Сылгоймæгты дунеон боны цытæн Президент Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта нæ республикæйы цардархайды алы фадыджы кусæг сылгоймæгты.

Паддзахады сæргълæууæг арфæ ракодта адæймагады уæздан хайæн ацы хъарм æмæ зæрдæбын бæрæгбоны – уалдзæджы бæрæгбон æмæ сылгоймæгтæм уæлдай хъусдард цы бон здæхт цæуы, уый цытæн. Банысан кодта, нæ республикæйы цардархайды алы фадыджы дæр кæй архайынц æмæ сæ къухы кæй æфты хорз æнтыстытæ. Сымах, зæгъгæ, стут фæлмæн адæм, фæлæ уыцы-иу рæстæг уæ куыстмæ ахасты фидар удыхъæдимæ.

«Æз кæддæриддæр рæгъмæ хæссын куысты уæвæг проблемæтæ – ахуыргæнджыты – кæцытæ арт кодтой сугæй, ахуыргæнджытæ – кæцытæ сæ æвæджиаг куыст æххæст кодтой æнæадæймагадон уавæрты. Мæныл дис æфтауы сылгоймæгты фидар удыхъæд, кæцытæ сæ фыртты хæстмæ æрвыстой Фыдыбæстæ бахъахъхъæныны охыл. Æмæ уыцы зындзинæдтæ фæрæзтой, уымæн æмæ сымахæн æгæрон уарзондзинад ис уыцы цардмæ, кæцы цард дæттут уæхæдæг. Сымахæн ис стыр зæрдæ, кæцыйы лæвар кæнут уæ сывæллæттæн», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ноджыдæр арфæ ракодта мадзалы хайадисджытæн, нæ республикæйы адæмы хæрзæбонæн цы куыст кæнынц, уый фæдыл.

«Сымах руаджы æмæ сымах фæрцы нæлгоймæгтæ тындзынц царды æнтыстытæм. Уæт уын æнтыстытæ æмæ хъæлдзæгдзинад уæ царды,  хъæлдзæг мидбылхудт ут кæддæриддæр. Сылгоймаджы амондæй хайджын ут ноджыдæр!» – дзырдта уый.

Уый фæстæ паддзахадон бæрзонд хорзæхтæй:  майдантæ, Кадджын грамотæтæ, Кадджын нæмттæ æмæ арфæйы фыстæджытæй хорзæхджын æрцыдысты 68 сылгоймаджы.

«Афтæ куы уыдаид, æмæ Сылгоймæгты дунеон бон нæ фæзынд, уæддæр мах хæсджын уыдаиккам, цæмæй йæ æрхъуыды кодтаиккам. Уымæн æмæ сылгоймаг махæн у царды райдиан æмæ йæ дарддæргæнæг. Уымæ гæсгæ мах бузныг стæм сылгоймагæй, цы цард нын лæвар кæны, уый тыххæй, йæ аудындзинады тыххæй æмæ нæ цардмæ хорзæй цы хæссут, уый тыххæй», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Бæстæйы сæргълæууæг ноджыдæр арфæ ракодта адæймагады уæздан хайæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны цардархайды алы фадыджы дæр чи фæллой кæны, уыдонæн. Йæ цæст сын бауарзта сабырад, хæларзæрдæдзинад, уарзондзинад æмæ амондджын цард. Уыимæ иумæ ма сын бакодта лæвæрттæ æмæ бæрæгбоны символ – дидинджытæ.

Ацы цытджын мадзалы ма хайад райста нæ бæстæйы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Уый дæр ацы нысаниуæгджын бон арфæтæ ракодта уæздан сылгоймæгтæн, сылгоймаджы амонд бауарзта æрмæст мадзалы хайадисджытæн нæ, фæлæ зæххы къорийыл алы сылгоймаг-мадæн, хойæн, æнатæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.