УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Ирон спортсменкæ Кæсæбиты Алинæ ссис горæт Уфайы уагъдцæуæг 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы хъæбысæйхæцджыты ‘хсæн дунейы чемпионаты уæлахиздзау. Уый 62 кг уæзы категорийы архайгæйæ, æнцонтæй фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытæй алкæуыл дæр. Фыццаг уал 12:2 хыгъдæй рамбылдта Эвербийæ æмæ америкæйаг спортсменкæ Корин Блэйдсæй,   бразилиаг Мейриела Сантос Хорайы. Дарддæр 10:0 хыгъдтæй тыхджындæр уыд Норвегийы минæвар Виктория

Финалы Кæсæбиты Алинæйы ныхмæлæууæг уыд Индийы командæйы уæнг Деви Санжу. Уый дæр ирон хъæбысæйхæцæг рамбылдта æмгъуыдæй раздæр -10:0.

 

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 7-æм туры фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд «Велес»-имæ. Хъазты хæдразмæ алайнæгты сæйраг хъахъхъæнæг райста травмæ æмæ йæ бæсты хъазтмæ рахызт Багаты Алан. Фембæлды райдиан алайнæгтæн рауад тынг æвзæр. Фыццаг минутыл «Велес»-ы сконды хъазæг ирон футболон скъолайы хъомылгæнинаг Кертанты Константин пурти смидæг кодта «Алани»-йы кулдуары. Уымæй æххæст дыууæ минуты  дæр нæ рацыд, афтæмæй фысымтæн бантыст дыккаг пурти дæр бакъуырын æмæ хыгъд ссис 2:0. Уазджыты командæйы сæйраг тренер Гогниты Спар-такы бахъуыд хъазтмæ ивындзинæдтæ бахæссын. Алайнæгтæ райдыдтой стыр тыхтæй размæ бырсын. 19-æм минутыл «Велес»-ы хъахъхъæнæг йæ командæйы иварон фæзы сфæлдæхта «Алани»-йы размæбырсæг Абу-Саид Эльдарушевы æмæ тæрхонгæнæг снысан кодта 11-метрон цæф. Пенальти хорз сæххæст кодта Хосонты Хетæг. 53-æм минутыл та Эль-дарушев расгуыхт йæхæдæг æмæ хыгъд скодта 2:2. Дарддæр дыууæ командæйæн дæр уыд хорз гæнæнтæ хыгъды размæ рахизынæн. Фæлæ сæ не спайда кодтой æмæ афтæмæй хъазт фæцис æмдыхæй.

Радон туры «Алани» 29-æм августы фембæлдзæн Ивановойы «Текстильщик»-имæ. Уæрæсейы Кубок Бетситийы фæлгæт-ты та 25-æм августы уазæгуаты ахъаздзæн Махачкалайы «Легион-Динамо»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.