Ацы аз CONIFA-йы эгидæйы бын Европæйы чемпионат уагъд æрцæудзæн Францы Ниццайы 3-12 июны. Уым хайад райсдзæн Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ дæр. Æдæппæтæй чемпионаты сæйраг призыл тох кæндзысты 12 командæйы. Уыдон дихгонд сты 4 дæлкъордыл. Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ бахаудта къорд «С»-мæ. Йемæ ма ам хъаздзысты нæ республикæйæн хæларадон бæстæ Арцах æмæ Корнуолл, кæцы ис Английы сконды. Арцахы цæры 120 мин адæймаджы. Корнуоллы та – 515 мин адæймаджы.

Европæйы чемпионат ма фæстаг хатт уагъд æрцыд 2019 азы. Уæдæй фæстæмæ коронавирусы аххосæй ерыстæ уагъд нал æрцыдысты. Æртæ азы размæ чемпионат уагъд цыд Арцахы. Уæд йæ уæлахиздзау ссис Хуссар Ирыстоны командæ. Финалон хъазты ирон футболисттæ фæуæлахиз сты Хурныгуылæйнаг Сомихстоныл 1:0 хыгъдæй.

Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ CONIFA-йы эгидæйы бын турниры фыццаг хатт хайад райста 2014 азы. Уæд шведаг горæт Эстерсунды уагъд æрцыд дунейы чемпионат. 2017 азы та Хуссар Ирыстоны командæ ерыс кодта Цæгат Кипры уагъдцæуæг Европæйы чемпионат рамбулыныл.

***

 

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» дарддæр дæр Турчы йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы Национ футболон къорды чемпионаты дыккаг хаймæ. Алайнæгтæ туркаг Белекы акодтой радон хæларадон хъæзтытæ. Нырма 2:2 хыгъдæй ахъазыдысты Мæскуыйы «Динамо»-имæ. Ацы хъазты дзæуджыхъæуккаг командæйы сконды расгуыхтысты Хæдæрцаты Батраз æмæ Даниил Григорьев. Фæстæдæр та «Алани» 1:1 хыгъдæй ахъазыд латвиаг РФШ-имæ. Ам та ирон клубы гол бакъуырдта Гуырцъыты Батраз.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.