг нæ уыдысты, уæддæр уыдысты зондджын æмæ дардмæ уынæг. Сæ алы æгъдауы дæр, сæ алы фæзылды дæр æвæрд ис стыр мидис, кæцытæ абон мах, куыд æмбæлы, афтæ нал æмбарæм. Зианæн дон кӕй ныххæлар кæнынц, уый хуымæтæджы нæу, ам æвидигæ хъуыды æвæрд ис. Дон у царды хос, æнæ донæй фæцæрæн нæй, нæдӕр адæмæн, нæдӕр цæрæгойтæн æмæ зайæгойтæн. Цы уæлдæфæй улæфæм, уый дæр нын доны фæрцы ис. Æмæ донæн аккаг аргъ кæнын кæй нæ фæразæм, уый у адæмы æнæр-хъуыдыдзинад, не стыр рæдыд у. Æнӕхъуаджы нӕ баззад ахæм ныхæстæ: «Доны дзуæртты хорзæх нæ уæд», «Донарæхæн — уæ цард».

Адæймаг йæ мæлæты къахыл куы ныллæууы, уæд ма йӕ уд исгӕйӕ бацагуры дон, æмæ дон куы баназы, уæд йæ адзал ссары. Дины уырнынадмæ гæсгæ, адæймаг йе ’цæг дунемæ куы ацæуы, уæд, дам, уым дæр цæргæ фæкæны, фæ-зæгъынц, æрмæст æндæр царды фæткыл. Æмæ йын уымæн фæхæлар кæнынц, цы йын æрцæттæ кæнынц, уыдон, цæмæй йæ раз афтид ма уа, сæрд ын æмбигæ ма кæной, зымæг — сæлгæ. Нозтытæй та йын дон сæрмагондæй ныххæлар кæнынц, уый нуазгæ нæ бакæнынц, фæлæ йæм цæмæй мæрдты бæстæм фæхæццæ уа, уый тыххæй йæ сыгъдæг ран, къахвæд кæм нæ хæццæ кæны, зæгъæм, бæласы бын, йе та къулрæбын фæкъул кæнынц. Раджы заманы-иу ацы бæрнон хæс бабар кодтой æнæлæг сылгоймагæн, сыгъдæг кæй у, уый тыххæй, цæмæй Барастыры бæстæм зианмæ аив æмæ æнæ чъизийæ фæ-хæццæ уа. Ныр та куыд у? Мардӕн цы дон ныхӕллар кӕнынц, уый баззайы фынгыл ӕмӕ йӕ, фынг чи фефснайы, уыдон сӕ къӕхты бынмӕ акалынц. Иу дзырдӕй, кӕд ма нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕй истытӕ ӕххӕст кӕнӕм, уӕддӕр сӕ фылдӕр — ӕнӕгъдауӕй. Æххӕст сӕ кӕнӕм, сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ сӕ ӕх-хӕст кӕнын кӕй хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.